Малахиа 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Дунедарӕг Малахиайы уылты Израилӕн хъусын кӕны рагуац: 2 — Израилӕгтӕ! Ӕз уӕ бауарзтон, — зӕгъы Дунедарӕг, — фӕлӕ Мын сымах дзурут: «Цӕмӕй нын равдыстай дӕ уарзондзинад?» Ау, Исав ӕмӕ Йаков ӕфсымӕртӕ не сты? — зӕгъы Дунедарӕг. — Фӕлӕ Ӕз Йаковы бауарзтон, 3 Исав та мын ӕнӕуынон сси. Йӕ хӕхтӕй йын ӕдзӕрӕг быдыр сарӕзтон, йӕ зӕххыл ын хъӕддаг куыйты ӕрцӕрын кодтон. 4 Едомӕгтӕ зӕгъдзысты: «Ныддӕрӕн нӕ кодтой, нӕ хӕлддзӕгтӕ ногӕй рацаразӕм». Фӕлӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Уыдон сараздзысты, Ӕз та сӕ ногӕй ныппырх кӕндзынӕн; схондзысты сӕ ӕлгъыст бӕстӕ, Дунедарӕг мыггагмӕ кӕй ралгъыста, ахӕм адӕм. 5 Уыдӕттӕ уӕхи цӕстӕй фендзыстут ӕмӕ зӕгъдзыстут: «Дунедарӕджы хъомыс Израилы арӕнтӕй дарддӕр аххӕссыд». 6 — Фырт кад кӕны йӕ фыдӕн, цагъар — йӕ хицауӕн. Кӕд Ӕз уӕ Фыд дӕн, уӕд Мын кад цӕуылнӕ кӕнут? Кӕд уӕ Хицау дӕн, уӕд Мӕ разы аргъуыц цӕуылнӕ кӕнут? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Сауджынтӕ, Мӕ ном Мын сӕгад кодтат, уӕхӕдӕг ма Мӕ ноджы, цӕмӕй, зӕгъгӕ, фӕрсут. 7 Мӕ нывондхӕссӕнмӕ Мын нӕфӕтчиаг дзул ӕрбахӕссут ӕмӕ ма уый фӕстӕ дзурут, цӕмӕй Дӕ кӕнӕм ӕгад, зӕгъгӕ. Дунедарӕджы фынг кады аккаг нӕу, зӕгъгӕ, кӕй дзурут, уымӕй. 8 Науӕд нывондӕн куырм, къуылых кӕнӕ рынчын фосы кӕй ӕрбахӕссут, уый уӕм хорз кӕсы? Де ’лдары размӕ-ма сӕ бахӕсс, цымӕ дӕ разыйӕ баззайдзӕн ӕмӕ дӕм хорз цӕстӕй ракӕсдзӕн? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. 9 Уӕдӕ кувут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын ныххатыр кӕна. Фӕлӕ Йын ахӕм нывӕндтӕ куы хӕссат, уӕд уӕ Йӕ хорзӕхы аккаг куыд хъуамӕ скӕна? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — 10 Фӕлтау сымахӕй исчи Кувӕндоны дуӕрттӕ куы сӕхгӕнид, цӕмӕй Мын Мӕ нывондхӕссӕныл арт дзӕгъӕлы мауал судзат. Мӕ зӕрдӕ уӕ нӕ райы, уӕ нывӕндтӕ уын нӕ айсдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. 11 Скӕсӕнӕй ныгуылӕны онг адӕмты ’хсӕн скадджын уыдзӕн Мӕ ном! Алы ран Мӕ номы кадӕн буд судздзысты, сыгъдӕг нывӕндтӕ Мын ӕрхӕсдзысты. Адӕмтӕ Мын стаудзысты Мӕ ном, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — 12 Сымах Мын цъыф калут Мӕ номыл, афтӕ уӕм кӕсы, цыма Дунедарӕджы фынг уаз нӕу. Йӕ уӕлӕ йын цы хойраг сӕвӕрынц, уый кады аккаг нӕ кӕнут. 13 Уӕхимӕ гӕсгӕ тынг бафыдӕбон кӕнут, Мӕ размӕ Мын сахъат, къуылых кӕнӕ рынчын фосы нывондӕн куы ’рбахӕссут, уӕд, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ахӕм нывонд Ӕз уӕ къухтӕй куыд хъуамӕ айсон? — зӕгъы Дунедарӕг. — 14 Йӕ рӕгъауы ӕнӕсахъат нӕлвос кӕмӕн ис, афтӕмӕй Дунедарӕгӕн цӕнкуыл фосы нывондӕн чи ’рбахӕссы, уыцы фӕлитой ӕлгъыст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн хъомысджын Паддзах, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Мӕ ном стыр тасы ӕфтауы адӕмты. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia