Марк 14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстСусӕгвӕнд Йесойы ныхмӕ 1 Дыууӕ боны фӕстӕ хъуамӕ уыдаид Куадзӕн ӕмӕ Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ агуырдтой Йесойыл хинӕй рацӕуыны ӕмӕ Йӕ амарыны фадат 2 ӕмӕ тӕрхӕттӕ кодтой: «Ӕрмӕст бӕрӕгбоны нӕ, науӕд адӕм сызмӕнтдзысты». Йесойы байсӕрстой хӕрздӕфгӕнӕнӕй 3 Йесо уыди Вифанийы, хъотырӕй рынчын Симоны хӕдзары. Фынджы уӕлхъус куы бадти, уӕд Ӕм бацыди иу сылгоймаг дурынимӕ, йӕ мидӕг та уыди, нард, зӕгъгӕ, цы зайӕгой хонынц, уымӕй конд сыгъдӕг ӕмӕ зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕн. Сылгоймаг дурыны хъуыр асаста ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕн Йесойы сӕрыл уадзын райдыдта. 4 Иуӕй-иутӕ рамӕсты сты ӕмӕ дзырдтой: «Цӕмӕн хъуыди уый бӕрц хӕрздӕфгӕнӕн хардз кӕнын? 5 Ӕртӕсӕдӕ динарӕй фылдӕрыл ӕй ауӕйгӕнӕн куы уыди, уыцы ӕхца та — мӕгуыртыл байуарӕн». Ӕмӕ бустӕ кодтой сылгоймагыл. 6 Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Ныууадзут ӕй, цӕмӕн ӕй къӕмдзӕстыг кӕнут? Уый хорз хъуыддаг сарӕзта Мӕнӕн. 7 Мӕгуыртӕ ӕдзух уӕ фарсмӕ сты, ӕмӕ уӕ кӕд бафӕнда, уӕд-иу сын баххуыс кӕнут, Ӕз та ӕдзух уемӕ нӕ уыдзынӕн. 8 Сылгоймаг, йӕ бон цы уыди, уый бакодта: Мӕ баныгӕныны размӕ Мын Мӕ буар хӕрздӕфгӕнӕнӕй байсӕрста. 9 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Фарны Уац ӕгас дунейы кӕмдӕриддӕр айхъуыса, уым ацы сылгоймаджы ӕрымысынӕн, цы сарӕзта, уый тыххӕй загъдӕуыдзӕн». Иудӕйы гадзрахатдзинад 10 Уӕд Иудӕ Искариот, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, ацыдис алчертӕм, цӕмӕй сын Йесойы сӕ къухмӕ ратта. 11 Куы йӕм байхъуыстой, уӕд бацин кодтой ӕмӕ йын ӕвзист ӕхцайӕ зӕрдӕ бавӕрдтой. Ӕмӕ Иудӕ сӕ къухмӕ сын Ӕй раттыны фадат агуырдта. Куадзӕны ӕхсӕвӕрмӕ цӕттӕтӕ 12 Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фыццаг бон, Куадзӕны уӕрыкк ӕргӕвдыны бон, ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойы бафарстой: «Куыд Дӕ фӕнды, кӕдӕм Дын ацӕуӕм Куадзӕны фынг ӕрӕвӕрынмӕ?» 13 Уый Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйы арвыста ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Ацӕут сахармӕ. Уым уыл сӕмбӕлдзӕн иу адӕймаг доны дурынимӕ, ӕмӕ-иу ацӕут йӕ фӕдыл. 14 Кӕдӕм бацӕуа, уыцы хӕдзары хицауӕн-иу зӕгъут: „Ахуыргӕнӕг фӕрсы: Мӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Куадзӕны уӕрыккӕй кӕм саходон, Мӕ уыцы уат кӕм ис?“ 15 Уый уын уӕллаг уӕладзыджы равдисдзӕни стыр ӕмӕ ӕфснайд уат, уым-иу фынг ӕрӕвӕрут». 16 Ахуыргӕнинӕгтӕ араст сты, бацыдысты сахармӕ ӕмӕ ӕппӕт дӕр, Йесо сын куыд загъта, афтӕ ссардтой ӕмӕ Куадзӕны фынг ӕрӕвӕрдтой. Куадзӕны фынг. Уӕйгӕнӕджы тыххӕй рагзагъд 17 Куы баизӕр ис, уӕд Йесо ӕрбацыди Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагимӕ. 18 Ӕмӕ фынджы уӕлхъус куы бадтысты, уӕд Йесо загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕ иу Мыл — ныртӕккӕ Мемӕ къӕбӕр чи хӕры, уый — гадзрахатӕй рацӕудзӕни». 19 Уыдон ӕрӕнкъард сты ӕмӕ Йӕ радыгай фӕрсын райдыдтой: «Уый ӕз уыдзынӕн, мыййаг?» 20 Йесо сын загъта: «Дыууадӕсӕй иу, цӕхдоны Мемӕ йӕ къӕбӕр чи тулы, уый. 21 Ӕниу, Адӕймаджы Фырт фӕцӕуы, Сыгъдӕг Фысты куыд загъдӕуы, афтӕ. Фӕлӕ сар йӕ сӕр, гадзрахатӕй Йыл чи рацӕуа, уымӕн. Уыцы адӕймаг куы нӕ райгуырдаид, уӕд ын хуыздӕр уыдаид». Ног Фидыд 22 Фынджы уӕлхъус куы ӕрбадтысты, уӕд Йесо Йӕ къухмӕ райста дзул, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, ӕрсаста йӕ, алӕвӕрдта сӕм ӕй ӕмӕ загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут — уый Мӕ Буар у». 23 Уый фӕстӕ райста сӕны кӕхц, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, алӕвӕрдта сӕм ӕй, ӕмӕ дзы се ’ппӕт дӕр бануӕзтой. 24 Ӕмӕ сын загъта: «Уый Мӕ Туг у — уымӕй фидаргӕнгӕ у Ног Фидыд, ӕмӕ уый бирӕты сӕрвӕлтау ныккӕлдзӕни. 25 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын, сӕнӕфсиры сӕнӕй нал бануаздзынӕн, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахады ног сӕнӕй бануазон, уӕдмӕ». 26 Уый фӕстӕ азарыдысты арфӕйы зарӕг ӕмӕ Елеоны хохмӕ ацыдысты. Йесойы рагзагъд Петры тыххӕй 27 Йесо сын загъта: «Ахсӕв Мӕ уе ’ппӕт дӕр ныууадздзыстут, уымӕн ӕмӕ фыст ис: „Ӕрцӕвдзынӕн фыййауы, ӕмӕ фысты дзуг ныххӕлиу уыдзӕн“. 28 Фӕлӕ куы райгас уон, уӕд-иу Мӕ Галилейы агурут». 29 Уӕд Ын Петр загъта: «Иууылдӕр Дӕ куы ныууадзой, уӕддӕр Дӕ ӕз нӕ ныууадздзынӕн». 30 Йесо йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: ахсӕв уасӕг дыууӕ хатты нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи». 31 Фӕлӕ Петр ноджы ныфсджындӕрӕй дзырдта: «Демӕ мӕ амӕлын куы бахъӕуа, уӕд дӕр Дыл ӕз мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн». Афтӕ дзырдтой иннӕтӕ дӕр. Гефсимани 32 Уӕд ӕрцыдысты, Гефсимани кӕй хонынц, уыцы бынатмӕ. Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цалынмӕ кувон, уӕдмӕ уал ам абадут». 33 Йемӕ акодта Петр, Йаков ӕмӕ Иоанны. Мӕлӕты тас бацыди Йӕ зӕрдӕйы, ӕмӕ ӕрхӕндӕг кӕнын райдыдта. 34 Уӕд сын загъта: «Мӕ уд мӕрдон хъынцъым кӕны; ам Мӕм фӕлӕуут, ма-иу бафынӕй ут». 35 Йӕхӕдӕг иу чысыл ӕддӕдӕр ацыди, ныддӕлгом ис зӕххыл ӕмӕ куывта, цӕмӕй Йӕм разӕй цы тухӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый гӕнӕн ӕмӕ амалӕй ма бавзара: 36 «Аввӕ, Мӕ Фыд, Дӕуӕн ӕппӕт дӕр у Дӕ бон. Ацы хъизӕмӕртты кӕхц Мын ма бадар. Фӕлӕ, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ — Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд». 37 Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕрбаздӕхт ӕмӕ сӕ фынӕйӕ баййӕфта. Ӕмӕ Петрӕн загъта: «Симон, фынӕй дӕ? Ӕнӕ фынӕйӕ иу сахат нӕ бафӕрӕзтай? 38 Уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фыдӕвзарӕны ма фӕцудат. Уд фидар у, буар та — лӕмӕгъ». 39 Ногӕй та иуварс ацыди ӕмӕ куывта, уымӕй размӕ куыд куывта, афтӕ. 40 Ӕмӕ сӕм куы ӕрбаздӕхти, уӕд та сӕ фынӕйӕ баййӕфта; сӕ цӕстытӕ ӕруӕззау сты, ӕмӕ Йын цы дзуапп раттаиккой, уый нӕ зыдтой. 41 Ӕртыккаг хатт дӕр та сӕм бацыди ӕмӕ сын загъта: «Ныр дӕр ма фынӕй кӕнут ӕмӕ уӕ фӕллад уадзут? Фаг у, рӕстӕг ӕрцыд: мӕнӕ Адӕймаджы Фырты тӕригъӕдджынты къухмӕ дӕттынц. 42 Сыстут ӕмӕ цӕуӕм! Уӕртӕ Мӕ уӕйгӕнӕг ӕрбаввахс ис». Йесойы ӕрцахстой 43 Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзынди Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, йемӕ — бирӕ адӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ: алчертӕ, динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ йын сӕ йемӕ рарвыстой. 44 Уӕйгӕнӕг семӕ афтӕ ныхасгонд уыди: «Кӕмӕн аба кӕнон, Уый Йесо у. Ӕрцахсут Ӕй ӕмӕ Йӕ аивӕй акӕнут». 45 Ӕмӕ куыддӕр ӕрбахӕццӕ ис, афтӕ комкоммӕ бацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Равви!» Ӕмӕ Йын аба кодта. 46 Уыдон дӕр Ӕм фӕлӕбурдтой ӕмӕ Йӕ ӕрцахстой. 47 Йӕ разы чи лӕууыд, уыдонӕй чидӕр кард фелвӕста, алчеры цагъары дзы ныццавта ӕмӕ йын йӕ хъус ахауын кодта. 48 Уӕд Йесо адӕмӕн загъта: «Цыма абырӕджы ахсут, уыйау Мӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ куы рацыдыстут. 49 Ӕз ӕрвылбон уемӕ Кувӕндоны уыдтӕн, ахуыр кодтон адӕмы, ӕмӕ Мӕ нӕ ахстат. Фӕлӕ Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый хъуамӕ сӕххӕст уа». 50 Уӕд Ӕй ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр фӕуагътой ӕмӕ лидзынмӕ фесты. 51 Иу ӕрыгон лӕппу, йӕ бӕгънӕг буар ӕмбӕрзӕны ӕрбатыхта, афтӕмӕй цыди Йӕ фӕдыл; ӕфсӕддонтӕ йӕм фӕлӕбурдтой. 52 Лӕппу сын ӕмбӕрзӕн сӕ къухы фӕуагъта ӕмӕ бӕгънӕгӕй алыгъди. Йесо — синедрионы 53 Йесойы бакодтой алчермӕ. Сауджынтӕ, адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ динамонджытӕ ӕмбырдӕй уыдысты уым. 54 Петр дӕрддзӕфгомау цыди Йесойы фӕдыл суанг алчеры кӕрты онг. Уым хъахъхъӕнджытимӕ ӕрбадти ӕмӕ йӕхи артмӕ тавта. 55 Уыцы рӕстӕг алчертӕ ӕмӕ ӕгас синедрион агуырдтой ӕвдисӕйнӕгтӕ Йесойы ныхмӕ, цӕмӕй Йын марыны тӕрхон рахӕссой, фӕлӕ сӕ къухы ницы ӕфтыд. 56 Бирӕтӕ мӕнгӕвдисӕн лӕууыдысты Йӕ ныхмӕ, фӕлӕ сӕ ныхас кӕрӕдзиуыл нӕ бадти. 57 Цалдӕрӕй дзы сыстадысты ӕмӕ загътой: 58 «Мах нӕхи хъустӕй фехъуыстам, Уый афтӕ кӕй дзырдта: „Ӕз ацы Кувӕндон — адӕймаг кӕй сарӕзта, уый — фехалдзынӕн ӕмӕ ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн ӕндӕр, адӕймаджы къухӕй конд чи нӕ уа, ахӕм“». 59 Фӕлӕ уыдонӕн дӕр сӕ ныхӕстӕ кӕрӕдзиуыл нӕ бадтысты. 60 Уӕд алчер размӕ ралӕууыд ӕмӕ Йесойы бафарста: «Дӕ ныхмӕ цы дзурынц, уымӕн ницы дзуапп дӕттыс?» 61 Фӕлӕ Йесо ницы дзырдта, йӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд. Алчер Ӕй ногӕй бафарста: «Ды дӕ Чырысти, Арфӕгонд Хуыцауы Фырт?» 62 Йесо загъта: «Ӕз дӕн. Ӕмӕ сымах „Адӕймаджы Фырты фендзыстут Ӕппӕтхъомысы рахизфарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“». 63 Уыцы ныхӕстӕм алчер йӕ уӕлӕдарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ загъта: «Цавӕр ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы? 64 Хуыцауы куыд фауы, уый уӕхӕдӕг фехъуыстат. Цы хъуыды уӕм ис?» Се ’ппӕт дӕр Ӕй банымадтой аххосджыныл, марыны тӕрхон рахӕссыны аккаг у, зӕгъгӕ. 65 Ӕмӕ Йыл чидӕртӕ тутӕ кӕнын райдыдтой, Йӕ цӕсгом-иу Ын бамбӕрзтой, цавтой Йӕ ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд Дӕ чи ныццавта, уый-ма базон». Хъахъхъӕнджытӕ дӕр Ын Йӕ рустӕ цавтой. Петр йӕхи атигъ кодта Йесойыл 66 Ныр Петр та бынӕй, кӕрты, уыди. Алчеры лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтӕй иу уырдӕм бацыди. 67 Петры артмӕ йӕхи тавгӕ куы федта, уӕд ӕм ӕдзынӕг ныккасти ӕмӕ загъта: «Ды дӕр Назаретаг Йесоимӕ уыдтӕ». 68 Фӕлӕ Петр нӕ басасти: «Цытӕ дзурыс, ӕз уымӕн ницы зонын ӕмӕ, цы дзурыс, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнын». Уыйадыл ӕддаг кӕртмӕ рацыди, ӕмӕ уалынмӕ уасӕг ныууасыд. 69 Лӕггадгӕнӕг сылгоймаг та йӕ уым дӕр ауыдта ӕмӕ, йӕ фарсмӕ чи лӕууыд, уыдонӕн загъта: «Ай уыдонӕй у». 70 Ӕмӕ та Петр уӕддӕр нӕ басасти. Чысыл фӕстӕдӕр, уым чи лӕууыд, уыдон ногӕй загътой Петрӕн: «Нӕ, ды дӕр бӕлвырд уыдонӕй дӕ, уымӕн ӕмӕ галилейаг дӕ. [Де ’взаджы здӕхт дыл комдзог цӕуы.]» 71 Уӕд Петр ард хӕрын ӕмӕ Хуыцауӕй сомы кӕнын райдыдта: «Кӕй кой кӕнут, ӕз уыцы Адӕймаджы нӕ зонын». 72 Уӕд уасӕг дыккаг хатт ныууасыд. Ӕмӕ Петры зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ: «Уасӕг дыууӕ хатты нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи». Ӕмӕ кӕуын райдыдта. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia