Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Марк 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Цӕнкуыл сдзӕбӕх

1 Йесо ногӕй бацыди синагогӕмӕ. Уым уыди, йӕ къух кӕмӕн бахуыскъ ис, ахӕм адӕймаг.

2 Йесомӕ аивӕй сӕ цӕст дардтой, кӕд ӕй сабаты сдзӕбӕх кӕнид, зӕгъгӕ, цӕмӕй йӕ фӕзылын кӕной.

3 Йесо, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыди, уыцы лӕгӕн загъта: «Рахиз-ма адӕмы размӕ».

4 Ӕмӕ сӕ бафарста: «Сабаты хорз кӕнын ӕмбӕлы ӕви ӕвзӕр? Уд фервӕзын кӕнын ӕви йӕ фесафын?» Ӕмӕ ницы дзырдтой.

5 Йесо сыл тызмӕгӕй Йӕ цӕст ахаста, дурзӕрдӕ кӕй сты, ууыл хъыггӕнгӕйӕ. Ӕмӕ загъта цӕнкуылӕн: «Дӕ къух-ма ӕрбадар». Уый йӕ къух бадардта, ӕмӕ йын адзӕбӕх ис.

6 Фарисейтӕ рацыдысты ӕмӕ уыйадыл Ироды фарсхӕцджытимӕ уынаффӕ кӕнын райдыдтой, Йесойы цы амалӕй амарой, уый фӕдыл.


Адӕм цӕуынц Йесойы фӕдыл

7 Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ денджызы ’рдӕм ацыди. Йӕ фӕдыл агуылф кодта тынг бирӕ адӕм — Галилей, Иудей,

8 Йерусалим, Идумей ӕмӕ Иорданы фаллаг фарсӕй. Тир ӕмӕ Сидоны алфамбылайӕ дӕр Ӕм адӕм къордтӕй цыдысты, Йӕ хъуыддӕгты кой Йын куы фехъуыстой, уӕд.

9 Ӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йын бӕлӕгъ цӕттӕйӕ дарой, уымӕн ӕмӕ Йӕм адӕм ӕмгуылф кодтой.

10 Уымӕн ӕмӕ Уый бирӕты сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ Йӕм ныр алыхуызон рынчынтӕ сӕхи ӕппӕрстой, цӕмӕй Йыл андзӕвой.

11 Йесойы фенгӕйӕ-иу, ӕнӕзӕгъинӕгты ахӕсты чи уыди, уыдон Йӕ разы ӕрхаудтой ӕмӕ хъӕр кодтой: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!»

12 Фӕлӕ сын Йесо тызмӕгӕй, Чи у, уый дзурыны бар нӕ лӕвӕрдта.


Дыууадӕс апостолы

13 Йесо ссыди хохмӕ ӕмӕ, кӕмӕ Йӕ фӕндыд, уыдонмӕ фӕсидти. Ӕмӕ Йӕм ӕрбацыдысты.

14 Уыдонӕй равзӕрста дыууадӕсы ӕмӕ сӕ рахуыдта апостолтӕ, цӕмӕй уой Йемӕ, ӕрвита сӕ Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынмӕ

15 ӕмӕ сын ратта дӕлимонтӕ сурыны бар.

16 Снысан кодта дыууадӕс адӕймаджы: Симоны (радта йын ном «Петр»);

17 Зеведейы фырт Йаков ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоанны (радта сын ном «Боанергес», ома «Ӕрвнӕрды фырттӕ»);

18 Андрейы, Филиппы, Варфоломейы, Матфейы, Фомайы, Алфейы фырт Йаковы, Фаддейы, Симон Кананиты

19 ӕмӕ Иудӕ Искариоты — фӕстӕдӕр Ӕй чи ауӕй кодта, уый.


Дӕлимонтӕ сурыны хъомыс

20 Йесо фӕстӕмӕ хӕдзармӕ ӕрбацыди. Уый бӕрц адӕм та сӕм ӕрбамбырд ис, ӕмӕ сын къӕбӕр ахӕрыны фадат дӕр нал уыди.

21 Йӕ хиуӕттӕ уый куы фехъуыстой, уӕд Ӕм ӕрбацыдысты, цӕмӕй Йӕ сӕхимӕ акӕной, уымӕн ӕмӕ афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, цыма Йӕ зонд фӕцыд.

22 Йерусалимӕй ӕрцӕуӕг динамонджытӕ та дзырдтой, Веелзевулы дӕлбар у, зӕгъгӕ, ӕмӕ дӕлимонты дӕр се ’лдары хъаруйӕ суры.

23 Йесо сӕм фӕсидти ӕмӕ сын райдыдта фӕсномыгӕй дзурын: «Сайтан куыд хъуамӕ расура сайтаны?

24 Паддзахад куы ныддихтӕ уа, уӕд ын ӕнӕ фехӕлгӕ нӕй;

25 хӕдзар дӕр куы ныддихтӕ уа, уӕд фехӕлдзӕн.

26 Уӕдӕ кӕд сайтан йӕхи ныхмӕ растад ӕмӕ йӕхӕдӕг йӕхи ныхмӕ тох кӕны, уӕд уымӕн дӕр йӕ кӕрон ӕрцыд.

27 Никӕй бон бауыдзӕни тыхджыны хӕдзармӕ бабырын ӕмӕ йӕ фӕкъахын, раздӕр уал ын йӕхи куынӕ сбӕтта, уӕд.

28 Ӕцӕг уын зӕгъын: адӕм цыфӕнды тӕригъӕд куы ракӕной ӕмӕ Хуыцауӕй цыфӕнды фауӕн ныхас куы зӕгъой — хатыр сын уыдзӕни.

29 Фӕлӕ Сыгъдӕг Уды чи рафауа, уымӕн хатыр никуы уыдзӕн — уыцы тӕригъӕды тыххӕй мыггагмӕ азымджын фӕуыдзӕн».

30 Йесо афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ чидӕртӕ дзырдтой, цыма йӕ мидӕг ис ӕнӕзӕгъинаджы уд.


Йесойы мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ

31 Уӕд Йесомӕ ӕрбацыдысты Йӕ мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ. Дуармӕ ӕрлӕууыдысты ӕмӕ Йӕм бадзурын кодтой.

32 Йӕ алыварс бадти бирӕ адӕм, афтӕмӕй Йын фехъусын кодтой: «Дӕ мад, Де ’фсымӕртӕ ӕмӕ Дӕ хотӕ ӕдде лӕууынц, агурынц Дӕ».

33 Йесо сӕ бафарста: «Чи сты Мӕ мад ӕмӕ Ме ’фсымӕртӕ?»

34 Ӕмӕ, Йӕ алыварс чи бадти, уыдоныл Йӕ цӕст ахӕсгӕйӕ, загъта: «Мӕнӕ сты Мӕ мад ӕмӕ Ме ’фсымӕртӕ.

35 Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у Мӕнӕн ӕфсымӕр, хо ӕмӕ мад».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan