Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Лука 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Сӕдӕйыхицауы лӕггадгӕнӕг сдзӕбӕх

1 Йесо адӕмимӕ Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд ацыди Капернауммӕ.

2 Иу сӕдӕйыхицауӕн йӕ лӕггадгӕнӕг фӕрынчын ис ӕмӕ мӕлӕты къахыл ныллӕууыд. Йӕ лӕггадгӕнӕг ын тынг зынаргъ уыд, ӕмӕ,

3 Йесойы кой куы фехъуыста, уӕд Ӕм иудейӕгты хистӕрты хонӕг арвыста, цӕмӕй йӕм ӕрцӕуа ӕмӕ йын йӕ лӕггадгӕнӕджы сдзӕбӕх кӕна.

4 Уыдон ацыдысты Йесомӕ ӕмӕ Йын ныллӕгъстӕ кодтой: «Сӕдӕйыхицау уый аккаг у, ӕмӕ йын Ды баххуыс кӕнай —

5 нӕ адӕмыл нын ауды ӕмӕ нын синагогӕ дӕр уый сарӕзта».

6 Йесо рацыди семӕ. Йӕ хӕдзармӕ йын куы баввахс ис, уӕд Ын сӕдӕйыхицау Йӕ размӕ йӕ хӕлӕртты рарвыста афтӕ зӕгъынмӕ: «Хицау, Дӕхи ма тыхсын кӕн. Ӕз уый аккаг нӕ дӕн, ӕмӕ Ды мӕ хӕдзармӕ бацӕуай.

7 Уымӕ гӕсгӕ ӕз мӕхи дӕр нӕ банымадтон Дӕумӕ фӕцӕуыны аккагыл. Фӕлӕ Дӕ дзыхӕй ӕрмӕст ныхас рацӕуӕд, ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг сдзӕбӕх уыдзӕн.

8 Уымӕн ӕмӕ ӕз мӕхӕдӕг дӕр дӕлбар лӕг дӕн, ӕмӕ мӕ дӕлбар дӕр ис ӕфсӕддонтӕ. Иуӕн дзы фӕзӕгъын: „Ацу уырдӕм“, ӕмӕ ацӕуы; иннӕмӕн: „Ардӕм рацу“, ӕмӕ ӕрбацӕуы. Мӕ цагъарӕн фӕзӕгъын: „Уый бакӕн“, ӕмӕ йӕ бакӕны».

9 Йесо уый куы фехъуыста, уӕд бадис кодта, разылди, Йӕ фӕдыл цы бирӕ адӕм цыдис, уыдонмӕ ӕмӕ загъта: «Зӕгъын уын, Израилы дӕр Ӕз ахӕм уырнындзинад нӕ федтон».

10 Ӕрвыст лӕгтӕ хӕдзармӕ куы раздӕхтысты, уӕд рынчыны дзӕбӕхӕй баййӕфтой.


Идӕдз усы лӕппу райгас ис

11 Уый фӕстӕ Йесо ацыди, Наин кӕй хуыдтой, уыцы сахармӕ. Йемӕ ацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр адӕм.

12 Сахары кулдуармӕ куы баввахс ис, уӕд дзы мард рацӕйхастой — идӕдз усы иунӕг лӕппуйы. Сылгоймагимӕ сахарӕй рацыди бирӕ адӕм.

13 Йесо идӕдз усы куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын загъта: «Ма ку».

14 Бацыд ӕмӕ сынтмӕ Йӕ къухӕй бавнӕлдта. Сынтхӕсджытӕ ӕрлӕууыдысты. Уӕд Йесо загъта: «Лӕппу, дӕумӕ дзурын, рабад».

15 Мард йӕхиуыл схӕцыди, рабадт ӕмӕ райдыдта дзурын. Уӕд ӕй Йесо йӕ мады бар ныууагъта.

16 Адӕмы зӕрдӕты тас бацыд, ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн: «Стыр пехуымпар фӕзынди не ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау ӕркасти Йӕ адӕммӕ».

17 Йесойы кой айхъуыст ӕгас Иудейы ӕмӕ йӕ алфамбылай.


Иоанны фарст

18 Иоаннӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй фехъусын кодтой.

19 Иоанн дзы дыууӕмӕ фӕсидти ӕмӕ сӕ арвыста Хицау Йесойы бафӕрсынмӕ: «Ӕрцӕуинаг Чи у, Уый Ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?»

20 Уыдон ӕрбацыдысты Йесомӕ ӕмӕ Йын загътой: «Аргъауӕг Иоанн нӕ Дӕумӕ рарвыста бафӕрсынмӕ: „Ӕрцӕуинаг Чи у, Уый Ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?“»

21 Уӕдмӕ Йесо бирӕ адӕмы фервӕзын кодта алыхуызон низтӕй, ӕнӕзӕгъинӕгтӕй, бирӕ куырмыты цӕстӕй ракӕсын кодта.

22 Ӕмӕ ӕрвыст лӕгтӕн дзуапп радта: «Цӕут ӕмӕ зӕгъут Иоаннӕн, цы федтат ӕмӕ цы фехъуыстат, уый: куырмытӕ райдыдтой уынын, къуылыхтӕ слӕууыдысты сӕ къахыл, хъотырджынтӕ сдзӕбӕх сты, къуырматӕ райдыдтой хъусын, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ Фарны Уац хъусынц.

23 Ӕмӕ тӕхудиаг у, Мӕныл чи нӕ фӕдызӕрдыг уа, уый!»


Йесо ӕмӕ Иоанн

24 Иоанны минӕвӕрттӕ куы аздӕхтысты, уӕд Йесо адӕмӕн Иоанны тыххӕй дзурын райдыдта: «Ӕдзӕрӕг быдыры цы фенын ӕнхъӕл уыдыстут? Дымгӕ кӕй ӕнкъусы, уыцы хъӕз?

25 Уӕддӕр цы фенын ӕнхъӕл уыдыстут? Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, ахӕм адӕймаджы? Фырхъӕздыг дарӕсы чи цӕуы ӕмӕ хъал цард чи кӕны, уыдон паддзӕхты галуанты цӕрынц.

26 Фӕлӕ сымах уӕддӕр кӕй фенын ӕнхъӕл уыдыстут? Пехуымпары? О, зӕгъын уын, пехуымпарӕй дӕр уӕлдӕры.

27 Иоанн у, афтӕ кӕй тыххӕй фыст ис: „Мӕнӕ Ӕз Мӕ фидиуӕджы ӕрвитын Дӕ разӕй, ӕмӕ Дын уый ӕрцӕттӕ кӕндзӕни Дӕ развӕндаг“.

28 Зӕгъын уын: сылгоймагӕй чи райгуырд, уыдоны ӕхсӕн Аргъауӕг Иоаннӕй стырдӕр нӕй, фӕлӕ, Хуыцауы Паддзахады ӕппӕты къаддӕр чи у, уый та у Иоаннӕй стырдӕр.

29 Иоаннмӕ чи хъуыста, ӕппӕт уыцы адӕм, суанг хъалонисджытӕ дӕр, Хуыцауы фӕндон банымадтой растыл ӕмӕ донаргъуыд райстой Иоаннӕй.

30 Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ донаргъуыд нӕ райстой.

31 Уӕдӕ кӕуыл абарон ацы адӕмы фӕлтӕр? Кӕй хуызӕн сты?

32 Сывӕллӕтты хуызӕн сты, сахары фӕзы чи бады ӕмӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ чи зӕгъы: „Мах уын уадындзӕй цагътам, ӕмӕ сымах нӕ кафыдыстут; мах уын хъарджытӕ кодтам, ӕмӕ сымах нӕ куыдтат“.

33 Уымӕн ӕмӕ ӕрцыд Аргъауӕг Иоанн, дзул дӕр нӕ хӕры, сӕн дӕр нӕ нуазы, ӕмӕ дзы зӕгъут: „Хӕйрӕджджын у“.

34 Ӕрцыдис Адӕймаджы Фырт, хӕры ӕмӕ нуазы, ӕмӕ Дзы зӕгъут: „Мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ расыггӕнаг, хъалонисджыты ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн“.

35 Фӕлӕ Хуыцауы уӕлзондӕн йӕ цот се ’ппӕт дӕр ӕвдисӕн сты».


Хатыр тӕригъӕдджын сылгоймагӕн. Дыууӕ хӕсджыны ӕмбисонд

36 Фарисейтӕй иу чидӕр Йесойы йӕ хӕдзармӕ сихор хӕрынмӕ фӕхуыдта. Йесо бацыди фарисейы хӕдзармӕ ӕмӕ фынгыл ӕрбадти.

37 Уыцы сахары иу тӕригъӕдджын сылгоймаг базыдта, Йесо фарисейы хӕдзары фынджы уӕлхъус кӕй бады, уый ӕмӕ ӕрбахаста миррӕйӕ йедзаг дурын.

38 Йесойы фӕстӕ, Йӕ къӕхты цур, ӕрлӕууыд ӕмӕ куыдта. Йӕ цӕссыгтӕ Йесойы къӕхтыл калдысты, ӕмӕ сӕ йӕ дзыккутӕй сӕрфта, Йӕ къӕхтӕн Ын батӕ кодта ӕмӕ сӕ миррӕйӕ сӕрста.

39 Йесойы фысым, фарисей, уый куы федта, уӕд ахъуыды кодта: «Ай ӕцӕгдӕр пехуымпар куы уаид, уӕд ӕй зонид, цавӕр сылгоймаг Ӕм ӕвналы, уый, уымӕн ӕмӕ ацы сылгоймаг тынг тӕригъӕдджын у».

40 Уӕд ын Йесо загъта: «Симон, иу ныхас дын куы зӕгъин, уый Мӕ фӕнды». Уый дзуапп радта: «Зӕгъ ӕй, Ахуыргӕнӕг».

41 Йесо загъта: «Иу чидӕр дыууӕ лӕгӕн ӕфстау радта: иу дзы дардта фондзсӕдӕ динары, иннӕ та — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз.

42 Цӕмӕй сӕ бафыстаиккой, уый сӕ иумӕ дӕр нӕ уыди, ӕмӕ дыууӕйӕн дӕр ныххатыр кодта. Зӕгъ-ма, уыдонӕй йӕ кӕцы бауарздзӕн фылдӕр?»

43 Симон дзуапп радта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, фылдӕр кӕмӕн ныххатыр кодта, уый». Йесо йын загъта: «Дӕ хъуыды раст у».

44 Йесо разылди сылгоймагмӕ ӕмӕ Симонӕн загъта: «Уыныс ацы сылгоймаджы? Ӕз ӕрбацыдтӕн дӕ хӕдзармӕ, ӕмӕ Мын ды Мӕ къӕхтӕ цӕхсынӕн дон дӕр нӕ радтай, уый та Мын йӕ цӕссыгтӕй ӕрӕхсадта Мӕ къӕхтӕ ӕмӕ сӕ йӕ дзыккутӕй ныссӕрфта.

45 Ды Мын нӕ аба кодтай, уый та Мын Ме ’рбацыдӕй нырмӕ Мӕ къӕхтӕн батӕ кӕнынӕй не ’нцайы.

46 Ды Мын Мӕ сӕр оливӕйы сойӕ нӕ байсӕрстай, уый та Мын Мӕ къӕхтӕ байсӕрста хӕрздӕфгӕнӕнӕй.

47 Цӕмӕн, уый дӕр дын зӕгъдзынӕн: бирӕ тӕригъӕдтӕ йын барст ӕрцыд, ӕмӕ бирӕ дӕр уымӕн бауарзта. Чысыл тӕригъӕдтӕ барст кӕмӕн ӕрцыд, уымӕн та йӕ уарзт дӕр чысыл у».

48 Сылгоймагӕн та загъта: «Барст дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».

49 Йесоимӕ иу фынгыл чи бадт, уыдон хъуыды кодтой: «Уый Чи у, суанг тӕригъӕдтӕ дӕр куы хатыр кӕны?»

50 Йесо та загъта сылгоймагӕн: «Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта, цу фарнимӕ».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan