Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Марк 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Аргъауӕг Иоанн

1 Хуыцауы Фырт Йесо Чырыстийы Фарны Уацы райдайӕн.

2 Пехуымпар Исайамӕ афтӕ фыст ис: «Мӕнӕ Ӕз Мӕ фидиуӕджы ӕрвитын Дӕ разӕй, ӕмӕ Дын уый ӕрцӕттӕ кӕндзӕни Дӕ фӕндаг.

3 Ӕдзӕрӕг быдыры хъуысы фидиуӕджы хъӕлӕс: „Ӕрцӕттӕ кӕнут Бардарӕгӕн фӕндаг, сӕмраст Ын кӕнут Йӕ цӕуӕнтӕ“».

4 Ӕдзӕрӕг быдыры фӕзынд Иоанн. Уый аргъуыдта донӕй ӕмӕ амыдта, зӕгъгӕ, адӕм куы ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ уый нысанӕн донаргъуыд куы райсой, уӕд сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕудзысты.

5 Цыдысты йӕм адӕм Иудейы алы кӕрӕттӕй ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ иууылдӕр, ӕргом састысты сӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ сыл Иоанн аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны.

6 Иоаннӕн йӕ уӕлӕдарӕс уыди теуайы хъуынӕй, йӕ астӕуыл дардта гӕрзӕй рон, хъӕддаг мыдыбындзыты мыд ӕмӕ мӕтыхтӕ уыдысты йӕ хойраг.

7 Уый адӕмӕн дзырдта: «Мӕ фӕстӕ ӕрбацӕуы мӕнӕй Тыхджындӕр. Ӕз, ӕргуыбыр кӕнон ӕмӕ Йын Йӕ дзабыры бос райхалон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн.

8 Ӕз сымахыл аргъуыдтон донӕй, Уый та уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй».


Йесойы донаргъуыд

9 Уыцы рӕстӕг Йесо ӕрцыди галилейаг Назаретӕй, ӕмӕ Йыл Иоанн донӕй саргъуыдта Иорданы.

10 Йесо донӕй куы рацӕйхызт, уӕд федта, арвы дуар куыд фегом ис ӕмӕ Йӕм бӕлоны хуызы Сыгъдӕг Уд куыд ӕрцӕйцыди, уый.

11 Ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти: «Ды Мӕ уарзон Фырт дӕ, Ӕз Дӕуыл аудын».

12 Ӕмӕ уайсахат Сыгъдӕг Уд Йесойы ӕдзӕрӕг быдырмӕ акодта.

13 Ӕдзӕрӕг быдыры Йесо фӕци дыууиссӕдз боны, ӕмӕ Йӕ уым сайтан фӕлвӕрдта. Йесо уыди сырдты ӕхсӕн, зӕдтӕ Йын лӕггад кодтой.


Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ

14 Иоанны куы ӕрцахстой, уӕд Йесо ӕрбацыди Галилеймӕ ӕмӕ хъусын кодта Хуыцауы Фарны Уац:

15 «Ӕрцыдис афон ӕмӕ ӕрхӕстӕг ис Хуыцауы Паддзахад! Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл ӕмӕ Фарны Уацыл ӕууӕндут!»

16 Йесо Галилейы денджызы былгӕрӕтты фӕцӕйцыд ӕмӕ федта, Симон ӕмӕ йе ’фсымӕр Андрей сӕ хызтӕ денджызмӕ куыд ӕппӕрстой, уый — кӕсагахсджытӕ уыдысты.

17 Йесо сын загъта: «Рацӕут Мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ Ӕз адӕймагахсджытӕ сараздзынӕн».

18 Уыдон сӕ хызтӕ фӕуагътой ӕмӕ Йӕ фӕдыл ацыдысты.

19 Йесо уырдыгӕй чысыл фалдӕр куы бауад, уӕд кӕсы, ӕмӕ Зеведейы фырт Йаков йе ’фсымӕр Иоаннимӕ бӕлӕгъы сӕ хызтӕ ӕмпъузынц.

20 Йесо сӕм ӕвӕстиатӕй фӕсидти. Уыдон сӕ фыд Зеведейы йе ’ххуырст кусджытимӕ бӕлӕгъы ныууагътой ӕмӕ Йӕ фӕдыл ацыдысты.


Хӕйрӕджджын синагогӕйы сдзӕбӕх

21 Ӕрцыдысты Капернауммӕ. Куыддӕр сабат ралӕууыд, афтӕ Йесо бацыди синагогӕмӕ ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнын райдыдта.

22 Ӕмӕ сӕ дисы ӕфтыдта Йӕ ахуырад, уымӕн ӕмӕ сын динамонджытау нӕ, фӕлӕ барджынӕй амыдта.

23 Синагогӕйы уыди хӕйрӕджджын адӕймаг ӕмӕ хъӕр систа:

24 «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый — Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ».

25 Йесо ӕнӕзӕгъинагӕн карзӕй загъта: «Ныхъхъус у ӕмӕ ӕддӕмӕ рацу!»

26 Ӕнӕзӕгъинаг ныууыгъта уыцы адӕймаджы, ныцъцъӕхахст кодта ӕмӕ дзы рацыди.

27 Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ кӕрӕдзийы фарстой: «Уый цы уа? Уый цавӕр ног ахуырад у? Барджынӕй куы дзуры, ӕмӕ Йын ӕнӕзӕгъинӕгтӕ дӕр Йӕ бардзырд куы ӕххӕст кӕнынц».

28 Ӕгас Галилейыл Йесойы кой уайтагъд айхъуысти.


Петры усы мад ӕмӕ иннӕ рынчынтӕ сдзӕбӕх сты

29 Уыйадыл синагогӕйӕ рацыдысты, ӕмӕ Йесо Йаков ӕмӕ Иоаннимӕ ацыди Симон ӕмӕ Андрейы хӕдзармӕ.

30 Симоны усы мад сади тӕвднизӕй, ӕмӕ йӕ уайтагъд Йесойӕн загътой.

31 Йесо йӕм бацыд, йӕ къухыл ын рахӕцыд ӕмӕ йӕ рабадын кодта. Сылгоймагӕн йӕ тӕвд ӕрхауд, ӕмӕ сын лӕггад кӕнын райдыдта.

32 Хур куы аныгуылд ӕмӕ куы баизӕр ис, уӕд Ӕм райдыдтой рынчынтӕ ӕмӕ хӕйрӕджджынты кӕнын,

33 ӕмӕ ӕгас сахар сӕ дуармӕ ӕрӕмбырд ис.

34 Йесо сдзӕбӕх кодта, алыхуызон низтӕй рынчын чи уыди, бирӕ ахӕм адӕмы. Бирӕтӕн фӕсырдта сӕ дӕлимонты, фӕлӕ ӕнӕзӕгъинӕгты дзурын нӕ уагъта, уымӕн ӕмӕ, Чи у, уый зыдтой.


Йесо хъусын кӕны Фарны Уац

35 Сӕударӕй Йесо сыстад ӕмӕ хӕдзарӕй рацыд, хибар ранмӕ Йӕхи айста ӕмӕ уым куывта.

36 Симон йе ’мбӕлттимӕ Йӕ агурӕг ацыди.

37 Куы Йӕ ссардтой, уӕд Ын загътой, адӕм иууылдӕр Дӕу агурынц, зӕгъгӕ.

38 Йесо сын загъта: «Цомут ӕндӕр рӕттӕм, ӕмӕ ӕввахс хъӕуты дӕр Фарны Уац хъусын кӕнон, уымӕн ӕмӕ Ӕз уый тыххӕй ӕрцыдтӕн».

39 Ӕмӕ Галилейы ӕппӕт синагогӕты хъусын кодта Фарны Уац, адӕмы ирвӕзын кодта дӕлимонты ахӕстӕй.


Хъотырджын сдзӕбӕх

40 Йесомӕ ӕрцыди хъотырджын, йӕ зонгуытыл ӕрхауди Йӕ разы ӕмӕ Йын ныллӕгъстӕ кодта: «Ӕрмӕст Дӕ бафӕндӕд, ӕмӕ мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ».

41 Йесо йын фӕтӕригъӕд кодта, къухӕй йыл бандзӕвыд ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ, сдзӕбӕх у».

42 Хъотырджын уайтагъд фервӕзти йӕ низӕй ӕмӕ ссыгъдӕг ис.

43 Уыйадыл ӕй Йесо уырдыгӕй рарвыста. Карзӕй йын загъта:

44 «Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн ӕмӕ Моисейы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ нывонд ӕрхӕсс де ссыгъдӕджы тыххӕй, цӕмӕй йӕ иууылдӕр феной».

45 Фӕлӕ уый ацыд ӕмӕ хабар дӕрдтыл айхъуысын кодта. Уыйадыл Йесойӕн сахартӕм ӕргомӕй бацӕуӕн нал уыд ӕмӕ-иу хибар рӕтты баззади. Фӕлӕ Йӕм уӕддӕр алырдыгӕй цыдысты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan