Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Марк 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Ус ауадзыны тыххӕй

1 Уырдыгӕй Йесо ацыд Иудейы зӕхмӕ ӕмӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ ахызти. Адӕм та Йыл ногӕй ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ та сын иннӕ хӕттытау амыдта.

2 Бацыдысты Йӕм фарисейтӕ ӕмӕ Йӕ бафӕлварыны охыл бафарстой: «Лӕгӕн йӕ усы ауадзын ӕмбӕлы?»

3 Йесо сын дзуапп радта: «Моисей уын цы бафӕдзӕхста?»

4 Уыдон загътой: «Моисей бар радта лӕгӕн йӕ усы ауадзын, ӕрмӕст ын ахицӕны гӕххӕтт ныффыссӕд».

5 Йесо сын загъта: «Моисей уын ахӕм фӕдзӕхст, хивӕнд кӕй стут, уый тыххӕй радта.

6 Фӕлӕ райдианы Хуыцау „сфӕлдыста нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы“.

7 „Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕни йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады,

8 баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ суыдзысты иу буар“. Афтӕмӕй уыдон уыдзысты дыууӕ нӕ, фӕлӕ иу буар.

9 Уӕдӕ Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма фӕхицӕн кӕнӕд».

10 Хӕдзары та Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ногӕй бафарстой уый тыххӕй.

11 Йесо сын загъта: «Йӕ усӕй чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕр ус чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны ӕмӕ уымӕй йӕ фыццаг усы тӕригъӕды цӕуы.

12 Сылгоймаг куы ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕрмӕ куы смой кӕна, уӕд уый дӕр хӕтгӕ кӕны».


Йесойы арфӕ сабитӕн

13 Йесомӕ адӕм сӕ сывӕллӕтты хастой, цӕмӕй сыл андзӕва, фӕлӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ уагътой.

14 Йесо уый куы федта, уӕд смӕсты ис ӕмӕ сын загъта: «Уадз ӕмӕ Мӕм сабитӕ цӕуой, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ уыцы сывӕллӕтты хуызӕн чи у, Хуыцауы Паддзахад уыдоны у.

15 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахадыл сывӕллонау чи нӕ баууӕнда, уый йӕм нӕ бацӕудзӕн».

16 Ӕмӕ сабиты Йӕ хъӕбысы ӕрбатыхта, Йӕ къухтӕ сыл авӕрдта ӕмӕ сын раарфӕ кодта.


Йесо ӕмӕ хъӕздыг лӕппу

17 Йесо Йӕ фӕндагыл дарддӕр куы араст, уӕд ма Йӕм иу чидӕр ӕрбазгъордта. Йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ Йӕ бафарста: «Хорз Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсынӕн цы саразон?»

18 Йесо йын дзуапп радта: «Цӕмӕн Мӕ хоныс хорз? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у.

19 Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын зоныс: „Ма амар“, „Ма хӕт“, „Ма дав“, „Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу“, „Ма сай“, „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“».

20 Уый Йесойӕн загъта: «Ахуыргӕнӕг, ӕппӕт уыдӕттӕ ме ’взонджы бонтӕй ӕххӕст кӕнын».

21 Йесо йӕм бакасти, Йӕ зӕрдӕйӕн фӕадджын ис, ӕмӕ йын загъта: «Иу хъуыддаг ма дын нӕ фаг кӕны: ацу ӕмӕ дӕм цыдӕриддӕр ис, уый ауӕй кӕн, де ’хца мӕгуыртыл байуар, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».

22 Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, уый хорзау нал фӕци ӕмӕ ӕнкъардӕй ацыд, уымӕн ӕмӕ йӕм бирӕ мулк уыди.

23 Йесо йӕ алыварс акаст ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕвӕдза, куыд зын у бонджынтӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын!»

24 Йӕ ныхӕстӕ ахуыргӕнинӕгты дисы бафтыдтой. Фӕлӕ сын Йесо ногӕй загъта: «Мӕ хъӕбултӕ, ӕвӕдза, [мулкӕй ныфс кӕй ис, уымӕн] куыд зын у Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын!

25 Хъӕздыгӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины быныл ахизын ӕнцондӕр у».

26 Ахуыргӕнинӕгтӕм уый тынг диссаг фӕкаст, ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уӕдӕ чи фервӕздзӕн?»

27 Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Уый адӕймаджы бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕн бантысдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн алцыдӕр у Йӕ бон».

28 Уӕд Ын Петр райдыдта дзурын: «Мӕнӕ мах ныууагътам ӕппӕт дӕр ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл».

29 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ сӕраппонд ӕмӕ Фарны Уацы сӕраппонд йӕ хӕдзар, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты, йӕ мад, йӕ фыды, [йӕ усы] йӕ сывӕллӕтты кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууадза, уыдонӕй иу дӕр ахӕм нӕй,

30 ӕмӕ, кӕд ӕфхӕрд ӕййафдзӕн, уӕддӕр ныридӕгӕн, ацы заманы, фондзыссӕдз хатты фылдӕр чи нӕ райса хӕдзӕрттӕ, ӕфсымӕртӕ, хотӕ, мадӕлтӕ, сывӕллӕттӕ ӕмӕ зӕххытӕ, фидӕны та — мыггагмӕйы цард.

31 Фӕлӕ фыццӕгтӕй бирӕтӕ уыдзысты фӕстӕгтӕ, фӕстӕгтӕй та — фыццӕгтӕ».


Йесо ӕртыккаг хатт дзуры Йӕ мӕлӕт ӕмӕ Йӕ райгасы тыххӕй

32 Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ фӕндаг дардтой Йерусалиммӕ. Йесо цыди разӕй, ӕмӕ Йыл Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дис кодтой, Йӕ фӕдыл цӕуӕг адӕмы та тас бацыди. Йесо фӕхибар кодта дыууадӕсы ӕмӕ сын ногӕй райдыдта дзурын, цы Йыл ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй:

33 «Ныр мах цӕуӕм Йерусалиммӕ, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕм, ӕмӕ Йын уыдон марыны тӕрхон рахӕсдзысты, стӕй Йӕ муртаттӕгты къухтӕм ратдзысты.

34 Уыдон Ын алы ӕфхӕрӕн митӕ кӕндзысты, ехсӕй Йӕ нӕмдзысты, тутӕ Йыл кӕндзысты ӕмӕ Йӕ амардзысты. Фӕлӕ ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзӕн».


Йаков ӕмӕ Иоанны курдиат

35 Йесомӕ бацыдысты Зеведейы фырттӕ Йаков ӕмӕ Иоанн ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, фӕнды нӕ, цӕмӕй нын нӕ курдиат сӕххӕст кӕнай».

36 Йесо сӕ бафарста: «Зӕгъут-ма, цы уӕ хъӕуы, цы уын саразон?»

37 Уыдон Ын дзуапп радтой: «Дӕ кады афон куы ралӕууа, уӕд нӕ иуы сбадын кӕн Дӕ рахизфарс, иннӕйы та — Дӕ галиуфарс».

38 Йесо сын загъта: «Цы курут, уый уӕхӕдӕг дӕр не ’мбарут. Ӕз цы хъизӕмӕртты кӕхцӕй нуазын, уый бануазын кӕнӕ, Ӕз Мӕхимӕ кӕй исын, ахӕм аргъуыд райсын уӕ бон бауыдзӕн?»

39 Уыдон Ын дзуапп радтой: «Бауыдзӕн». Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Ӕз цы хъизӕмӕртты кӕхцӕй нуазын, уымӕй нуаздзыстут ӕмӕ уыл саргъуыдӕуыдзӕн, Ӕз кӕй райсдзынӕн, ахӕм аргъуыдӕй.

40 Мӕ рахизфарс ӕмӕ Мӕ галиуфарс чи ӕрбаддзӕн, уый та Мӕнӕй аразгӕ нӕу — уыцы бынӕттӕ кӕмӕн ӕрцӕттӕ чындӕуыд, уыдон дзы сбаддзысты».

41 Иннӕ дӕс ахуыргӕнинаджы уый куы фехъуыстой, уӕд Йаков ӕмӕ Иоаннмӕ смӕсты сты.

42 Йесо фӕдзырдта се ’ппӕтмӕ дӕр ӕмӕ сын загъта: «Сымах зонут, ӕлдӕрттӕ кӕй хонынц, уыдон адӕмтыл хицауиуӕг кӕй кӕнынц ӕмӕ хицӕуттӕн адӕмтыл сӕ бар кӕй цӕуы, уый.

43 Сымахмӕ та афтӕ ма уӕд. Уӕлдӕр уӕвын уӕ кӕй фӕнды, уый иннӕтӕн уӕд лӕггадгӕнӕг;

44 фыццаг уӕвын уӕ кӕй фӕнды, уый уе ’ппӕтӕн дӕр уӕд цагъар.

45 Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной. Уый ӕрцыди, цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕты сӕрибары сӕраппонд ратта Йӕ цард».


Куырм Вартимей цӕстӕй куыд ракаст

46 Ӕрхӕццӕ сты Йерихонмӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ бирӕ адӕмимӕ уырдыгӕй куы рацӕйцыди, уӕд иу куырм лӕг, мӕгуыргур Вартимей, Тимейы фырт, бадти фӕндаггӕрон.

47 Йӕ рӕзты Назаретаг Йесо фӕцӕуы, уый куы фехъуыста, уӕд хъӕр систа: «Йесо, Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!»

48 Бирӕтӕ архайдтой, цӕмӕй ныхъхъус уа, ууыл, фӕлӕ уый ноджы тынгдӕр хъӕр кодта: «Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!»

49 Йесо ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Фӕдзурут ӕм». Куырм лӕгмӕ фӕдзырдтой ӕмӕ йын загътой: «Ма тӕрс, сыст, дзуры дӕм!»

50 Уый йӕ пӕлӕз феппӕрста, фӕгӕпп кодта ӕмӕ Йесомӕ базгъордта.

51 Йесо йӕ бафарста: «Цы дӕ фӕнды? Цӕмӕй дын баххуыс кӕнон?» Куырм Ын дзуапп радта: «Раввуни, мӕн фӕнды, цӕмӕй мӕ цӕстытӕй ракӕсон».

52 Йесо йын загъта: «Ацу, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Куырм уыцы сахат цӕстӕй ракаст ӕмӕ Йесойы фӕдыл ацыди.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan