Матфей 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЙесойы хӕдзарвӕндаг 1 Мӕнӕ Йесо Чырыстийы — Авраам ӕмӕ Давиды байзӕддаджы — хӕдзарвӕндаг. 2 Авраамӕй райгуырд Исаак, Исаакӕй — Йаков, Йаковӕй — Иудӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ; 3 Иудӕйӕн Тамарӕй райгуырдысты Парец ӕмӕ Зарах. Парецӕй райгуырд Есром, Есромӕй — Арам; 4 Арамӕй райгуырд Аминадав, Аминадавӕй — Нахшон; Нахшонӕй — Салмон; 5 Салмонӕн Рахавӕй райгуырд Боаз, Боазӕн Руфӕй — Овед, Оведӕй райгуырд Йессей; 6 Йессейӕ райгуырди паддзах Давид, Давидӕн Уриайы усӕй — Соломон; 7 Соломонӕй райгуырди Роховам, Роховамӕй — Авийа; Авийайӕ — Асаф; 8 Асафӕй райгуырд Иосафат, Иосафатӕй — Иорам; Иорамӕй — Озиа; 9 Озиайӕ райгуырд Йотам, Йотамӕй — Ахаз; Ахазӕй — Езекиа; 10 Езекиайӕ райгуырди Менассиа, Менассиайӕ — Амон, Амонӕй — Иосиа; 11 Иосиайӕ райгуырдысты Йехониа ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ. Уый уыдис Вавилоны размӕ. 12 Вавилоны фӕстӕ Йехониайӕ райгуырди Шеалтиел, Шеалтиелӕй — Зоровавел; 13 Зоровавелӕй райгуырд Авиуд, Авиудӕй — Елиаким, Елиакимӕй — Азор; 14 Азорӕй райгуырди Цадок; Цадокӕй — Ахим, Ахимӕй — Элиуд; 15 Элиудӕй райгуырд Елеазар; Елеазарӕй — Матфан, Матфанӕй — Йаков; 16 Йаковӕй райгуырди Мариайы мой Йосиф; Мариа ныййардта, Чырысти Кӕй хонынц, уыцы Йесойы. 17 Уӕдӕ Авраамӕй Давиды онг ӕдӕппӕтӕй уыди цыппӕрдӕс фӕлтӕры; Давидӕй Вавилонмӕ хаст ӕрцӕуыны онг дӕр — цыппӕрдӕс фӕлтӕры; ӕмӕ Вавилоны заманӕй Чырыстийы онг дӕр — цыппӕрдӕс фӕлтӕры. Йесойы райгуырд 18 Йесо Чырыстийы райгуырд уыдис афтӕ. Йӕ мад Мариа ма куырдуаты бадти, Йосифимӕ нӕма баиу сты, афтӕмӕй рабӕрӕг ис, Мариа Сыгъдӕг Уды хъомысӕй ӕнхъӕлцау кӕй у, уый. 19 Йӕ мойаг Йосифы, раст адӕймаг куыд уыди, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕндыди Мариайы адӕмы цӕсты бафтауын ӕмӕ хъавыди, се ’хсӕн цы фидыд уыд, уый ӕнӕ иу ӕвдисӕнӕй фехалын. 20 Ахӕм хъуыды йӕм куы сӕвзӕрди, уӕд ӕм фыны Хуыцауы зӕд раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Давиды байзӕддаг Йосиф! Ма тӕрс дӕ усаг Мариайы хӕдзармӕ ӕрхонынӕй, уымӕн ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы бын кӕй хӕссы, Уый йын Сыгъдӕг Удӕй у. 21 Ныййардзӕни дын Фырт ӕмӕ Йӕ схондзынӕ Йесо, уымӕн ӕмӕ Уый Йӕ адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзын кӕндзӕн». 22 Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уа, Хуыцау пехуымпары дзыхӕй цы фехъусын кодта, уый: 23 «Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ ныййардзӕн Фырт, схондзысты Йӕ Эммануил», ома «Хуыцау немӕ ис». 24 Йосиф куы райхъал ис, уӕд, Хуыцауы зӕд ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодта — Мариайы йӕхицӕн усӕн ӕрхуыдта. 25 Ӕмӕ йӕм ӕмгӕрон не ’рцыд, афтӕмӕй Мариа ныййардта Фырт, ӕмӕ Йӕ Йосиф схуыдта Йесо. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia