Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Малахиа 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Сауджынтӕ, мӕнӕ уын Мӕ фӕдзӕхст:

2 куынӕ Мӕм хъусат ӕмӕ Мын Мӕ номӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ кад куынӕ кӕнат, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — уӕд уын Ӕз ралгъитдзынӕн уӕ арфӕтӕ, ныридӕгӕн сӕ ’лгъитын, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ номӕн зӕрдиагӕй кад нӕ кӕнут.

3 Уӕ мыггагыл уын хъоды бакӕндзынӕн, уӕ цӕсгӕмттыл уын, нывондӕн кӕй хӕссут, уӕ уыцы фосы фаджыс фӕкалдзынӕн, ӕмӕ уӕ йемӕ аппардзысты.

4 Ӕмӕ уӕд, Левиимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый кӕй ӕххӕст кӕнын ӕмӕ ахӕм бардзырд уымӕн кӕй радтон, уый базондзыстут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —

5 Мӕ фидыды йын Ӕз балӕвар кодтон цард ӕмӕ амонд, ӕмӕ йын дыууӕ дӕр радтон, цӕмӕй Мын кад кӕна, Мӕ номы раз Мын аргъуыц кӕна, уый тыххӕй.

6 Йӕ дзыхӕй хъуысти рӕстдзинады Ӕгъдау, сайӕн ныхас дзы никуы схауд, амондджын ӕмӕ рӕстудӕй Мын лӕггад кодта, бирӕты аздӕхта тӕригъӕдӕй.

7 Сауджыны дзыхӕй хъуамӕ, Хуыцауы базонынӕн пайда цы у, уыдӕттӕ хъуысой, йӕ ныхӕсты йын Хуыцауы Ӕгъдау агурынц, уымӕн ӕмӕ уый Уӕларвӕфсады Бардарӕджы минӕвар у.

8 Фӕлӕ сымах уыцы фӕндагӕй азылдыстут, ӕмӕ бирӕты фӕрӕдийын кодтат, Ӕгъдауы домӕнтӕ нал ӕххӕст кӕнынц. Левиимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый фехӕлдтат, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —

9 Мӕ фӕндагыл кӕй нӕ цыдыстут ӕмӕ Мын Ме ’гъдау кӕй сзыгъуыммӕ кодтат, уый тыххӕй уӕ Ӕз ӕппӕт адӕмы раз ӕрныллӕг ӕмӕ сӕлгъаг кӕндзынӕн.

10 Иу Фыд нӕй не ’ппӕтӕн дӕр? Иу Хуыцау нӕ не сфӕлдыста? Уӕдӕ кӕрӕдзиуыл сайдӕй цӕмӕн цӕуӕм, цӕмӕн халӕм нӕ фыдӕлты фидыд?

11 Иудӕ ракодта мӕнгард ми, ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ арӕзт цӕуынц Йерусалим ӕмӕ ӕгас Израилы. Иудӕ фегад кодта, Дунедарӕг кӕй уарзта, уыцы Кувӕндон, ӕцӕгӕлон хуыцаумӕ чи куывта, ахӕм чызджы ӕрхаста.

12 Уыдӕттӕ чи кӕны ӕмӕ афтӕмӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн нывӕндтӕ чи хӕссы, уымӕн Дунедарӕг Израилы цатырты йӕ байзӕддӕгты иууылдӕр ныццӕгъддзӕн.

13 Ӕмӕ ма ноджы мӕнӕ цытӕ кӕнут: Дунедарӕджы нывондхӕссӕны раз кӕут ӕмӕ дзыназут, Дунедарӕг уын уӕ нывӕндтӕм кӕй не ’ркӕсы ӕмӕ сӕ кӕй нал айсы, уый тыххӕй.

14 Сымах зӕгъут: «Цӕй тыххӕй?» Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, ӕвзонгӕй дын чи уыд, дӕ уыцы ус ӕмӕ де ’хсӕн ӕвдисӕн ныллӕууыд, ды та йыл рацыдтӕ гадзрахатӕй, афтӕмӕй уый дӕ цардӕмбал у, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ — де ’мкъай.

15 Хуыцау уӕ уд ӕмӕ буарӕй дӕр не сиу кодта? Ӕмӕ иу чи сси, уымӕн йӕ нысан цӕй мидӕг уыди? Хуыцау кӕй ралӕвар кодта, уыцы цоты агурын. Уӕдӕ хъахъхъӕнут уӕ удтӕ, ӕмӕ уӕ алчидӕр, йе ’взонджы бонты цы бинойнаджы ӕрхаста, ууыл гадзрахатӕй ма рацӕуӕд.

16 Усы ауагъд мын ӕнӕуынон у, уый, адӕймаг йӕхи тыхмийӕ куы сӕгад кӕна, уымӕй уӕлдай нӕу, — зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау. Хъахъхъӕнут уӕ удтӕ ӕмӕ, гадзрахатӕй чи рацӕуы, ахӕмтӕ ма ут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.

17 Сымах Дунедарӕджы уӕ ныхӕстӕй смӕсты кӕнут, уӕхӕдӕг дзурут, цӕмӕй Йӕ кӕнӕм мӕсты, зӕгъгӕ. Дунедарӕг алы фыдгӕнӕгмӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕсы ӕмӕ ахӕмтыл ауды, зӕгъгӕ, кӕй фӕзӕгъут, уымӕй. Ноджы ма сымах зӕгъут: «Кӕм ис рӕстдзинады Хуыцау?»

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan