Марк 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХӕйрӕджджын сдзӕбӕх 1 Бахӕццӕ сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Герасины бӕстӕм. 2 Йесо куыддӕр бӕлӕгъӕй рахызт, афтӕ уӕлмӕрдтӕй Йӕ размӕ рацыди хӕйрӕджджын лӕг. 3 Уый царди зӕппӕдзты, ӕмӕ йӕ суанг рӕхыстӕй сбӕттын дӕр ничи фӕрӕзта, 4 уымӕн ӕмӕ-иу ыл бирӕ хӕттыты хъадамантӕ бакодтой ӕмӕ-иу ӕй рӕхыстӕй сбастой, фӕлӕ-иу уый арӕдывта йӕ рӕхыстӕ ӕмӕ-иу йӕ хъадамантӕ ныссаста. Йӕ басӕттыны хъару никӕмӕ уыди. 5 Иудадзыг, ӕхсӕвӕй-бонӕй, йӕ хъӕрахст цыди зӕппӕдзтӕ ӕмӕ хӕхтӕй, йӕхи дуртыл хоста. 6 Йесойы дардмӕ куы ауыдта, уӕд Ӕм ӕрбазгъордта, Йӕ разы ныддӕлгом ис зӕххыл 7 ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Иууылбӕрзонд Хуыцауы Фырт? Хуыцауы хатырӕй, хъизӕмарӕй мӕ ма мар!» 8 Афтӕ та уымӕн дзырдта, ӕмӕ йын Йесо загъта: «Ӕнӕзӕгъинаг, ныууадз ацы лӕджы». 9 Йесо йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Уый Йын загъта: «Мӕ ном — легион, уымӕн ӕмӕ мах бирӕ стӕм». 10 Ӕмӕ лӕгъстӕ кодта Йесойӕн, цӕмӕй сӕ уыцы бӕстӕй ма фӕсура. 11 Уым къуылдымыл хызти хуыты стыр дзуг, 12 ӕмӕ дӕлимонтӕ Йесойӕн лӕгъстӕ кодтой, хуытӕм нӕ барвит ӕмӕ сӕ мидӕг бацӕуӕм, зӕгъгӕ. 13 Йесо сын бар радта. Ӕнӕзӕгъинӕгтӕ фӕуагътой лӕджы ӕмӕ хуыты фӕмидӕг сты. Уыйадыл дзуг (уыдаид дзы иу-дыууӕ мины бӕрц) къардиуӕй денджызмӕ йӕхи фехста ӕмӕ фӕдӕлдон ис. 14 Хуыгӕстӕ азгъордтой ӕмӕ хабар сахар ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕутыл айхъуысын кодтой. Ӕмӕ адӕм, цы ӕрцыди, уый фенынмӕ рацыдысты. 15 Йесойы размӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ, дӕлимонты легион кӕй мидӕг уыди, уыцы лӕг бады, йӕ дарӕс — йӕ уӕлӕ, йӕ зонд — йӕхимӕ, афтӕмӕй. Ӕмӕ старстысты. 16 Хъуыддаг йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдон сын хӕйрӕджджын ӕмӕ хуыты хабар ракодтой. 17 Уӕд ӕрхатыдысты Йесомӕ, цӕмӕй сӕ зӕххӕй ацӕуа. 18 Йесо бӕлӕгъмӕ куы бацӕйхызт, уӕд Ӕм, дӕлимонты ахӕстӕй кӕй фервӕзын кодта, уыцы лӕг ныххатыди, Демӕ мӕ ауадз, зӕгъгӕ. 19 Фӕлӕ Йесо не сразы ис ӕмӕ йын загъта: «Ацу хӕдзармӕ, дӕ бинонтӕм. Радзур сын, Дунедарӕг дын цы сарӕзта ӕмӕ дын куыд батӕригъӕд кодта, уый». 20 Уый ацыд ӕмӕ Дӕссахарыл айхъуысын кодта, Йесо йын цы сарӕзта, уый. Ӕмӕ иууылдӕр стыр дисы бафтыдысты. Чызг райгас, сылгоймаг адзӕбӕх 21 Йесо бӕлӕгъы фӕстӕмӕ денджызы иннӕ фарсмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд Йӕ алыварс ӕрбамбырд ис бирӕ адӕм. Денджызы был ма уыди, 22 афтӕ Йӕм ӕрбацыди синагогӕйы хицӕуттӕй иу, Иаир, зӕгъгӕ. Йесойы куы федта, уӕд Ын Йӕ къӕхтӕм йӕхи ӕрӕппӕрста 23 ӕмӕ Йын балӕгъстӕ кодта: «Мӕ чызг мӕлгӕ кӕны; ӕрцу ӕмӕ йыл Дӕ къухтӕ авӕр, цӕмӕй сдзӕбӕх уа ӕмӕ цӕра». 24 Йесо араст ис йемӕ. Йӕ фӕдыл цыди бирӕ адӕм ӕмӕ Йӕ алырдыгӕй уынгӕг кодтой. 25 Иу сылгоймагӕн дыууадӕс азы йӕ туг цӕуынӕй не ’нцади. 26 Бирӕ дохтыртӕ йын бирӕ хъизӕмар бавзарын кодтой, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый бахардз кодта, фӕлӕ, фыддӕр уавӕрмӕ цы ӕрцыд, уый йеддӕмӕ йын ӕххуыс ницы фесты. 27 Йесойы кой куы фехъуыста, уӕд Ӕм адӕмы ӕхсӕнты фӕстӕрдыгӕй бацыд ӕмӕ Йын Йӕ дарӕсыл андзӕвыд, 28 уымӕн ӕмӕ хинымӕр дзырдта: «Ӕрмӕст Йӕ дарӕсыл Ын куы андзӕвон, уӕд дӕр сдзӕбӕх уыдзынӕн». 29 Туг уайтагъд йӕ цӕуынӕй банцад, ӕмӕ сылгоймаг банкъардта, йӕ низӕй кӕй фервӕзти, уый. 30 Уыцы уысм Йесо, тых Дзы кӕй рацыди, уый банкъардта, адӕммӕ разылд ӕмӕ бафарста: «Чи Мын андзӕвыд Мӕ дарӕсыл?» 31 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын дзуапп радтой: «Адӕм Дӕ алырдыгӕй куыд ӕлхъивынц, уый уыныс, уӕддӕр ма фӕрсыс, чи Мыл андзӕвыди, зӕгъгӕ». 32 Фӕлӕ Йесо, чи Йыл андзӕвыд, уыцы сылгоймаджы адӕмы ’хсӕн цӕстӕй агуырдта. 33 Сылгоймаг, цы йыл ӕрцыди, уый зонгӕйӕ, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бацыди Йесомӕ, Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхауди ӕмӕ Йын алцы дӕр, куыд уыди, афтӕ радзырдта. 34 Уӕд ын Йесо загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Цу фарнимӕ ӕмӕ ӕнӕниз у». 35 Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ синагогӕйы хицаумӕ ӕрбацыдысты йӕ хӕдзарӕй ӕмӕ йын загътой: «Дӕ чызг амард. Ахуыргӕнӕджы ма цы фӕлмӕцын кӕныс?» 36 Фӕлӕ Йесо уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд синагогӕйы хицауӕн загъта: «Ма тӕрс, ӕрмӕст ӕууӕнд». 37 Ӕмӕ Йемӕ ацӕуын никӕй бауагъта, Петр, Йаков ӕмӕ Йаковы ӕфсымӕр Иоанны йеддӕмӕ. 38 Синагогӕйы хицауы хӕдзармӕ бацыдысты. Йесо дзы баййӕфта бирӕ адӕмы, кӕугӕ ӕмӕ дзыназгӕйӕ. 39 Бацыди ӕмӕ сын загъта: «Цы маст кӕнут, цӕуыл кӕут? Сывӕллон мард нӕу, фынӕй кӕны». 40 Ӕмӕ Йыл худтысты. Фӕлӕ Йесо се ’ппӕты дӕр ӕддӕмӕ рарвыста, Йӕхӕдӕг чызджы фыд, мад ӕмӕ Йе ’мбӕлццӕттимӕ сывӕллоны уатмӕ бацыди. 41 Йӕ къухыл ын ныххӕцыд ӕмӕ йын загъта: «Талита, кум», ома: «Чызг, дӕумӕ дзурын, сыст». 42 Ӕмӕ чызг — цыдаид ыл иу дыууадӕс азы — уайтагъд фестад ӕмӕ йӕ къӕхтыл алӕууыд. Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр стыр дисы бафтыдысты. 43 Йесо сын тынг ныффӕдзӕхста, ацы хабар мачи базонӕд, зӕгъгӕ. Стӕй ма сын загъта, цӕмӕй чызгӕн исты бахӕрын кӕной. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia