Марк 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстРагзагъд Кувӕндоны тыххӕй 1 Йесо Кувӕндонӕй куы рацӕйцыд, уӕд Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу загъта: «Ахуыргӕнӕг, акӕс-ма ацы дуртӕ ӕмӕ ацы бӕстыхӕйттӕм!» 2 Йесо йын дзуапп радта: «Ацы стыр бӕстыхӕйттӕ уыныс? Уыдон афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы дур дурыл нал баззайдзӕн». Дунейы хъизӕмӕрттӕ 3 Йесо Елеоны хохыл Кувӕндоны бакомкоммӕ куы бадти, уӕд Ӕй Петр, Йаков, Иоанн ӕмӕ Андрей хибарӕй бафарстой: 4 «Зӕгъ-ма нын, уый кӕд уыдзӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕн се ’рцыды афон цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕнис?» 5 Йесо сын райдыдта дзурын: «Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа. 6 Уымӕн ӕмӕ Мӕ номӕй бирӕтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ӕз Чырысти дӕн“, ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты. 7 Хӕстӕг ӕмӕ дард хӕстыты кой куы фехъусат, уӕд-иу ма фӕтӕрсут — ӕппӕт уыдӕттӕн ӕнӕ ӕрцӕугӕ нӕй, фӕлӕ уый нырма кӕрон нӕ уыдзӕни. Ахуыргӕнинӕгты хъизӕмӕрттӕ 8 Иу адӕм сыстдзӕнис иннӕйы ныхмӕ ӕмӕ паддзахад — паддзахады ныхмӕ, ранӕй-рӕтты уыдзӕни зӕххӕнкъуыстытӕ, стонг заман скӕндзӕнис. Ӕппӕт уыдӕттӕ, сылгоймаг аргӕ-арын цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзары, уый ӕнгӕс сты. 9 Фӕлӕ сымах уӕхи цӕттӕ дарут: синагогӕты уын тӕрхон кӕндзысты ӕмӕ уӕ уым нӕмдзысты; ӕвдисӕн Мын лӕудзыстут хицӕуттӕ ӕмӕ паддзӕхты раз. 10 Фӕлӕ уал уыдӕтты размӕ ӕппӕт адӕмтӕм хъуамӕ фӕхӕццӕ уа Фарны Уац. 11 Тӕрхонмӕ уӕ куы кӕной, уӕд-иу, цы зӕгъдзыстут, ууыл рагацау ма тыхсут — дзурут-иу, тӕккӕ уыцы уысм уын цы рардӕуа, уый, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уд дзурдзӕни уӕ дзыхӕй. 12 Ӕфсымӕр ӕфсымӕры ратдзӕн мӕлӕтмӕ, фыд — йӕ хъӕбулты; цот рацӕудзысты сӕ ныййарджыты ныхмӕ ӕмӕ сӕ амардзысты. 13 Мӕн тыххӕй алкӕмӕн дӕр ӕнӕуынон суыдзыстут, фӕлӕ, кӕронмӕ чи бафӕраза, уый фервӕздзӕн. Израилы хъизӕмӕрттӕ 14 Кӕм не ’мбӕлы, уым „ӕлгъаг заууат“ куы фенат (ацы ныхӕстӕ чи кӕсы, уый сӕ йӕхӕдӕг бамбарӕд), уӕд, Иудейы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм. 15 Уӕлхӕдзар чи уа, уый уырдыгӕй йӕ хӕдзармӕ исты рахӕссынмӕ мауал ӕрхизӕд; 16 быдыры чи уа, уый дӕр хӕдзармӕ йӕ дарӕс рахӕссынмӕ мауал баздӕхӕд. 17 Мӕгуыры бон акӕндзӕни уыцы бонты сывӕрджын ӕмӕ дзидзидарӕг сылгоймӕгтыл! 18 Кувут, цӕмӕй уӕ зымӕджы ма бахъӕуа лидзын. 19 Уымӕн ӕмӕ уыцы бонты ӕрцӕудзӕн, дунесфӕлдыстӕй нырмӕ чи нӕма ӕрцыд ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕр чи нал ӕрцӕудзӕн, ахӕм ӕвирхъау бӕллӕх. 20 Ӕмӕ Бардарӕг уыцы бонтӕ куы нӕ фӕкъаддӕр кодтаид, уӕд удӕгасӕй ничиуал баззадаид. Фӕлӕ Йе ’взӕрст адӕмы — Йӕхӕдӕг кӕй равзӕрста, уыдоны сӕраппонд сӕ фӕкъаддӕр кодта. 21 Уӕд уын исчи афтӕ куы зӕгъа: „Мӕнӕ ам ис Чырысти“ кӕнӕ: „Уӕртӕ уым ис“, — ма уӕ бауырнӕд. 22 Уымӕн ӕмӕ фӕзындзысты мӕнгчырыститӕ ӕмӕ мӕнгпехуымпартӕ, равдисдзысты ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, цӕмӕй гӕнӕн ӕмӕ амалӕй ӕвзӕрстыты дӕр асайой. 23 Уӕхи хизут — ӕппӕт уыдӕттӕ уын Ӕз рагацау зӕгъын. Адӕймаджы Фырты ӕрцыд 24 Уӕд, уыцы бӕллӕхты фӕстӕ, „хур аныгуылдзӕн ӕмӕ мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс, 25 стъалытӕ арвӕй дӕлӕмӕ ӕрхаудзысты, ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты“. 26 Уӕд „Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр хъомыс ӕмӕ кадимӕ ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“. 27 Ӕмӕ уӕд арвитдзӕни Йӕ зӕдты ӕмӕ алы рӕттӕй — зӕххы кӕронӕй арвы кӕронмӕ — Йе ’взӕрстыты ӕрӕмбырд кӕндзӕн. Легъуи бӕласы ӕмбисонд 28 Райсут цӕвиттонӕн легъуи бӕлас: йӕ къалиутӕ куы ракъуыбар вӕййынц ӕмӕ сыл сыфтӕр куы фӕзыны, уӕд фӕзонут, сӕрдмӕ бирӕ кӕй нал ис. 29 Уӕдӕ сымах ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕстгӕнгӕ куы фенат, уӕд-иу зонут, афон кӕй ӕрӕввахс ис ӕмӕ ныридӕгӕн къӕсӕрыл кӕй лӕууы. 30 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр нӕма аивгъуыйдзӕн, афтӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцӕудзысты. 31 Арв ӕмӕ зӕхх нал уыдзысты, Мӕ ныхӕстӕ та мыггагмӕ дӕр уыдзысты сӕ тыхы. Иудадзыг уӕхи цӕттӕ дарут 32 Уыцы бон кӕнӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт — ӕрмӕст ӕй Фыд зоны. 33 Уӕдӕ уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ уыцы афон кӕд ӕрцӕудзӕни, уый нӕ зонут. 34 Цӕвиттон, иу лӕг цыди балцы ӕмӕ йӕ хӕдзар йӕ цагъарты бар ныууагъта, алкӕмӕн дӕр дзы бӕлвырд хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ дуаргӕсӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй къӕрцхъус уа. 35 Афтӕ сымах дӕр уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ нӕ зонут, хӕдзары хицау кӕд ӕрбаздӕхдзӕн, уый: изӕрӕй, ӕмбисӕхсӕв, кӕркуасӕнты ӕви сӕумӕрайсом. 36 Ӕнӕнхъӕлӕджы куы фӕзына, уӕд уӕ фынӕйӕ ма ӕрбаййафӕд! 37 Сымахӕн цы зӕгъын, уый алкӕмӕ дӕр хауы: уӕхи цӕттӕ дарут!» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia