Матфей 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЙесо ӕмӕ сабат 1 Иу сабаты Йесо фӕцӕйцыди хоры хуымтыл. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сыстонг сты, райдыдтой ӕфсиртӕ тонын ӕмӕ хӕрын. 2 Фарисейтӕ уый куы федтой, уӕд Йесойӕн загътой: «Кӕс-ма, Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, сабаты цы не ’мбӕлы, уый кӕнынц». 3 Йесо сын дзуапп радта: «Давид, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр куы сыстонг сты, уӕд цы бакодта, уый тыххӕй нӕ кастыстут, ӕви? 4 Бацыди Хуыцауы хӕдзармӕ ӕмӕ хордта, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн дӕр хӕрӕн кӕй нӕ уыди, уыцы нывонды дзултӕй — уыдонӕй ӕрмӕст сауджынтӕн хӕрын ӕмбӕлыд. 5 Науӕд Моисейы Ӕгъдауы нӕ кастыстут, алы сабаты дӕр сауджынтӕ, Кувӕндоны кусгӕйӕ, сабаты фӕтк кӕй халынц, фӕлӕ сын уый азымыл нымад кӕй нӕу? 6 Зӕгъын уын, ам ис, Кувӕндонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый. 7 „Нывонд Мӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ уарзӕгой зӕрдӕ“ — ацы ныхасӕн йӕ мидис куы ӕмбариккат, уӕд ӕназымты зылынджын нӕ кодтаиккат. 8 Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт сабатӕн йӕ Хицау у». Цӕнкуыл сдзӕбӕх 9 Йесо уырдыгӕй куы рацыд, уӕд баздӕхти синагогӕмӕ. 10 Уым уыдис, йӕ къух кӕмӕн бахуыскъ ис, ахӕм адӕймаг. Ӕмӕ фарисейтӕ, цӕмӕй Йӕ истӕмӕй фӕазымджын кӕной, уый тыххӕй Йесойы бафарстой: «Сабаты рынчынты дзӕбӕх кӕнын ӕмбӕлы ӕви нӕ?» 11 Уый сын загъта: «Искӕмӕ уӕ иу фыс куы уа ӕмӕ йын сабаты уӕрмы куы ныххауа, уӕд ӕй уырдыгӕй не сласдзӕн, ӕви? 12 Адӕймаг та цас зынаргъдӕр у фысӕй! Уӕдӕ сабаты хорздзинад аразын ӕмбӕлы». 13 Ӕмӕ уыцы лӕгӕн загъта: «Дӕ къух-ма Мӕм ӕрбадар». Уый Йӕм йӕ къух бадардта, ӕмӕ йын адзӕбӕх ис, йӕ иннӕ къухы хуызӕн сси. 14 Уӕд фарисейтӕ рацыдысты уырдыгӕй ӕмӕ уынаффӕтӕ кодтой, Йесойы цы амалӕй амарой, уый тыххӕй. Фӕлӕ сын Йесо сӕ фӕнд базыдта ӕмӕ Йӕхи айста уырдыгӕй. Хуыцауы ӕвзӕрст Лӕггадгӕнӕг 15 Йӕ фӕдыл рацыди бирӕ адӕм, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта, 16 фӕлӕ сын карзӕй фӕдзӕхста, цӕмӕй Йӕ кой ма кӕной. 17 Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпар Исайайы уылты цы загъдӕуыди, уый: 18 «Мӕнӕ Мӕ уарзон Лӕггадгӕнӕг — Кӕй сӕвзӕрстон ӕмӕ Кӕуыл аудын, Уый. Мӕ Удӕй Йӕ схайджын кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмтӕн Мӕ раст тӕрхон фехъусын кӕндзӕни. 19 Быцӕу ӕмӕ хъӕр нӕ кӕндзӕн, Йӕ хъӕлӕс Ын ничи фехъусдзӕни уынгты. 20 Хъӕзы фаст зӕнг не ’рбасӕтдзӕн ӕмӕ ахуыссынӕввонг цырагъ нӕ бамынӕг кӕндзӕн, цалынмӕ раст тӕрхонӕн уӕлахиз ӕрхӕсса, уӕдмӕ. 21 Ӕмӕ адӕмтӕ сӕ зӕрдӕ дардзысты Йӕ номыл». Йесо ӕмӕ Веелзевул 22 Уӕд Йесомӕ ӕрбакодтой, цӕстӕй чи нӕ уыдта ӕмӕ ӕгомыг чи уыд, ахӕм хӕйрӕджджыны. Йесо йӕ сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ ӕгомыг райдыдта дзурын, цӕстӕй дӕр суыдта. 23 Адӕм иууылдӕр дис кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Уый ӕцӕг Давиды байзӕддаг ма уа?» 24 Фарисейтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд загътой: «Уый, бӕлвырд, дӕлимонты се ’лдар Веелзевулы хъаруйӕ суры». 25 Йесо сын сӕ хъуыдытӕ зыдта ӕмӕ загъта: «Кӕцыфӕнды паддзахад дӕр куы ныддихтӕ уа ӕмӕ йӕ адӕм кӕрӕдзимӕ кӕрдтӕ куы сисой, уӕд федзӕрӕг уыдзӕн; кӕцыфӕнды сахар кӕнӕ хӕдзар куы ныддихтӕ уа ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ куы суой, уӕд уыцы сахар фесӕфдзӕн, хӕдзары дӕр бинонтӕн сӕ цард фехӕлдзӕн. 26 Уӕдӕ кӕд сайтан сайтаны суры, уӕд йӕхӕдӕг йӕхи ныхмӕ тох кӕны. Ӕмӕ афтӕмӕй цасы фаг суыдзӕни йӕ паддзахад? 27 Кӕд Ӕз дӕлимонты Веелзевулы хъаруйӕ сурын, уӕд сӕ уӕ фӕдонтӕ та кӕй хъаруйӕ сурынц? Уӕдӕ уын уыдон тӕрхонгӕнӕг уыдзысты. 28 Фӕлӕ кӕд Ӕз Хуыцауы Уды хъаруйӕ сурын дӕлимонты, уӕд уый, Хуыцауы Паддзахад уӕм кӕй ӕрхӕццӕ ис, ууыл дзурӕг у. 29 Кӕй бон бауыдзӕн тыхджыны хӕдзармӕ бацӕуын ӕмӕ йын йӕ фӕллӕйттӕ рахӕссын, раздӕр уал ын йӕхи куынӕ сбӕтта, уӕд? Ӕрмӕст ын уӕд бантысдзӕни хӕдзар сафтид кӕнын. 30 Мемӕ чи нӕй, уый Мӕ ныхмӕ у, ӕмӕ Мемӕ чи не ’мбырд кӕны, уый сафгӕ кӕны. 31 Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: цыфӕнды тӕригъӕд ӕмӕ фауӕн ныхас дӕр адӕймагӕн хатыргонд уыдзысты, фӕлӕ фауӕн ныхас Сыгъдӕг Уды ныхмӕ нӕ уыдзӕни хатыргонд. 32 Исчи Адӕймаджы Фырты куы рафауа, уӕд ын хатыргонд уыдзӕни, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды чи рафауа, уымӕн хатыр нӕ уыдзӕни нӕдӕр ацы, нӕдӕр фидӕны дунейы. 33 Бӕласӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дыргъ дӕр кӕнӕ хорзыл банымайут, кӕнӕ ӕвзӕрыл, уымӕн ӕмӕ бӕлас бӕрӕг вӕййы йӕ дыргъӕй. 34 Калмы цот! Фыдзӕрдӕ уӕвгӕйӕ, уӕ бон хорзӕй исты зӕгъын куыд хъуамӕ уа? Уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ цӕмӕй дзаг у, йе ’взагӕй дӕр уый рацӕуы. 35 Хорз адӕймаг йӕ хорздзинады къӕбицӕй хорзӕх рахӕссы, фыдзӕрдӕ адӕймаг та фыддзинады къӕбицӕй рахӕссы фыдӕх. 36 Зӕгъын уын: сӕ алы ӕнӕрхъуыды ныхасы тыххӕй дӕр адӕм Тӕрхоны Бон дзуапп ратдзысты. 37 Дӕ ныхӕстӕ дӕ кӕнӕ сраст кӕндзысты, кӕнӕ дын уыдзысты тӕрхонгӕнӕг». 38 Уӕд динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕй чидӕртӕ Йесойӕн загътой: «Ахуыргӕнӕг, исты ӕвдисӕйнаг нын куы фенын кӕнис, уый нӕ фӕнды». 39 Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыцы хӕлд фӕлтӕр ӕвдисӕйнаг домынц, фӕлӕ Ионӕ-пехуымпары диссагӕй уӕлдай ницы диссаг фендзысты. 40 Уымӕн ӕмӕ Ионӕ стыр кӕсаджы хуылфы ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы куыд фӕци, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы уыдзӕни зӕххы арфы. 41 Ниневиӕгтӕ Тӕрхоны Бон мӕрдтӕй растдзысты ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ базылын кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтой Ионӕйы пехуымпар ныхасӕй. Ныр та ам ис, Ионӕйӕ уӕлдӕр Чи у, Уый. 42 Хуссары ус-паддзах Тӕрхоны Бон растдзӕн ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ базылын кӕндзӕни, уымӕн ӕмӕ уый зӕххы кӕронӕй ӕрбацыд Соломоны уӕлзондмӕ байхъусынмӕ. Ныр та ам ис, Соломонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый. 43 Ӕнӕзӕгъинаг адӕймагӕй куы рацӕуы, уӕд ӕнӕдон рӕтты ӕнцой агурӕг фӕзилы, фӕлӕ йӕ не ссары. 44 Уӕд фӕзӕгъы: „Аздӕхон фӕстӕмӕ, цы хӕдзарӕй рацыдтӕн, уырдӕм“. Ӕмӕ куы ӕрыздӕхы, уӕд дзы никӕй баййафы, хӕрзмарзт ӕмӕ йӕ хӕрзӕфснайдӕй ссары. 45 Уӕд ацӕуы ӕмӕ йемӕ ӕркӕны ӕндӕр авд ӕнӕзӕгъинаджы, йӕхицӕй фыддӕрты, бацӕуынц уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц. Ӕмӕ уыцы адӕймаг бахауы, раздӕр цы уыди, уымӕй ноджы фыддӕр уавӕры. Ацы фыдзӕрдӕ фӕлтӕрӕн дӕр сӕ хабар раст афтӕ уыдзӕн». Йесойы ӕцӕг бинонтӕ 46 Йесо адӕмимӕ куы дзырдта, уӕд Йӕ мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ та лӕууыдысты дуармӕ, уыдоны дӕр фӕндыди Йемӕ аныхас кӕнын. 47 Ӕмӕ Йын чидӕр загъта: «Дӕ мад ӕмӕ Де ’фсымӕртӕ ӕдде лӕууынц, Демӕ сӕ ныхас кӕнын фӕнды». 48 Йесо йӕ бафарста: «Чи у Мӕ мад, ӕмӕ чи сты Ме ’фсымӕртӕ?» 49 Ӕмӕ къухӕй ацамыдта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм: «Мӕнӕ сты Мӕ мад ӕмӕ Ме ’фсымӕртӕ. 50 Уымӕн ӕмӕ, Мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у Мӕнӕн Ме ’фсымӕр, Мӕ хо ӕмӕ Мӕ мад». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia