Марк 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Загъта ма сын: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад хъомысджынӕй ӕрцӕугӕ феной, уӕдмӕ». Йесо Йӕ хуыз аивта 2 Ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо Йемӕ рахуыдта Петр, Йаков ӕмӕ Иоанны, скодта сӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ уым уыдысты хибарӕй. Сӕ разы Йӕ хуыз аивта. 3 Йӕ дарӕс сӕрттывта ӕмӕ Йын митау урс-урсид фестади — зӕххыл иу адӕймагӕн дӕр хъуымац афтӕ сурс кӕнын йӕ бон нӕ бауыдзӕн. 4 Фӕзындысты Илийа ӕмӕ Моисей ӕмӕ ныхас кодтой Йесоимӕ. 5 Уӕд Петр загъта Йесойӕн: «Равви, мӕнӕ нын цы хорз у ам! Цӕй ӕмӕ ацы ран ӕртӕ халагъуды скӕнӕм: иу — Дӕуӕн, иу — Моисейӕн, иу — Илийайӕн». 6 Уымӕн ӕмӕ, цы загътаид, уый нӕ зыдта — афтӕ тынг фӕтарстысты. 7 Уалынмӕ фӕзындис ӕврагъ, ӕрӕмбӕрзта сӕ, ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти: «Ай Мӕ уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм». 8 Ӕмӕ ӕваст сӕ алыварс куы акастысты, уӕд дзы Йесойы йеддӕмӕ никӕйуал федтой. Ахуыргӕнинӕгты фарст Илийайы тыххӕй 9 Хохӕй куы ’рцӕйцыдысты, уӕд сын Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй, цы федтой, уый, цалынмӕ Адӕймаджы Фырт мӕрдтӕй райгас уа, уӕдмӕ макӕмӕн радзурой. 10 Йесойы фӕдзӕхст сӕ зӕрдыл бадардтой, фӕлӕ кӕрӕдзийы фарстой, «мӕрдтӕй райгас уӕвын» цы амоны, зӕгъгӕ. 11 Ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Уӕдӕ динамонджытӕ афтӕ цӕмӕн дзурынц, Чырыстийы размӕ уал, дам, Илийа хъуамӕ ӕрцӕуа?» 12 Йесо сын дзуапп радта: «Раст у, раздӕр хъуамӕ Илийа ӕрцӕуа ӕмӕ ӕппӕт дӕр банывыл кӕна. Сыгъдӕг Фысты уӕдӕ афтӕ загъд цӕмӕн ис, Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бирӕ удхӕрттӕ бавзара ӕмӕ хынджылӕггаг суа, зӕгъгӕ? 13 Фӕлӕ уын зӕгъын: Илийа дӕр ныридӕгӕн ӕрцыдис, ӕмӕ сӕ цы фӕндыди, уый йын бакодтой, фыст куыд ис, афтӕ». Суртӕгӕнаг ӕнахъом лӕппу сдзӕбӕх 14 Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕм куы ӕрыздӕхтысты, уӕд сын сӕ алыварс ӕрӕййӕфтой бирӕ адӕм, стӕй динамонджыты — семӕ цӕуылдӕр быцӕу кодтой. 15 Адӕм Йесойы куы ауыдтой, уӕд иууылдӕр стыр дисы бафтыдысты, Йӕ размӕ згъордтой ӕмӕ Йын салам лӕвӕрдтой. 16 Йесо сӕ бафарста: «Цӕуыл у уӕ быцӕу?» 17 Адӕмӕй Йын иу дзуапп радта: «Ахуыргӕнӕг, ӕз Дӕм ӕрбакодтон мӕ фырты, ӕнӕзӕгъинаг ӕй багомыг кодта. 18 Кӕм ӕй ӕрцахсы, уым ӕй зӕххыл ныццӕвы, ӕмӕ лӕппуйӕн йӕ комы фынк акӕлы, йӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс ссӕуы ӕмӕ фӕсур вӕййы. Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загътон, цӕмӕй дӕлимоны расурой, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци». 19 Йесо дзуапп радта: «Ӕнӕуырнӕг фӕлтӕр! Цас ма уыдзынӕн уемӕ? Кӕдмӕ ма уын быхсдзынӕн? Ӕрбакӕнут Мӕм ӕй». 20 Ӕмӕ Йӕм ӕй ӕрбакодтой. Дӕлимон куыддӕр Йесойы ауыдта, афтӕ лӕппуйы йӕ гӕндзӕхтӕ цӕгъдыныл бафтыдта; лӕппу зӕххыл адӕргъ ис ӕмӕ, йӕ комы фынк калгӕйӕ, ратул-батул кодта. 21 Уӕд ын Йесо йӕ фыды бафарста: «Рагӕй афтӕ у?» Уый Йын дзуапп радта: «Йӕ чысылӕй нырмӕ. 22 Дӕлимон ӕй бирӕ хӕттыты хъавыди фесафынмӕ: куы арты, куы та йӕ доны ӕппӕрста. Фӕлӕ кӕд Дӕ бон исты саразын у, уӕд нын фӕтӕригъӕд кӕн ӕмӕ нын баххуыс кӕн». 23 Йесо йын загъта: «Кӕд Дӕ бон у, зӕгъыс? Чи ӕууӕнды, уымӕн йӕ бон алцыдӕр у». 24 Уӕд лӕппуйы фыд [цӕссыгкалгӕ] уыциу хъӕр фӕкодта: «Уырны мӕ! Кӕд мӕ уырнындзинад фидар нӕу, уӕд мын ыл бафтау». 25 Йесо адӕмы ӕрбацӕйзгъоргӕ куы федта, уӕд ӕнӕзӕгъинагӕн карзӕй загъта: «Ӕгомыг ӕмӕ къуырма уд! Ӕз дын бардзырд дӕттын: рахиз дзы ӕмӕ йӕ мидӕг макуыуал бацу». 26 Уӕд дӕлимон ныцъцъӕхахст кодта, тынг ныууыгъта лӕппуйы ӕмӕ дзы рацыди. Лӕппу мардау фӕцис, ӕмӕ бирӕтӕ фенхъӕлдтой, удӕгас нал у, зӕгъгӕ. 27 Фӕлӕ йын Йесо йӕ къухыл ныххӕцыд, рабадын ӕй кодта, ӕмӕ лӕппу сыстади. 28 Йесо хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд Ӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хибарӕй бафарстой: «Дӕлимоны расурын мах бон цӕуылнӕ баци?» 29 Йесо сын загъта: «Адоны мыггагӕн ӕрмӕстдӕр кувын ӕмӕ ком дарыны фӕрцы ис фӕсурӕн». Йесо та ногӕй дзуры Йӕ мӕлӕт ӕмӕ Йӕ райгасы тыххӕй 30 Рацыдысты уырдыгӕй ӕмӕ сӕ фӕндаг акодтой Галилейыл. Йесойы нӕ фӕндыди, цӕмӕй, уым кӕй ис, уый исчи базона. 31 Уымӕн ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмбарын кодта ӕмӕ сын дзырдта: «Адӕймаджы Фырты ратдзысты адӕмы къухтӕм, амардзысты Йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн». 32 Фӕлӕ Йын уыдон нӕ бамбӕрстой Йӕ ныхӕстӕ, бафӕрсын та Йӕ нӕ уӕндыдысты. Ӕцӕг стырад 33 Ӕрцыдысты Капернауммӕ. Хӕдзары куы уыдысты, уӕд сӕ Йесо бафарста: «Фӕндагыл та цӕуыл дзырдтат?» 34 Уыдон ныхъхъус сты, уымӕн ӕмӕ фӕндагыл фӕбыцӕу сты, уӕлдӕр сӕ чи у, уый фӕдыл. 35 Уӕд Йесо ӕрбадти, дыууадӕсмӕ дӕр фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Фыццаг уӕвын кӕй фӕнды, уый уӕд ӕппӕты фӕстаг ӕмӕ лӕггад кӕнӕд алкӕмӕн дӕр». 36 Стӕй сын сӕ размӕ ӕрбахуыдта сывӕллоны, ӕрбахъӕбыс ӕй кодта ӕмӕ сын загъта: 37 «Ахӕм сабитӕй иуы дӕр Мӕн тыххӕй чи суазӕг кӕна, уый Мӕн суазӕг кӕндзӕн; Мӕн чи суазӕг кӕна, уый та — Мӕ Рарвитӕджы». Нӕ ныхмӕ чи нӕу, уый нӕ фарс у 38 Уӕд Ын Иоанн афтӕ зӕгъы: «Ахуыргӕнӕг, мах федтам, Дӕ номӕй дӕлимонты чи суры, иу ахӕм адӕймаджы ӕмӕ йын карзӕй загътам, цӕмӕй афтӕ мауал кӕна, уымӕн ӕмӕ уый махӕй нӕу». 39 Йесо йын дзуапп радта: «Ма йӕ хъыгдарут. Мӕ номӕй диссаг чи равдиса, уый ӕваст Мӕ фыдгой кӕнынмӕ нӕ фӕуыдзӕн. 40 Нӕ ныхмӕ чи нӕу, уый нӕ фарс у. 41 Чырыстийы кӕй стут, уый тыххӕй уын доны къус чи бадӕтта, уый, ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын, ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй нӕ баззайдзӕн. Сар йӕ сӕр, адӕмы тӕригъӕды чи ӕппары, уымӕн 42 Фӕлӕ ацы кӕстӕртӕй — Мӕныл ӕууӕндджытӕй — иуы дӕр тӕригъӕды чи баппара, уымӕн йӕ бӕрзӕйыл куыройы фыд куы ӕрцауындзиккой ӕмӕ йӕ денджызмӕ куы баппариккой, уӕд ын хуыздӕр уаид. 43 Дӕ къух дӕ рӕдийын кӕны, — ралыг ӕй кӕн: хуыздӕр дын у уӕнгхъуагӕй цӕрын, цӕйнӕфӕлтау дыууӕ къухимӕ зындоны ӕнӕхуысгӕ арты бахауай. 44 [Уым сӕ къуыдыргалм нӕ мӕлы, ӕмӕ дзы арт нӕ хуыссы.] 45 Дӕ къах дӕ рӕдийын кӕны, — ралыг ӕй кӕн: хуыздӕр дын у уӕнгхъуагӕй цӕрын, цӕйнӕфӕлтау дыууӕ къахимӕ зындонмӕ бахауай. 46 [Уым сӕ къуыдыргалм нӕ мӕлы, ӕмӕ дзы арт нӕ хуыссы.] 47 Дӕ цӕст дӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд ӕй фелвас: хуыздӕр дын у иу цӕстимӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын, цӕйнӕфӕлтау дыууӕ цӕстимӕ зындоны арты бахауай. 48 [Уым сӕ къуыдыргалм нӕ мӕлы, ӕмӕ дзы арт нӕ хуыссы.] 49 Уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕн хаст нывонд цӕххӕй куыд ссыгъдӕг кӕнынц, афтӕ алчидӕр арты фӕрцы сыгъдӕггонд ӕрцӕудзӕни. 50 Цӕхх хорз у, фӕлӕ йӕ тых куы фесӕфа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Ӕдзӕхх ма ут ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрут». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia