Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Марк 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Цыппар мин лӕджы бафсадыны хабар

1 Иу рӕстӕджы ногӕй бирӕ адӕм куы ӕрӕмбырд ис ӕмӕ та, цы бахӕрой, уый сын куы нӕ уыд, уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта:

2 «Ацы адӕм ныр ӕртӕ боны дӕргъы Мемӕ сты, ӕмӕ сӕм хӕринаг ницы ис. Тӕригъӕд сты афтӕмӕй.

3 Сӕ хӕдзӕрттӕм сӕ ӕххормагӕй куы ауадзон, уӕд фӕндагыл бастайдзысты, уымӕн ӕмӕ дзы бирӕтӕ дардӕй ӕрбацыдысты».

4 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Ацы ӕдзӕрӕг ран сӕ бафсадыны фаг дзул чи самал кӕндзӕн?»

5 Йесо сӕ бафарста: «Цал дзулы уӕм ис?» Уыдон Ын загътой: «Авд».

6 Уӕд Йесо адӕмы ӕрбадын кодта зӕххыл, райста авд дзулы, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, ӕрсаста сӕ ӕмӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ адӕмыл байуарой. Уыдон сӕ байуӕрстой.

7 Уыди ма сӕм цалдӕр гыццыл кӕсаджы дӕр. Йесо Хуыцауӕн раарфӕ кодта, ӕмӕ та уыдон дӕр байуӕрстой.

8 Адӕм бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Хӕрды уӕлдӕйттӕй байдзаг ис авд чыргъӕды.

9 Хӕргӕ чи кодта, уыдон та уыдысты цыппар мины бӕрц. Йесо сӕ афӕндараст кодта,

10 стӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уайтагъд бӕлӕгъмӕ бахызти ӕмӕ Далмануфы зӕхмӕ абалц кодта.


Фарисейты домӕн

11 Ӕрбацыдысты фарисейтӕ ӕмӕ Йемӕ быцӕу кӕнын райдыдтой. Йӕ бафӕлварыны тыххӕй Дзы домдтой, уӕларвӕй нын ӕвдисӕйнаг равдис, зӕгъгӕ.

12 Йесо арф ныуулӕфыдис ӕмӕ загъта: «Ацы фӕлтӕр ӕвдисӕйнаг цӕмӕн домы? Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр ницы ӕвдисӕйнаг фендзӕни».

13 Уыйадыл сӕ ныууагъта, фӕстӕмӕ бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ араст ис денджызы иннӕ фарсмӕ.


Мӕнгахуырӕдтӕй хи хъахъхъӕнын

14 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй семӕ хӕринаг райсын айрох ис; бӕлӕгъы сӕм иу дзул йеддӕмӕ ницы уыд.

15 Йесо та сын фӕдзӕхста: «Хъусут, уӕхи хъахъхъӕнут фарисейты, стӕй Ироды ӕнхъизӕнӕй».

16 Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой, дзул нӕм кӕй нӕй, уый кой кӕны, зӕгъгӕ.

17 Йесо сӕ бамбӕрста ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн дзурут, дзул уӕм кӕй нӕй, уый тыххӕй? Ау, нырмӕ дӕр ӕй нӕма зонут ӕмӕ не ’мбарут? Нырмӕ дӕр уӕ зӕрдӕтӕ ӕхгӕд сты?

18 Цӕстытӕ уыл куы ис, уӕд нӕ уынут? Хъустӕ уыл куы ис, уӕд нӕ хъусут? Уӕ зӕрдыл нал лӕууы, ӕви:

19 Ӕз фондз дзулы фондз мин лӕгыл куы байуӕрстон, уӕд ма уӕлдӕйттӕй цал чыргъӕды байдзаг кодтат?» Загътой Йын: «Дыууадӕс».

20 «Цыппар мин лӕгыл авд дзулы куы байуӕрстон, уӕд та уӕлдӕйттӕй цал чыргъӕды байдзаг кодтат?» Дзуапп Ын радтой: «Авд».

21 Уӕд сын загъта: «Ау, ныр дӕр ма йӕ не ’мбарут?»


Вифсаидӕйаг куырм цӕстӕй ракасти

22 Бахӕццӕ сты Вифсаидӕмӕ. Йесомӕ ӕрбакодтой иу куырмы ӕмӕ Дзы куырдтой, цӕмӕй йыл андзӕва.

23 Йесо ныххӕцыди куырмы къухыл, ракодта йӕ хъӕуӕй, йӕ цӕстытыл ын батутӕ кодта, Йӕ къухтӕ йыл авӕрдта ӕмӕ йӕ, исты уыны ӕви нӕ, уымӕй бафарста.

24 Уый акаст ӕмӕ загъта: «Уынын адӕмы, цыма бӕлӕстӕ змӕлынц, уыйау».

25 Уӕд та йын дыккаг хатт йӕ цӕстытыл авӕрдта Йӕ къухтӕ, куырм та ногӕй акаст ӕмӕ уыйадыл адзӕбӕх ис, хорз уынын райдыдта.

26 Йесо йӕ арвыста йӕ хӕдзармӕ ӕмӕ йын ныффӕдзӕхста: «Хъӕумӕ ма бацу [ӕмӕ ацы хабар хъӕуы макӕмӕн радзур]».


Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕстӕй суыдтой

27 Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ фӕцӕйцыди Филиппы бӕстӕм, Кесарийы алфамбылай хъӕутӕм. Ӕмӕ сӕ фӕндагыл бафарста: «Цы дзурынц адӕм Мӕн тыххӕй? Кӕуыл Мӕ нымайынц?»

28 Уыдон Ын загътой: «Иутӕ — Аргъауӕг Иоанныл, иннӕтӕ — Илийайыл, аннӕтӕ та — пехуымпартӕй иуыл».

29 Йесо сӕ бафарста: «Сымах та Мӕ кӕуыл нымайут?» Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дӕ».

30 Уӕд сын ныффӕдзӕхста, Мӕн тыххӕй макӕмӕн дзурут, зӕгъгӕ.


Йесойы ныхас Йӕ мӕлӕт ӕмӕ Йӕ райгасы тыххӕй

31 Ӕмӕ сын райдыдта ӕмбарын кӕнын: Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара, адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕй ӕфхӕрд райса, стӕй йӕ амарой ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уа.

32 Уыдӕттӕ сын дзырдта ӕргомӕй. Уӕд Ӕй Петр иуварс акодта ӕмӕ Йын уайдзӕфтӕ кӕнын райдыдта.

33 Йесо разылди, бакаст Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ Петрӕн тызмӕгӕй загъта: «Фесӕф Мӕ цурӕй, сайтан! Дӕ хъуыдытӕ, Хуыцауы фӕндон цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ адӕймаджы фӕндоныл сты».


Йесойы ахуыргӕнинаг уӕвын цы нысан кӕны?

34 Йесо фӕдзырдта адӕммӕ ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, ӕмӕ сын загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл.

35 Уымӕн ӕмӕ йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕн; йӕ цард Мӕ сӕраппонд ӕмӕ Фарны Уацы сӕраппонд чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн.

36 Адӕймаг дуне ӕгасӕй дӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у?

37 Кӕнӕ, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй йӕм цы разындзӕнис?

38 Ацы ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджын фӕлтӕры раз, Мӕн кӕй зоны ӕмӕ мӕ ныхӕстыл Кӕй ӕууӕнды, уый ӕгад кӕмӕ фӕкӕса, уымӕй „мӕ ахуыргӕнинаг у“ зӕгъын Адӕймаджы Фыртмӕ дӕр ӕгад фӕкӕсдзӕн, Йӕ Фыды кадимӕ куы ’рцӕуа сыгъдӕг зӕдтимӕ, уӕд».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan