Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Марк 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Сӕндоны ӕмбисонд

1 Йесо адӕмӕн райдыдта фӕсномыгӕй дзурын: «Иу лӕг сӕндон скодта. Йӕ алыварс ын сарӕзта ӕмбонд, сӕндуцӕн дзы скъахта, хъахъхъӕнӕн мӕсыг дзы самадта, стӕй кусджытӕ баххуырста ӕмӕ йӕ уыдоны бар бакодта, йӕхӕдӕг балцы ацыди.

2 Афон куы ралӕууыд, уӕд ӕххуырст кусджытӕм йӕ цагъары арвыста — сӕндонӕй йӕ тыллӕг райсынмӕ.

3 Фӕлӕ йӕ уыдон ӕрцахстой, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ афтидармӕй арвыстой.

4 Йӕ иннӕ цагъары сӕм арвыста, фӕлӕ йӕ сӕрыскъуыд фӕкодтой ӕмӕ йӕ ӕгады тард ракодтой.

5 Ӕндӕры дӕр сӕм арвыста, ӕмӕ уый та маргӕ акодтой. Ноджы ма сӕм бирӕты фервыста, ӕмӕ уыдонӕй дӕр кӕй нӕмгӕ кодтой, кӕй — маргӕ.

6 Иунӕг ӕмӕ уарзон фырт ма йын баззади, ӕмӕ сӕм ӕппынфӕстаг уый дӕр арвыста, мӕ фыртӕй мын уӕддӕр фефсӕрмы уыдзысты, зӕгъгӕ.

7 Фӕлӕ ӕххуырст кусджытӕ сӕ кӕрӕдзийӕн загътой: „Уый йӕ бындар у. Амарӕм ӕй, ӕмӕ йӕ бынтӕ мах бауыдзысты“.

8 Уыйадыл ӕй ӕрцахстой, амардтой йӕ ӕмӕ йын йӕ мард сӕндонӕй раппӕрстой.

9 Уӕдӕ ныр сӕндоны хицау цы сараздзӕн? Ӕрцӕудзӕн ӕмӕ уыцы кусджыты амарын кӕндзӕн, сӕндон та ратдзӕнис ӕндӕртӕм.

10 Ау, Сыгъдӕг Фысты нӕ бакастыстут, ӕви: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур.

11 Уый Хуыцау сарӕзта, ӕмӕ уыцы диссаг мах нӕ цӕстӕй уынӕм“?»

12 Йесо ӕмбисонд уыдоны тыххӕй кӕй ӕрхаста, уый бамбӕрстой ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Йӕ ныууагътой ӕмӕ ацыдысты.


Хъалоны тыххӕй фарст

13 Ӕмӕ Йӕм фарисейтӕй ӕмӕ Ироды фарсхӕцджытӕй кӕйдӕрты барвыстой, цӕмӕй Йӕ исты амалӕй ракъахой ӕмӕ Йын Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕкӕной.

14 Уыдон Ӕм бацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, мах зонӕм, Ды раст кӕй дӕ ӕмӕ искӕй зӕрдӕ балхӕныныл кӕй нӕ архайыс, уымӕн ӕмӕ никӕй хъулон кӕныс, фӕлӕ ӕцӕгады фӕткмӕ гӕсгӕ амоныс Хуыцауы фӕндаг. Кесӕрӕн хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ? Фидӕм ын ӕви йын ма фидӕм?»

15 Йесо сын зыдта сӕ дыдзӕсгомдзинад ӕмӕ загъта: «Цы Мӕ фӕлварут? Рахӕссут-ма Мӕм динар, ӕмӕ йӕм ӕркӕсон».

16 Ӕрбахастой Йӕм динар, ӕмӕ сӕ Уый бафарста: «Кӕй ныв ӕмӕ йыл кӕй ном ис?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Кесӕры».

17 Йесо сын загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та — Хуыцауӕн». Ӕмӕ Йыл дис кодтой.


Мӕрдты райгасы тыххӕй

18 Уӕд Йесомӕ бацыдысты саддукейтӕ (уыдон дзурынц, мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ) ӕмӕ Йӕ бафарстой:

19 «Ахуыргӕнӕг, Моисей ныффыста: „Искӕмӕн йӕ усджын ӕфсымӕр куы амӕла ӕмӕ йын зӕнӕг куынӕ баззайа, уӕд ын уый хъуамӕ йӕ идӕдзы ракура ӕмӕ дзы йе ’фсымӕры номыл цот рауадза“.

20 Уыдис авд ӕфсымӕры. Хистӕр ӕрхаста ус ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амарди.

21 Ракуырдта йӕ дыккаг ӕфсымӕр ӕмӕ уый дӕр амарди, йӕ фӕстӕ зӕнӕг нӕ ныууагъта, афтӕмӕй. Афтӕ рауад йӕ хабар ӕртыккагӕн дӕр.

22 Авдӕй йӕ куыд хистӕрӕй куырдтой, фӕлӕ дзы зӕнӕг ничи ныууагъта. Се ’ппӕты фӕстӕ сылгоймаг дӕр амарди.

23 Ныр мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд сӕ кӕцыйы ус уыдзӕн? Сӕ авды бинойнаг дӕр куы уыд».

24 Йесо сын дзуапп радта: «Нӕдӕр Сыгъдӕг Фыст, нӕдӕр Хуыцауы тых кӕй нӕ зонут, уый уӕ нӕ рӕдийын кӕны, ӕви?

25 Мӕрдты райгасы фӕстӕ адӕм нӕдӕр ус курдзысты, нӕдӕр мой кӕндзысты, фӕлӕ уыдзысты уӕларвон зӕдты ӕнгӕс.

26 Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй та Моисейы чиныджы нӕ бакастыстут, Хуыцау ӕм сындзы къутӕрӕй куыд радзырдта: „Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Йаковы Хуыцау“?

27 Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, удӕгӕсты Хуыцау у. Уӕдӕ сымах тынг рӕдийут».


Иууыл ахсджиагдӕр фӕдзӕхст

28 Динамонджытӕй сын иу хъуыста сӕ быцӕумӕ ӕмӕ, куыд хорз дзуапп сын лӕвӕрдта, уый фиппайгӕйӕ, Йесомӕ бацыд ӕмӕ Йӕ бафарста: «Фӕдзӕхстытӕй кӕцы у сӕйрагдӕр?»

29 Йесо йын дзуапп радта: «Ӕппӕты сӕйрагдӕр у мӕнӕ ацы фӕдзӕхст: „Байхъус, Израил! Нӕ Дунедарӕг Хуыцауы йеддӕмӕ ӕндӕр хуыцау нӕй.

30 Ӕмӕ уарз дӕ Бардарӕг Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ“.

31 Дыккаг ахсджиаг фӕдзӕхст та ахӕм у: „Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз“. Адонӕй ахсджиагдӕр фӕдзӕхстытӕ нӕй».

32 Динамонӕг Ын загъта: «Раст дзурыс, Ахуыргӕнӕг. Хуыцау иу кӕй у ӕмӕ ӕндӕр Хуыцау кӕй нӕй, уымӕй раст дӕ.

33 Ӕмӕ „Йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт зондӕй, ӕппӕт хъаруйӕ уарзын“, стӕй, „дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарзын“ — уый ӕппӕт иууылсудзинаг ӕмӕ ӕппӕт иннӕ нывӕндтӕй ахсджиагдӕр у».

34 Йесо дзы ӕмбаргӕ адӕймаджы дзуапп куы фехъуыста, уӕд ын загъта: «Хуыцауы Паддзахадӕй дард нӕ дӕ». Уый фӕстӕ Йесойы бафӕрсынмӕ йӕ ныфс ничиуал хаста.


Чырысти ӕмӕ Давид

35 Йесо дарддӕр адӕмы ахуыр кодта Кувӕндоны ӕмӕ сӕ фарста: «Динамонджытӕ Чырыстийӕ, Давиды байзӕддаг у, зӕгъгӕ, куыд дзурынц?

36 Давид йӕхӕдӕг афтӕ куы дзырдта, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй: „Дунедарӕг загъта мӕ Бардарӕгӕн: сбад Мӕ рахизфарс, ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн“.

37 Уӕдӕ Йӕ кӕд Давид йӕ Бардарӕг хоны, уӕд Уый йӕ байзӕддаг куыд у?» Бирӕ адӕм Йесомӕ зӕрдиагӕй хъуыстой.

38 Ӕмӕ сӕ Йесо ахуыр кодта: «Уӕхи хизут динамонджытӕй. Уыдон уарзынц даргъ дарӕсты цӕуын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын;

39 уарзынц синагогӕты раззаг бынӕтты ӕмӕ минасы фынгыл уӕле бадын;

40 уыдон хӕрынц идӕдзты хӕдзӕрттӕ, цӕстмӕ кувынц бирӕ. Ахӕмтӕ карз ӕфхӕрд баййафдзысты».


Идӕдз усы мысайнаг

41 Йесо ӕрбадти Кувӕндоны хӕзнадоны бакомкоммӕ ӕмӕ кастис, адӕм дзы ӕхца куыд ӕвӕрынц, уымӕ. Хъӕздгуытӕй бирӕтӕ ӕвӕрдтой бирӕ ӕхца.

42 Иу мӕгуыр идӕдз ус бацыд ӕмӕ дзы дыууӕ лептӕйы — иу кодрант — нывӕрдта.

43 Йесо фӕдзырдта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕртӕ уыцы мӕгуыр идӕдз ус се ’ппӕтӕй фылдӕр нывӕрдта хӕзнадоны.

44 Иннӕтӕ иууылдӕр хай ӕвӕрдтой сӕ исбоны уӕлдайӕ, уыцы мӕгуыр сылгоймаг та нывӕрдта, цыдӕриддӕр ӕм уыдис, уый — йӕ хойраджы аргъ».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan