Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Марк 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Тӕригъӕдтӕ хатыр кӕныны бар

1 Цалдӕр боны фӕстӕ Йесо ӕрбаздӕхти Капернауммӕ. Хӕдзары кӕй ис, уый адӕмыл айхъуысти.

2 Уый бӕрц адӕм ӕрӕмбырд ис, ӕмӕ дуаргӕрон ӕрлӕууӕн дӕр нал уыди. Йесо сын хъусын кодта Хуыцауы ныхас.

3 Ӕмӕ Йӕм мӕнӕ цыппар лӕджы ӕрбахастой ӕндзыгнизӕй хъыгдарды.

4 Адӕмӕй Йӕм бацӕуӕн кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ хӕдзары сӕр байгом кодтой, цар ныххуынкъ кодтой ӕмӕ йӕ уырдыгӕй йӕ хуыссӕныл ӕруагътой.

5 Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ загъта ӕндзыгнизӕй хъыгдардӕн: «Мӕ хъӕбул, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».

6 Динамонджытӕ цалдӕрӕй уым бадтысты ӕмӕ хинымӕр дзырдтой:

7 «Уый цытӕ дзуры? Хуыцауы куы фауы! Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын кӕй бон у?»

8 Йесо сын уайтагъд Йӕ Удӕй базыдта сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн афтӕ хъуыды кӕнут?

9 Ӕндзыгнизӕй хъыгдардӕн цы ӕнцондӕр у зӕгъын: „Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ“ ӕви: „Сыст, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ райдай цӕуын“?

10 Фӕлӕ сымах хъуамӕ зонат: Адӕймаджы Фыртӕн ис зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕныны бар». Ӕмӕ ӕндзыгнизӕй хъыгдардӕн загъта:

11 «Дӕумӕ дзурын: сыст, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу дӕ хӕдзармӕ».

12 Уый фестади, йӕ хуыссӕн систа ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз рацыди. Иууылдӕр дисы бафтыдысты, кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ дзырдтой: «Ахӕм диссаг никуыма федтам».


Левий ацыди Йесойы фӕдыл

13 Йесо та ногӕй рацыди денджызы былмӕ. Уырдӕм Ӕм ӕрбацыди бирӕ адӕм, ӕмӕ сӕ ахуыр кодта.

14 Куы фӕцӕйцыди, уӕд хъалонисӕн бынаты бадгӕ федта Алфейы фырт Левийы ӕмӕ йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый сыстад ӕмӕ ацыди Йӕ фӕдыл.

15 Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Левийы хӕдзары куы уыди, уӕд семӕ фынгыл бадти бирӕ хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ — Йесойы фӕдыл ахӕм адӕм бирӕ цыди.

16 Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ Йесойы тӕригъӕдджынтӕ ӕмӕ хъалонисджытимӕ иу фынгыл бадгӕ куы федтой, уӕд Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загътой: «Уый хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ куыд хӕры?»

17 Йесо уый куы фехъуыста, уӕд сын загъта: «Дохтыр ӕнӕнизты нӕ, фӕлӕ рынчынты хъӕуы. Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстгӕнджытӕм нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм фӕсидынмӕ».


Ног сӕн ног лалымты ныккӕнынц

18 Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ фарисейтӕ ком куы дардтой, уӕд чидӕртӕ Йесомӕ бацыдысты ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ фарисейты ахуыргӕнинӕгтӕ ком куы дарынц, уӕд Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕуылнӕ дарынц ком?»

19 Йесо сын загъта: «Сиахсаг цалынмӕ семӕ вӕййы, уӕдмӕ чындзӕхсӕвы уазджытӕ ком фӕдарынц, мыййаг? Цалынмӕ сиахсаг семӕ вӕййы, уӕдмӕ ком нӕ фӕдарынц.

20 Фӕлӕ ралӕудзӕни, сиахсаджы сын се ’хсӕнӕй куы байсой, ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ уӕд дардзысты ком.

21 Зӕронд дарӕсыл ног хъуымацӕй ӕмпъузӕн ничи ӕвӕры: лӕзӕрд хъуымац ӕй нӕ бауромдзӕн, ӕмӕ скъуыд ноджы фестырдӕр уыдзӕни.

22 Ногдыгъд сӕн дӕр зӕронд лалымты ничи кӕны: ног сӕн арӕмудздзӕни зӕронд лалымтӕ, ӕмӕ сӕн дӕр акӕлдзӕни, лалымтӕ дӕр фесӕфдзысты. Ногдыгъд сӕн ног лалымты ныккӕнынц».


Йесо — сабаты хицау

23 Иу сабаты Йесо фӕцӕйцыди хоры хуымтыл. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ-иу цӕугӕ-цӕуын ӕфсиртӕ ратыдтой.

24 Ӕмӕ Йын фарисейтӕ загътой: «Кӕс-ма! Сабаты цы не ’мбӕлы, уый куыд кӕнынц?»

25 Йесо сын дзуапп радта: «Давид ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ куы сыстонг сты ӕмӕ сын бахӕринаг куы ницы уыди, уӕд цы бакодта, уый тыххӕй нӕ кастыстут, ӕви?

26 Авиафар алчер куы уыди, уыцы рӕстӕг бацыди Хуыцауы хӕдзармӕ ӕмӕ бахордта, ӕрмӕстдӕр сауджынтӕн хӕрын кӕмӕй ӕмбӕлди, уыцы нывонды дзултӕй, ӕмӕ ма дзы йе ’мбӕлттӕн дӕр радта».

27 Йесо ма сын загъта: «Адӕймаджы сабатӕн не сфӕлдыстӕуыд, фӕлӕ сабат — адӕймагӕн.

28 Уӕдӕ Адӕймаджы Фырт сабатӕн дӕр хицау у».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan