Лука 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстСылгоймӕгтӕ лӕггад кӕнынц Йесойӕн 1 Уымӕй чысыл фӕстӕдӕр Йесо зилын райдыдта сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл ӕмӕ хъусын кодта Фарны Уац Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Йемӕ уыдысты Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы, 2 стӕй ма, ӕнӕзӕгъинӕгты ахӕстӕй кӕй фервӕзын кодта ӕмӕ сӕ низтӕ кӕмӕн фӕсырдта, уыцы сылгоймӕгтӕ — авд дӕлимоны кӕмӕй фӕсырдӕуыд, уыцы Мариа, магдалӕйаг кӕй хуыдтой, уый; 3 Хузайы ус Иоаннӕ — Ироды хӕдзары уынаффӕгӕнӕг; уыдонимӕ ма — Сусаннӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр сылгоймӕгтӕ. Се ’ппӕт дӕр сӕхи хардзӕй лӕггад кодтой Йесойӕн ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн. Хортауӕджы ӕмбисонд 4 Иуахӕмы, тынг бирӕ адӕм Ӕм куы ӕрӕмбырд ис — цӕугӕ та Йӕм кодтой ӕппӕт сахартӕй, — уӕд сын Йесо ӕмбисонд ӕрхаста: 5 «Рацыди тауӕг йӕ тауинагимӕ хуыммӕ. Таугӕ-тауын иугай нӕмгуытӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон ӕмӕ кӕм къӕхты бын фесты, кӕм сӕ уӕларвон мӕргътӕ рауыгътой. 6 Нӕмгуытӕй ӕрхауди дурджын ран дӕр ӕмӕ, куы сӕвзӕрдысты, уӕд бахус сты, уымӕн ӕмӕ сын дон фаг нӕ уыди. 7 Иннӕ нӕмгуытӕ ӕрхаудысты сындзыты ӕхсӕн, ӕмӕ сӕ уыдон, куы сзадысты, уӕд сӕ быны фӕкодтой. 8 Фӕлӕ тауинаджы иу хай ӕрхауди бӕзнаг мӕрыл, нӕмгуытӕ сзадысты ӕмӕ радтой, цы уыдысты, уымӕй фондзыссӕдз хатты фылдӕр тыллӕг». Йесо уыцы ӕмбисонд ӕрхаста ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!» Фӕсномыг ныхасы нысан 9 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йӕ бафарстой: «Цы амоны ацы фӕсномыг ныхас?» 10 Йесо сын загъта: «Сымахӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд у Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын, фӕлӕ иннӕтӕн уыцы фӕсномыг ныхӕсты баззадысты ӕмбӕхстӕй, уымӕн ӕмӕ „уыдон цӕстӕй кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусӕй хъусынц, фӕлӕ не ’мбарынц“. Йесо ӕмбарын кӕны хортауӕджы ӕмбисонд 11 Ацы фӕсномыг ныхас мӕнӕ цы амоны: тауинаг у Хуыцауы ныхас, 12 фӕндаггӕрон цы нӕмгуытӕ ӕрхауд, уыдон та сты ахӕм хъусджытӕ: фехъусынц ныхас, фӕлӕ сӕм уый фӕстӕ ӕрбацӕуы хӕйрӕг ӕмӕ сын ӕй сӕ зӕрдӕйӕ фелвасы, цӕмӕй ма баууӕндой ӕмӕ ма фервӕзой. 13 Дурджын ран чи ӕрхауд, уыдон та фехъусынц ныхас, ӕхсызгонӕй йӕ айсынц сӕ зӕрдӕмӕ, фӕлӕ ӕнӕуидаг сты — рӕстӕгмӕ ӕууӕндынц, фӕлварӕнты куы бахауынц, уӕд сӕ уырнындзинад уайтагъд фӕцыдӕр вӕййы. 14 Сындзыты ӕхсӕн чи ӕрхауд, уыдон та фехъусынц ныхас, фӕлӕ царды мӕт, мулк ӕмӕ зӕххон хиирхӕфсӕнтӕн сӕ быны фӕвӕййынц, ӕмӕ сын ницы пайда ӕрхӕссы. 15 Сойджын мӕрыл чи ӕрхауди, уыдон та сты ахӕм адӕм — фехъусынц ныхас, арф ӕй бавӕрынц сӕ фӕлмӕн ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕйы ӕмӕ фӕразон кӕй сты, уый фӕрцы стыр пайда ӕрхӕссынц. Цырагъы ӕмбисонд 16 Цырагъ чи ссудзы, уый йыл мигӕнӕн не ’рфӕлдахы, сынтӕджы бын дӕр ӕй нӕ бавӕры, фӕлӕ йӕ сӕвӕры цырагъдарӕныл, цӕмӕй бацӕуджытӕн рухс кӕна. 17 Уымӕн ӕмӕ ахӕм сусӕгдзинад нӕй, ӕмӕ ма раргом уа, афтӕ бамбӕхсӕн ницы ис, ӕмӕ ма рахъӕр уа. 18 Уӕдӕ, куыд хъусут, уымӕ лӕмбынӕг ӕркӕсут, уымӕн ӕмӕ, кӕмӕ ис, уымӕн рардӕуыдзӕн; кӕмӕ нӕй, уымӕн та, ис мӕм, зӕгъгӕ, ӕнхъӕл цӕмӕй у, уый дӕр байстӕуыдзӕн». Йесойы ӕцӕг бинонтӕ 19 Йесомӕ ӕрбацыдысты Йӕ мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ Йӕм сӕ бон адӕмы ’хсӕнты бацӕуын нӕ уыди. 20 Чидӕр Ын загъта: «Дӕ мад ӕмӕ Де ’фсымӕртӕ ӕдде лӕууынц, Дӕу фенын сӕ фӕнды». 21 Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцауы ныхасмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон сты Мӕ мад ӕмӕ Ме ’фсымӕртӕ». Уад бакасти Йесойы коммӕ 22 Иу хатт Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бахызти бӕлӕгъмӕ ӕмӕ сын загъта: «Ахизӕм цады иннӕ фарсмӕ». Ӕмӕ араст сты. 23 Сӕ фӕндаг дардтой, ӕмӕ уалынмӕ Йесо афынӕй. Ӕвиппайды тыхджын уад сыстади, дон калди бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ бӕлццӕттӕ тӕссаг уавӕры бахаудтой. 24 Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ Йесомӕ бацыдысты, райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, Ахуыргӕнӕг, сӕфӕм!» Йесо сыстади, уад ӕмӕ уылӕнтӕн бардзырд радта, ӕмӕ банцадысты. Бӕстӕ ныссабыр. 25 Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Кӕм ис уӕ уырнындзинад?» Уыдон фӕтарстысты ӕмӕ, дисгӕнгӕ, кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уый Чи уа, уад ӕмӕ донӕн бардзырд Чи дӕтты, ӕмӕ уыдон Кӕй коммӕ кӕсынц?» Йесо суры дӕлимонты 26 Галилейы акомкоммӕ, цады фаллаг фарс чи ис, Герасин, зӕгъгӕ, уыцы бӕстӕм бахӕццӕ сты. 27 Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд Йӕ размӕ фӕци, раздӕр хӕстӕг сахары чи цард, ахӕм хӕйрӕджджын лӕг. Уый рагӕй дӕр дарӕс нӕ дардта, царди хӕдзары нӕ, фӕлӕ зӕппӕдзты. 28 Йесойы куы ауыдта, уӕд йӕхи Йӕ къӕхты бынмӕ баппӕрста ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Иууылбӕрзонд Хуыцауы Фырт? Уый курӕг Дӕ дӕн, ӕмӕ мӕ хъизӕмарӕй ма мар!» 29 Уымӕн ӕмӕ Йесо ӕнӕзӕгъинагӕн бардзырд радта, цӕмӕй уыцы адӕймагӕй рацӕуа. Ӕнӕзӕгъинаг ӕй рагӕй тухӕнӕй мардта. Йӕ къухтӕ ӕмӕ-иу ын йӕ къӕхтӕ рӕхыстӕй сбастой, хъахъхъӕдтой йӕ, фӕлӕ-иу уый арӕдывта йӕ рӕхыстӕ ӕмӕ-иу алыгъди, дӕлимон ӕй ӕдзӕрӕг рӕттӕм сырдта. 30 Йесо йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Уый загъта: «Легион», уымӕн ӕмӕ дзы бирӕ дӕлимонтӕ бацыд. 31 Уыдон лӕгъстӕ кодтой Йесойӕн, цӕмӕй сӕ дӕлдзӕхмӕ ма фӕсура. 32 Уырдӕм хӕстӕг хохыл хызти хуыты стыр дзуг, ӕмӕ дӕлимонтӕ Йесойӕн ныллӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сӕ уыдоны мидӕг бацӕуын бауадза. Йесо сын бар радта. 33 Дӕлимонтӕ рацыдысты уыцы лӕгӕй ӕмӕ хуыты бахызтызты. Уыйадыл уыдон къардиуӕй цадмӕ сӕхи фехстой ӕмӕ фӕдӕлдон сты. 34 Хуыгӕстӕ уый куы федтой, уӕд азгъордтой ӕмӕ хабар сахары ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕуты фехъусын кодтой. 35 Цы ӕрцыди, зӕгъгӕ, адӕм рафӕдис сты. Йесомӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ, дӕлимонтӕй чи фервӕзти, уыцы лӕджы, йӕ дарӕс — йӕ уӕлӕ, йӕ зонд — йӕхимӕ, афтӕмӕй Йесойы къӕхты раз бадгӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты. 36 Цы ӕрцыд, уый йӕхи цӕстӕй чи федта, уыцы адӕм сын радзырдтой, хӕйрӕджджын куыд сдзӕбӕх ис, уый. 37 Уӕд Герасины алфамбылай цӕрджытӕ иууылдӕр стыр тасы бацыдысты ӕмӕ Йесойӕ куырдтой, цӕмӕй уырдыгӕй ацӕуа. Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхти. 38 Дӕлимонтӕй кӕй фервӕзын кодта, уыцы лӕг Ын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ Йемӕ акӕна, фӕлӕ йын Йесо загъта: 39 «Аздӕх дӕ хӕдзармӕ ӕмӕ радзур, Хуыцау дын цы сарӕзта, уый». Уыцы лӕг ацыд ӕмӕ ӕгас сахары хъусын кодта, Йесо йын цы хорздзинад ракодта, уый. Иаиры чызг райгас ис 40 Йесо фӕстӕмӕ куы раздӕхт, уӕд адӕм рацыдысты Йӕ размӕ, уымӕн ӕмӕ Йӕм се ’ппӕт дӕр ӕнхъӕлмӕ кастысты. 41 Ӕрбацыди Йӕм иу лӕг, йӕ ном — Иаир, синагогӕйы хицау. Йӕхи зӕххыл ӕрӕппӕрста Йесойы къӕхты раз ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ хӕдзармӕ бацӕуа, 42 уымӕн ӕмӕ йӕ иунӕг чызг мӕлгӕ кодта; цыдаид ыл дыууадӕс азы. Йесо куы фӕцӕйцыд, уӕд Ӕй адӕм алырдыгӕй цъист кодтой. 43 Иу сылгоймагӕн дыууадӕс азы дӕргъы йӕ туг йӕ цӕуынӕй не ’нцад. Йе ’ппӕт мулк дӕр дохтыртыл бахардз кодта, фӕлӕ йӕ сдзӕбӕх кӕнын никӕй бон баци. 44 Сылгоймаг чъылдымы ’рдыгӕй бацыди Йесомӕ, Йӕ пӕлӕзы хаутыл Ын бандзӕвыд, ӕмӕ йӕ туг уайтагъд йӕ цӕуынӕй банцад. 45 Йесо бафарста: «Чи Мыл бандзӕвыд?» Ӕмӕ адӕмӕй куы ничи састи, уӕд Ын Петр загъта: «Ахуыргӕнӕг, адӕм Дыл ӕмбырдтӕ кӕнынц ӕмӕ Дӕ алырдыгӕй ӕрбалхъывтой». 46 Фӕлӕ Йесо загъта: «Чидӕр Мыл бандзӕвыди, уымӕн ӕмӕ Ӕз банкъардтон, тых Мӕ кӕй рацыди, уый». 47 Сылгоймаг, кӕй нӕ басусӕг, уый куы бамбӕрста, уӕд Ӕм тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бацыди ӕмӕ йӕхи Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрӕппӕрста. Афтӕ цӕмӕн бакодта ӕмӕ Йыл куы бандзӕвыд, уӕд уайтагъд куыд адзӕбӕх ис, уый ӕппӕт адӕмы раз радзырдта. 48 Йесо йын загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Цу фарнимӕ». 49 Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ синагогӕйы хицаумӕ чидӕр ӕрбацыди йӕ хӕдзарӕй ӕмӕ йын загъта: «Дӕ чызг амард. Ахуыргӕнӕджы мауал тыхсын кӕн». 50 Фӕлӕ Йесо уый куы фехъуыста, уӕд синагогӕйы хицауӕн загъта: «Ма тӕрс, ӕрмӕст ӕууӕнд, ӕмӕ фервӕздзӕни». 51 Ӕмӕ йын йӕ хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд Петр, Иоанн ӕмӕ Йаков, стӕй сабийы фыд ӕмӕ мады йеддӕмӕ никӕй бауагъта Йемӕ мидӕмӕ бацӕуын. 52 Адӕм иууылдӕр куыдтой ӕмӕ хъарӕг кодтой чызгыл. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Ма кӕут — мард нӕу, фынӕй у». 53 Уыдон Ыл худтысты, уымӕн ӕмӕ зыдтой, саби кӕй амарди, уый. 54 Фӕлӕ йын Йесо рахӕцыд йӕ къухыл ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Мӕнӕ чызг, рабад!» 55 Чызгӕн йӕ уд йӕ мидӕг ӕрцыд, ӕмӕ уайтагъд рабадти. Йесо йын хӕринаг раттын кодта. 56 Чызджы ныййарджытӕ стыр дисы бафтыдысты, фӕлӕ сын Йесо бафӕдзӕхста, цы ӕрцыди, уый макӕмӕн радзурут, зӕгъгӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia