Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Марк 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Пилаты тӕрхон

1 Куыддӕр ӕрбабон ис, афтӕ алчертӕ, адӕмы хистӕртӕ, динамонджытӕ ӕмӕ ӕппӕт синедрион ӕрӕмбырд сты ӕмӕ уынаффӕ рахастой. Йесойы сбастой, акодтой Йӕ ӕмӕ Йӕ Пилаты къухмӕ радтой.

2 Пилат Ӕй бафарста: «Ды иудейӕгты Паддзах дӕ?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй зӕгъыс».

3 Ӕмӕ Йӕ алчертӕ бирӕ хъуыддӕгты азымджын кодтой.

4 Пилат та Йӕ бафарста: «Ницы дзуапп дӕттыс? Уыныс, куыд бирӕ азым Дӕм хӕссынц».

5 Фӕлӕ йын Йесо ницыуал загъта, ӕмӕ Пилат дисы бафтыди.

6 Пилат-иу алы бӕрӕгбоны дӕр, адӕмы курдиатмӕ гӕсгӕ, иу ахӕсты ссӕрибар кодта.

7 Уыцы рӕстӕг сӕм ахӕстоны йӕ хъузӕттимӕ — змӕстыты рӕстӕг туг чи ныккалдта, уыдонимӕ — бадти иу лӕг, йӕ ном — Вараввӕ.

8 Адӕм ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Пилатӕй куырдтой, цӕмӕй та сын ацы хатт дӕр, раздӕр куыд кодта, афтӕ бакӕна.

9 Пилат сӕ бафарста: «Фӕнды уӕ, цӕмӕй уын иудейаг Паддзахы суӕгъд кӕнон?»

10 Уый зыдта, алчертӕ йын Йесойы йӕ къухмӕ сӕ фыр хӕлӕгӕй кӕй радтой, уый.

11 Фӕлӕ алчертӕ адӕмы сардыдтой, Вараввӕйы сын рауадзыныл куыд дзурой, афтӕ.

12 Пилат сӕ ногӕй бафарста: «Уӕдӕ, сымах иудейаг Паддзах Кӕй хонут, Уымӕн та цы бакӕнон?»

13 Уыдон ныхъхъӕр кодтой: «Байтындз Ӕй!»

14 Пилат сын загъта: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта?» Фӕлӕ уыдон ноджы тынгдӕр ныхъхъӕр кодтой: «Байтындз Ӕй!»

15 Уӕд Пилат, адӕмы зӕрдӕ балхӕныны охыл, Вараввӕйы ахӕстонӕй рауагъта, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтындзынмӕ радта.


Ӕфсӕддонты ӕфхӕрӕн митӕ

16 Ӕфсӕддонтӕ Йесойы акодтой бӕстыхицауы галуаны мидӕггаг кӕртмӕ, ӕмӕ ӕгас ӕфсӕддон хаймӕ дӕр уырдӕм фӕсидтысты.

17 Сӕнт сырх пӕлӕз Ыл скодтой, сындзытӕй кады худ сбыдтой, Йӕ сӕрыл Ын ӕй ӕркодтой

18 ӕмӕ дзырдтой: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!»

19 Йӕ сӕр Ын лӕдзӕгӕй цавтой, тутӕ Йыл кодтой, Йӕ разы-иу сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ-иу зӕххыл ныддӕлгом сты.

20 Сӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн сӕхи куы фӕирхӕфстой, уӕд Ын Йӕ сӕнт сырх пӕлӕз раластой, фӕстӕмӕ Йыл Йӕхи дарӕс скодтой ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтындзынмӕ акодтой.


Йесойы байтыгътой

21 Уыцы рӕстӕг фӕссахарӕй ӕрбацӕйцыди иу киренӕйаг лӕг, Симон, Александр ӕмӕ Руфы фыд; ӕмӕ Йесойы дзуар уымӕн ахӕссын кодтой.

22 Йесойы ӕркодтой, Голгофӕ (ома Сӕргӕхцы бынат) кӕй хонынц, уырдӕм.

23 Ӕмӕ Йын сӕн лӕвӕрдтой смирнӕимӕ хӕццӕйӕ, фӕлӕ йӕ Уый нӕ бакуымдта.

24 Дзуарыл Ӕй чи байтыгъта, уыдон Ын Йӕ дарӕстыл хӕлттӕ сӕппӕрстой ӕмӕ сӕ се ’хсӕн байуӕрстой.

25 Ӕртыккаг сахат уыди, афтӕ Йӕ дзуарыл байтыгътой.

26 Цӕй тыххӕй Йӕ азымджын кодтой, уый уыди Йӕ сӕрмӕ фыст: «Иудейӕгты Паддзах».

27 Йемӕ ма дзуӕрттыл байтыгътой дыууӕ абырӕджы, иуы — Йӕ рахизфарс, иннӕйы та — Йӕ галиуфарс.

28 [Афтӕ сӕххӕст ис, Сыгъдӕг Фысты цы загъдӕуыди, уый: «Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд».]

29 Йӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцыд, уыдон сӕ сӕртӕ ӕнкъуыстой ӕмӕ Йын алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой: «Гъей, Кувӕндон халӕг ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ аразӕг!

30 Дӕхи фервӕзын кӕн — дзуарӕй ӕрхиз».

31 Афтӕ Дзы хынджылӕг кодтой алчертӕ дӕр динамонджытимӕ ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Иннӕты ирвӕзын кодта, Йӕхи фервӕзын кӕнын та Йӕ бон нӕу!

32 Чырысти, Израилы Паддзах! Ныр дзуарӕй ӕрхизӕд, цӕмӕй Йӕ нӕхи цӕстӕй фенӕм ӕмӕ Йыл баууӕндӕм». Йемӕ Йын кӕй байтыгътой, уыдон дӕр Ӕй фаудтой.


Йесойы мӕлӕт

33 Ӕхсӕзӕм сахат куы ралӕууыди, уӕд бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг ис, ӕмӕ афтӕ ахаста суанг фарӕстӕм сахаты онг.

34 Фарӕстӕм сахатыл Йесо хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Элои, Элои, лема сабахтани?», ома: «Мӕ Хуыцау, Мӕ Хуыцау, цӕмӕн Мӕ ныууагътай?»

35 Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, уым чи лӕууыди, уыдонӕй чидӕртӕ загътой: «Илийамӕ дзуры».

36 Уӕд сӕ иу азгъордта, хырыз комраз туаг сӕны атылдта, лӕдзӕгыл ӕй ӕрсагъта ӕмӕ Йын ӕй йӕ дзыхмӕ схаста, афтӕ дзургӕйӕ: «Фӕлӕуут-ма, бакӕсӕм, кӕддӕра Йӕм Илийа ӕрцӕуид ӕмӕ Йӕ дзуарӕй ӕрисид».

37 Йесо та хъӕрӕй ныууынӕргъыдта ӕмӕ Йӕ уд систа.

38 Уӕд Кувӕндоны мидӕмбӕрзӕн уӕлейӕ дӕлӕмӕ дыууӕ дихы фӕцис.

39 Йӕ бакомкоммӕ чи лӕууыди, уыцы сӕдӕйыхицау, Йесо хъӕрӕй куыд ныууынӕргъыдта ӕмӕ Йӕ уд куыд систа, уый куы федта, уӕд загъта: «Ацы Адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыди».

40 Уым уыди сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ кастысты дардӕй: се ’хсӕн — магдалӕйаг Мариа, Иосет ӕмӕ кӕстӕр Йаковы мад Мариа, стӕй Саломи.

41 Йесо ма Галилейы куы уыди, уӕд уыдон цыдысты Йӕ фӕдыл ӕмӕ Йын лӕггад кодтой. Уыди ма дзы, Йемӕ Йерусалиммӕ чи ӕрбацыд, бирӕ ахӕм ӕндӕр сылгоймӕгтӕ дӕр.


Йесойы баныгӕдтой

42 Уӕдмӕ баизӕр ис, ӕмӕ, майрӕмбон кӕй уыди — сабатмӕ цӕттӕгӕнӕн бон, —

43 уымӕ гӕсгӕ синедрионы уӕнг, нымад лӕг, аримафейаг Йосеф, йӕхӕдӕг дӕр Хуыцауы Паддзахадмӕ чи ӕнхъӕлмӕ касти, уый йӕ ныфс бахаста Пилатмӕ бацӕуын ӕмӕ дзы Йесойы мард ракурын.

44 Йесо ныридӕгӕн кӕй амарди, уый Пилатмӕ диссаг фӕкаст, сӕдӕйыхицаумӕ фӕсидти ӕмӕ йӕ бафарста: «Раджы амард?»

45 Ӕмӕ хабар бӕлвырд куы базыдта, уӕд Йесойы мард раттын кодта Йосефӕн.

46 Йосеф балхӕдта мӕрдӕмбӕрзӕн, Йесойы мард ӕриста, батыхта Йӕ уыцы мӕрдӕмбӕрзӕны ӕмӕ Йӕ бавӕрдта, къӕдзӕхы цы зӕппадз къахт уыди, уым; йӕ бахизӕныл ын дур бафӕлдӕхта.

47 Магдалӕйаг Мариа ӕмӕ Иосеты мад Мариа та кастысты ӕмӕ федтой, кӕм Ӕй бавӕрдтой, уый.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan