Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Марк 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Назареты синагогӕйы

1 Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уырдыгӕй рацыд ӕмӕ Йӕ сахармӕ ӕрбацыди.

2 Сабат куы ралӕууыд, уӕд синагогӕйы амонын райдыдта. Бирӕ адӕм Ӕм хъуыста, ӕмӕ иууылдӕр дисгӕнгӕ дзырдтой: «Ӕппӕт уыдӕттӕ кӕцӕй зоны? Уагӕры Йын цавӕр уӕлзонд рардӕуыди? Куыд у Йӕ бон ахӕм диссӕгтӕ аразын?

3 Хъӕддӕсны нӕу, мыййаг, Мариайы фырт? Йаков, Йосеф, Иудӕ ӕмӕ Симоны ӕфсымӕр нӕу? Йӕ хотӕ дӕр ам, не ’хсӕн, не сты, ӕви?» Ӕмӕ Йыл сӕхи атигъ кодтой.

4 Йесо сын загъта: «Пехуымпар йӕ фыдыбӕстӕ, йӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ йӕ хӕдзарӕй дарддӕр ӕгад никуы вӕййы».

5 Ӕмӕ уым Йӕ бон иу диссаг саразын дӕр нӕ уыд; ӕрмӕст цалдӕр рынчыныл Йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ сӕ сдзӕбӕх кодта.

6 Диссаг Ӕм каст, кӕй ницы сӕ уырны, уый. Йесо зылди хӕстӕг хъӕутыл ӕмӕ ахуыр кодта адӕмы.


Йесо Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы ӕрвиты пехуымпариуӕг кӕнынмӕ

7 Йесо фӕсидти Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сӕ дыгӕйттӕй адӕмы ахуыр кӕнынмӕ ӕрвитын райдыдта, ӕнӕзӕгъинӕгты сурыны тых сын радта

8 ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Лӕдзӕгӕй дарддӕр мацы райсут уемӕ фӕндагмӕ — нӕдӕр хойраг, нӕдӕр хордзен, нӕдӕр ӕхца уӕ роны.

9 Уӕ къахыл хуымӕтӕг дзабыртӕ скӕнут, фӕстауӕрцӕн дарӕс ма райсут уемӕ».

10 Загъта ма сын: «Цы хӕдзары-иу ӕрфысым кӕнат, уым-иу баззайут, цалынмӕ уыцы сахарӕй нӕ рацӕуат, уӕдмӕ.

11 Кӕм уӕ не суазӕг кӕной ӕмӕ уӕм кӕм нӕ байхъусой, уырдыгӕй-иу куы рацӕйцӕуат, уӕд та-иу уӕ къӕхты рыг ацӕгъдут — азымджын кӕй сты, уый ӕвдисӕнӕн».

12 Ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ адӕммӕ сидтысты, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕной.

13 Бирӕ дӕлимонтӕ-иу расырдтой, бирӕ рынчынты оливӕйы сойӕ сӕрстой ӕмӕ сӕ дзӕбӕх кодтой.


Аргъауӕг Иоанны мӕлӕт

14 Уыцы хабӕрттӕ паддзах Ироды хъустыл дӕр ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ алы ран дӕр Йесойы кой кодтой. Иутӕ дзырдтой: «Уый Аргъауӕг Иоанн мӕрдтӕй растад ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ дӕр уымӕн аразы».

15 Иннӕтӕ дзырдтой: «Уый Илийа у»; аннӕтӕ та: «Уый пехуымпар у, рагзаманы пехуымпарты хуызӕн».

16 Фӕлӕ Ирод, уыдӕттӕ хъусгӕйӕ, загъта: «Уый, ӕз йӕ сӕр кӕмӕн акъуырдтон, уыцы Иоанн райгас ис».

17 Хабар та уыдис афтӕ: Ирод ӕрцахсын кодта Иоанны ӕмӕ йӕ Иродиадӕйы тыххӕй ахӕстоны бакодта. Уый уыдис йе ’фсымӕр Филиппы ус, ӕмӕ йӕ Ирод ракуырдта.

18 Иоанн та йын дзырдта: «Де ’фсымӕры усимӕ дын не ’мбӕлы цӕрын».

19 Иродиадӕ йӕм уый тыххӕй мӕсты кодта, йӕ амарынмӕ бӕллыд, фӕлӕ йӕ бон ницы уыди.

20 Уымӕн ӕмӕ Ирод тарстис Иоаннӕй; раст ӕмӕ сыгъдӕг адӕймаг кӕй у, уый зыдта ӕмӕ йыл йӕ арм дардта. Кӕд-иу Иоанны ныхӕстӕй фӕкъӕмдзӕстыг ис, уӕддӕр ӕм хъуыста ӕхсызгонӕй.

21 Иродиадӕйӕн фадат фӕзынди Ироды гуырӕнбоны. Ирод куывд скодта ӕмӕ йе ’лдӕрттӕ, ӕфсӕддон хицӕуттӕ ӕмӕ Галилейы уӕздӕтты фӕхуыдта.

22 Иродиадӕйы чызг сӕм бацыд ӕмӕ сын кафыди. Ирод ӕмӕ уазджыты зӕрдӕмӕ йӕ кафт афтӕ тынг фӕцыдис, ӕмӕ йын паддзах загъта: «Цы дӕ хъӕуы, уый зӕгъ, ӕмӕ дын ӕй ратдзынӕн».

23 Сомы дӕр ма йын ракодта: «Цыдӕриддӕр мӕ ракурай — мӕ паддзахады ӕмбис дӕр дын ратдзынӕн».

24 Чызг рацыд ӕмӕ йӕ мады бафарста: «Цы ракурон?» Уый йын загъта: «Аргъауӕг Иоанны сӕр».

25 Чызг уайтагъд фӕстӕмӕ фездӕхт ӕмӕ паддзахӕн загъта: «Гъертӕккӕ мын Аргъауӕг Иоанны сӕр тӕбӕгъыл мӕ разы авӕр».

26 Паддзах фенкъард ис, фӕлӕ уазджыты раз сомы кӕй ракодта, уымӕ гӕсгӕ чызгӕн «нӕ» зӕгъын нал сфӕрӕзта.

27 Уайтагъд йӕ хъахъхъӕнджытӕй иуы Иоанны сӕр ӕрбахӕссынмӕ арвыста.

28 Хъахъхъӕнӕг ацыд, ахӕстоны Иоаннӕн йӕ сӕр акъуырдта ӕмӕ йӕ тӕбӕгъыл чызгӕн ӕрбахаста, уый та йӕ радта йӕ мадмӕ.

29 Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд ӕрбацыдысты, йӕ мард ын ахастой ӕмӕ йӕ зӕппадзы бавӕрдтой.


Йесо фондз мин лӕджы куыд бафсӕста

30 Апостолтӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ Йесойӕн, цы сарӕзтой ӕмӕ адӕмы цӕуыл сахуыр кодтой, ӕппӕт уыдӕттӕ радзырдтой.

31 Йесо сын загъта: «Хибар ранмӕ ацӕут ӕмӕ иу чысыл уӕ фӕллад суадзут». Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуӕг ӕмӕ фӕстӕмӕ здӕхӕг адӕм уый бӕрц уыдысты, ӕмӕ сӕ хӕрынмӕ дӕр не ’вдӕлди.

32 Йесо ӕмӕ апостолтӕ бӕлӕгъы иунӕгӕй хибар ранмӕ араст сты.

33 Фӕлӕ сӕ уӕддӕр уынӕг фӕци, ӕмӕ сӕ бирӕтӕ базыдтой. Уыйадыл ӕппӕт сахартӕй адӕм фистӕгӕй атындзыдтой ӕмӕ сӕ разӕй фесты.

34 Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд федта бирӕ адӕмы ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдон уыдысты ӕнӕфыййау фыстау. Ӕмӕ сӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын райдыдта.

35 Бонӕй бирӕ нал уыди, афтӕ Йесомӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Ам фӕсвӕд ран у, бон та фӕивгъуыйы.

36 Ауадз адӕмы, цӕмӕй хӕстӕг хъӕутӕм ацӕуой ӕмӕ сӕхицӕн исты хӕринаг балхӕной».

37 Йесо сын дзуапп радта: «Сымах сын раттут хӕринаг». Уыдон Ын загътой: «Уӕд та мах ацӕуиккам ӕмӕ ацы адӕмы бафсадынӕн иу-дыууӕсӕдӕ динары аргъ дзул балхӕниккам?»

38 Йесо сӕ бафарста: «Цал дзулы уӕм ис? Ацӕут ӕмӕ фенут». Уыдон сӕ федтой ӕмӕ Йын загътой: «Фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы».

39 Уӕд сын бафӕдзӕхста, адӕмы иууылдӕр цъӕх кӕрдӕгыл къордгай ӕрбадын кӕнут, зӕгъгӕ.

40 Адӕм рӕнхъгай ӕрбадтысты, иу къорды — фондзыссӕдз кӕнӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз адӕймаджы.

41 Йесо райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, арвмӕ скасти, Хуыцауӕн раарфӕ кодта, дзултӕ ӕрсаста ӕмӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ адӕмыл байуарой. Афтӕ дыууӕ кӕсаджы дӕр се ’ппӕтыл дӕр байуӕрста.

42 Иууылдӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты.

43 Дзул ӕмӕ кӕсӕгтӕй ма цы баззади, уыдон куы ӕрӕмбырд кодтой, уӕд уыдысты дыууадӕс чыргъӕды йедзагӕй.

44 Хӕргӕ чи кодта, уыдоны ӕхсӕн ӕрмӕст нӕлгоймӕгтӕ уыди фондз мины бӕрц.


Йесо къахӕй цӕуы денджызы сӕрты

45 Уый фӕстӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты бӕлӕгъы сбадын кодта ӕмӕ сӕ арвыста денджызы иннӕ фарсмӕ, Вифсаидӕмӕ, Йӕхӕдӕг та уал уым баззади, цалынмӕ адӕмы ауадза, уӕдмӕ.

46 Куы сӕ ауагъта, уӕд хохмӕ ссыди скувынмӕ.

47 Изӕрдалынгты бӕлӕгъ бахӕццӕ ис денджызы астӕумӕ, Йесо та иунӕгӕй уыди доны былыл.

48 Ӕмӕ федта, ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ хъару кӕй басасти, уый, уымӕн ӕмӕ дымгӕ дымдта сӕ ныхмӕ. Нӕма ӕрбабон ис, афтӕ сӕм Йесо денджызыл бацыди къахӕй, ӕмӕ хъавыди сӕ иувӕрсты аивгъуыйын.

49 Уыдон Ӕй денджызыл цӕугӕ куы федтой, уӕд Дзы ӕндӕрг фенхъӕлдтой ӕмӕ хъӕр систой.

50 Уымӕн ӕмӕ Йӕ се ’ппӕт дӕр федтой ӕмӕ фӕтарстысты. Фӕлӕ сӕм Йесо сдзырдта: «Фидар фӕлӕуут, уый Ӕз дӕн! Ма тӕрсут».

51 Бӕлӕгъмӕ сӕм бахызти, ӕмӕ дымгӕ банцади. Уыдон стыр дисы бафтыдысты,

52 уымӕн ӕмӕ дзулты диссаг дӕр нӕ бамбӕрстой — сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты.


Йесо Геннисареты рынчынты сдзӕбӕх кодта

53 Бахӕццӕ сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Геннисаретмӕ, ӕмӕ былгӕрон ӕрлӕууыдысты.

54 Бӕлӕгъӕй куы рахызтысты, уӕд адӕм Йесойы уайтагъд базыдтой

55 ӕмӕ Йын Йӕ кой бӕстӕйы алы рӕтты айхъуысын кодтой. Йесо уым ис, зӕгъгӕ-иу, цы бынатӕй загътой, уырдӕм Ӕм рынчынты скъӕфтой хуыссӕнтыл.

56 Кӕдӕмфӕнды ма бацыдаид Йесо, хъӕутӕм кӕнӕ сахартӕм, рынчынты-иу фӕзты ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ куырдтой, цӕмӕй сӕ уӕд та Йӕ пӕлӕзы хаутыл андзӕвын бауадза. Ӕмӕ-иу Йесойыл чидӕриддӕр андзӕвыд, уый-иу сдзӕбӕх ис.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan