Малахиа 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Ӕрхӕццӕ уыдзӕн Мӕ Тӕрхоны бон, пиллон калдзӕнис пецау. Уӕд сӕрыстыртӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ хъӕмпы хуызӕн суыдзысты, цы бон ӕрцӕудзӕн, уый сӕ басудздзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — нӕ сӕ ныууадздзӕнис нӕдӕр уидаг, нӕдӕр къалиутӕ. 2 Сымахыл та, Мӕ номӕн кад чи кӕны, уыдоныл, скӕсдзӕни рӕстдзинады хур. Йӕ тынтӕ ӕвдадзы хос сты, ӕмӕ, фосдонӕй ӕддӕмӕ кӕй рауагътой, уыцы хӕрзхаст родтау гӕппытӕ кӕндзыстут. 3 Ӕнӕхуыцӕутты бассӕнддзыстут, ӕмӕ уӕ къӕхты бын рыг фестдзысты, Ӕз кӕй снысан кодтон, уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. 4 Ма рох кӕнут Мӕ цагъар Моисейы Ӕгъдау, Хоревы хохы сӕрыл ӕппӕт Израилӕн кӕй радтон, уый, Мӕ домӕнтӕ ӕмӕ Мӕ уагӕвӕрдтӕ. 5 Мӕнӕ уӕм ӕз Дунедарӕджы стыр ӕмӕ тӕссаг боны размӕ арвитдзынӕн пехуымпар Илийайы. 6 Уый фыдӕлты зӕрдӕтӕ аздахдзӕни сӕ байзӕддаджы ’рдӕм, байзӕддаджы зӕрдӕтӕ та — сӕ фыдӕлтӕм, цӕмӕй, куы ’рцӕуон, уӕд зӕхх ӕлгъыстаг ма фӕкӕнон. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia