Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Лука 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йесо апостолты уацамынд кӕнынмӕ арвиты

1 Йесо фӕсидти Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сын радта тых, цӕмӕй ӕппӕт дӕлимонтыл дӕр сӕ бар цӕуа ӕмӕ адӕмы дзӕбӕх кӕной сӕ низтӕй.

2 Арвыста сӕ адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады уац фехъусын кӕнынмӕ, стӕй рынчынты дзӕбӕх кӕнынмӕ.

3 Бафӕдзӕхста сын: «Мацы райсут фӕндагмӕ — нӕдӕр лӕдзӕг, нӕдӕр хордзен, нӕдӕр хойраг, нӕдӕр ӕхца, нӕдӕр ивӕн дарӕс.

4 Цыфӕнды хӕдзармӕ куы бацӕуат, уӕддӕр-иу дзы баззайут, цалынмӕ уырдыгӕй бынтондӕр нӕ рацӕуат, уӕдмӕ.

5 Кӕм уӕ не суазӕг кӕной, уыцы сахарӕй цӕугӕйӕ та-иу уӕ къӕхты рыг ӕрцӕгъдут — аххосджын кӕй сты, уый ӕвдисӕйнагӕн».

6 Ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ зылдысты хъӕутыл, алы ран дӕр хъусын кодтой Фарны Уац ӕмӕ дзӕбӕх кодтой рынчынты.


Ирод Антипӕйы хъынцъым

7 Ӕппӕт уыцы цауты кой фехъуыста тетрарх Ирод ӕмӕ, цы хъуыды кӕна, уый нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ иутӕ дзырдтой, уый, дам, Иоанн мӕрдтӕй растади, зӕгъгӕ;

8 иннӕтӕ — Илийа, дам, ӕрцыдис; аннӕтӕ та — кӕддӕры пехуымпартӕй, дам, чидӕр райгас ис.

9 Фӕлӕ Ирод загъта: «Иоаннӕн ӕз йӕ сӕр куы акъуырдтон, уӕд уыдӕттӕ Кӕй тыххӕй хъусын, Уый та чи у?» Ӕмӕ архайдта Йесойы феныныл.


Фондз мин лӕджы бафсадыны хабар

10 Апостолтӕ фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд Йесойӕн радзырдтой, цы сарӕзтой, уыдӕттӕ. Йесо сӕ Йемӕ акодта ӕмӕ иумӕ ацыдысты, Вифсаидӕ, зӕгъгӕ, уыцы сахары ’рдӕм.

11 Фӕлӕ адӕм уый куы базыдтой, уӕд Йӕ фӕдыл агуылф кодтой. Йесо сыл ӕхсызгонӕй сӕмбӕлди, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй сын дзырдта, дзӕбӕх кодта, дзӕбӕх кӕнын кӕй хъуыди, уыдоны.

12 Бон изӕры ’рдӕм куы фӕкъул ис, уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы ӕмӕ Йын загътой: «Ауадз адӕмы хӕстӕг хъӕутӕм, цӕмӕй уым бахсӕвиуат кӕной ӕмӕ сӕхицӕн хойраг самал кӕной. Уымӕн ӕмӕ мах ам фӕсвӕд ран стӕм».

13 Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Сымах сын раттут хӕринаг». Уыдон дзуапп радтой: «Махмӕ фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы йеддӕмӕ ницы ис, ӕмӕ ныр уый бӕрц адӕмы фаг хойраг балхӕнынмӕ хъуамӕ ацӕуӕм?»

14 (Уым уыди фондз мин лӕджы бӕрц.) Фӕлӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕрбадын сӕ кӕнут къордгай — алы къорды дӕр дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзы бӕрц куыд уа».

15 Уыдон сӕ ӕрбадын кодтой, куыд загъд сын уыди, афтӕ.

16 Йесо райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, скасти уӕларвмӕ, Хуыцауӕн раарфӕ кодта, ӕрсаста сӕ ӕмӕ сӕ ахуыргӕнинӕгтӕм радта, цӕмӕй сӕ адӕмӕн байуарой.

17 Бахордтой се ’ппӕт дӕр ӕмӕ бафсӕстысты. Цы уӕлдӕйттӕ ма дзы баззади, уыдонӕй дыууадӕс чыргъӕды байдзаг ис.


Петр ӕргомӕй Йесойы схуыдта Чырысти

18 Иуахӕмы Йесо хибарӕй куывта, ӕмӕ Йӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты. Йесо сӕ бафарста: «Адӕм Мын Чи ӕнхъӕл сты?»

19 Уыдон загътой: «Иутӕ — Аргъауӕг Иоанн, иннӕтӕ — Илийа, аннӕтӕ та зӕгъынц, незаманты пехуымпартӕй чидӕр райгас ис, зӕгъгӕ».

20 Йесо сӕ бафарста: «Сымах та Мӕ Чи ӕнхъӕлут?» Петр Ын дзуапп радта: «Хуыцауы Чырысти».


Йесойы рагзагъд Йӕ мӕлӕт ӕмӕ Йӕ райгасы тыххӕй

21 Уӕд сын Йесо, уый тыххӕй макӕмӕн мацы дзурут, зӕгъгӕ, бафӕдзӕхста.

22 Загъта ма сын: «Адӕймаджы Фырт бавзардзӕни бирӕ хъизӕмӕрттӕ; адӕмы хистӕртӕ, сауджынтӕ ӕмӕ Йӕ динамонджытӕ бафхӕрдзысты, мард ӕрцӕудзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни».


Йесойы фӕдыл цӕуыны фӕтк

23 Уый фӕстӕ се ’ппӕтӕн дӕр загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, алы бон дӕр йӕ дзуар йӕ къухы хӕссӕд ӕмӕ цӕуӕд Мӕ фӕдыл.

24 Уымӕн ӕмӕ йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕни; йӕ цард Мӕ сӕрвӕлтау чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕни.

25 Адӕймаг ӕгас дуне йӕхи куы бакӕна, йӕхи та куы фесафа кӕнӕ куы фӕсахъат кӕна, уӕд ын уый цы пайда у?

26 Мӕн ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ йӕхицӕн ӕгадыл чи банымайа, уый Адӕймаджы Фырт дӕр Йӕхицӕн банымайдзӕн ӕгадыл, Йӕхи, Йӕ Фыды ӕмӕ сыгъдӕг зӕдты кадимӕ куы ’рцӕуа, уӕд.

27 Ӕцӕг уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад феной, уӕдмӕ».


Йесо аивта Йӕ хуыз

28 Уыцы ныхӕстыл иу аст боны куы рацыди, уӕд Йесо Йемӕ ахуыдта Петр, Иоанн ӕмӕ Йаковы ӕмӕ хохмӕ ссыди кувынмӕ.

29 Куы куывта, уӕд Йӕ цӕсгомы хуыз аивта, Йӕ дарӕс та урс-урсид фестади ӕмӕ тӕмӕнтӕ калдта.

30 Ӕмӕ мӕнӕ дыууӕ лӕджы ныхас кӕнынц Йемӕ — уыдон уыдысты Моисей ӕмӕ Илийа.

31 Фӕзындысты уӕларвон кадимӕ ӕмӕ дзырдтой Йесойы ахицӕныл — Хуыцауы фӕндон Йерусалимы куыд сӕххӕст кӕндзӕни, ууыл.

32 Петр ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттыл хуыссӕг фӕтых ис. Куы райхъал сты, уӕд федтой Йесойы кад ӕмӕ ма дыууӕ лӕджы Йемӕ лӕугӕйӕ.

33 Ӕмӕ уыдон Йесойӕ хицӕн куы кодтой, уӕд Ын Петр загъта: «Хицау, ам кӕй стӕм, уый цы хорз у! Цӕй ӕмӕ ӕртӕ халагъуды скӕнӕм: иу Дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу та Илийайӕн». Цы дзырдта, уый йӕхӕдӕг дӕр не ’мбӕрста.

34 Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзынд ӕврагъ ӕмӕ сӕ ӕрӕмбӕрзта. Ӕврагъы куы аныгъуылдысты, уӕд тынг фӕтарстысты.

35 Ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ай, Кӕй сӕвзӕрстон, Мӕ уыцы Фырт у. Хъусут Ӕм».

36 Хъӕлӕс куы райхъуыст, уӕд Йесоимӕ ничиуал уыд. Ахуыргӕнинӕгтӕ, цы федтой, уый басусӕг кодтой ӕмӕ йӕ уыцы бонты никӕмӕн радзырдтой.


Суртӕгӕнаг ӕнахъом лӕппу сдзӕбӕх

37 Дыккаг бон хохӕй куы ӕрцыдысты, уӕд Йесойы размӕ рацыд бирӕ адӕм.

38 Се ’хсӕнӕй Йӕм чидӕр рахъӕр кодта: «Ахуыргӕнӕг, уый курӕг Дӕ дӕн, ӕмӕ мын баххуыс кӕн мӕ фыртӕн, иунӕг хъӕбул мын у!

39 Дӕлимоны ахӕсты ис ӕмӕ ӕваст ныцъцъӕхахст кӕны, йӕ гӕндзӕхтӕ ныццӕгъды, ӕмӕ йӕ комӕй фынк акӕлы. Дӕлимон ӕй хъизӕмарӕй мары, йӕхи адыл ӕй нӕ уадзы.

40 Ӕз куырдтон Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕй, цӕмӕй дӕлимоны расурой, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци».

41 Йесо йын дзуапп радта: «Ӕнӕуырнӕг ӕмӕ хӕлд фӕлтӕр! Кӕдмӕ уыдзынӕн уемӕ ӕмӕ уын кӕдмӕ быхсдзынӕн? Ӕрбакӕн ардӕм дӕ фырты».

42 Лӕппу Йесомӕ нӕма бахӕццӕ, афтӕ йӕ дӕлимон зӕххыл ныццавта, ӕмӕ уый йӕ гӕндзӕхтӕ цӕгъдын райдыдта. Фӕлӕ Йесо бардзырд радта ӕнӕзӕгъинагӕн, сдзӕбӕх кодта лӕппуйы ӕмӕ йӕ стӕй йӕ фыды бар ныууагъта.


Йесо дыккаг хатт дзуры Йӕ мӕлӕт ӕмӕ Йӕ райгасы тыххӕй

43 Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты, Хуыцау куыд хъомысджын у, ууыл. Йесо цыдӕриддӕр арӕзта, уыдон дӕр стыр диссагӕн куы хастой, уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта:

44 «Ныртӕккӕ цы зӕгъдзынӕн, уымӕ байхъусут лӕмбынӕг: Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн адӕмы къухмӕ».

45 Фӕлӕ Йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой — ӕргом сын нӕ уыдысты уыцы ныхӕстӕ ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой, бафӕрсын та Йӕ нӕ уӕндыдысты.


Ӕцӕг стырад

46 Ахуыргӕнинӕгтӕ фӕбыцӕу сты, чи нӕ стырдӕр у, зӕгъгӕ.

47 Йесо сын зыдта сӕ мидхъуыдытӕ ӕмӕ фӕдзырдта иу сабимӕ. Йӕ фарсмӕ йӕ ӕрлӕууын кодта

48 ӕмӕ сын загъта: «Ацы сывӕллоныл, Мӕ сӕр хъуыдыгӕнгӕйӕ, ӕнувыд чи уа, уый Мӕныл у ӕнувыд; Мӕныл ӕнувыд чи уа, уый та Мӕ Рарвитӕгыл у ӕнувыд. Уе ’хсӕн ӕппӕты къаддӕр чи у, уый у уе ’ппӕты стырдӕр».


Уӕ ныхмӕ чи нӕу, уый уӕ фарс у

49 Уӕд Ын иу хатт Иоанн загъта: «Ахуыргӕнӕг, мах федтам, Дӕ номӕй дӕлимонты чи суры, ахӕм адӕймаг, фӕлӕ йын уыцы бар нӕ лӕвӕрдтам, уымӕн ӕмӕ немӕ нӕ цӕуы».

50 Йесо йын загъта: «Ма йӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ, уӕ ныхмӕ чи нӕу, уый уӕ фарс у».


Самариӕгтӕ сӕхи атигъ кодтой Йесойыл

51 Уӕлӕрвтӕм Йӕ сисыны афон куы ӕрӕввахс, уӕд Йесо сфӕнд кодта Йерусалиммӕ фӕцӕуын.

52 Йӕ разӕй минӕвӕрттӕ арвыста самариаг хъӕумӕ, цӕмӕй Йын Йӕ бацыдмӕ ӕппӕт дӕр ӕрцӕттӕ кӕной.

53 Фӕлӕ, Йерусалиммӕ кӕй цыд, уый тыххӕй Йӕ уыдон сӕхимӕ не ’рбахуыдтой.

54 Уый фенгӕйӕ, Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йаков ӕмӕ Иоанн тынг смӕсты сты: «Хицау, кӕд Дӕу фӕнды, уӕд мах дӕр, Илийа куыд бакодта, афтӕ зӕгъдзыстӕм, ӕмӕ уӕларвӕй арт ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сӕ бавзалы кӕндзӕни».

55 Фӕлӕ сӕм Йесо Йе ’ргом разылдта ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта: «Сымах, цавӕр монӕй хайджын стут, уый нӕ зонут.

56 Адӕймаджы Фырт адӕмы сафынмӕ не ’рцыд, фӕлӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ». Ӕмӕ уӕд ӕндӕр хъӕумӕ ацыдысты.


Йесойы фӕдыл цӕуыны фӕтк

57 Фӕндагыл Йесойӕн иу чидӕр загъта: «Ды кӕдӕм цӕуай, ӕз дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн Дӕ фӕдыл».

58 Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн — ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй».

59 Ӕндӕр кӕмӕндӕр та загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Ӕмӕ Йын уый дзуапп радта: «Хицау, мӕ фыды баныгӕнынмӕ уал мӕ ауадз».

60 Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Мӕрдтӕ сӕхӕдӕг ныгӕнӕнт сӕ мӕрдты. Ды та цу ӕмӕ хъусын кӕн Хуыцауы Паддзахады уац».

61 Ӕндӕр кӕйдӕр ныхас та Йын уыди: «Хицау, ӕз ацӕудзынӕн Дӕ фӕдыл, фӕлӕ уал мӕ ауадз мӕ бинонтӕн хӕрзбон зӕгъынмӕ».

62 Фӕлӕ йын Йесо дзуапп радта: «Гутоныл хӕцгӕйӕ, фӕстӕмӕ чи кӕсы, уый Хуыцауы Паддзахадӕн нӕ бӕззы».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan