Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Лука 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Фӕлварӕн ӕдзӕрӕг быдыры

1 Йесо, Сыгъдӕг Удӕй хайджынӕй, ӕрбаздӕхти Иорданӕй, ӕмӕ Йӕ Сыгъдӕг Уд акодта ӕдзӕрӕг быдырмӕ.

2 Уым Ӕй хӕйрӕг дыууиссӕдз боны фӕлвӕрдта. Уыцы бонты Йесо ницы хордта ӕмӕ фӕстагмӕ тынг сыстонг ис.

3 Хӕйрӕг Ын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ ацы дурӕн, ӕмӕ дзул феста».

4 Йесо йын дзуапп радта: «Фыст ис: „Айдагъ дзулӕй нӕ цӕры адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы алы дзырдӕй“».

5 Уӕд Ӕй хӕйрӕг бӕрзонд ранмӕ скодта, цӕсты фӕныкъуылдмӕ Йын дунейы паддзахӕдтӕ иууылдӕр февзӕрын кодта Йӕ разы

6 ӕмӕ Йын загъта: «Ӕз Дын ратдзынӕн ӕппӕт ацы паддзахӕдтӕ сӕ кад ӕмӕ сӕ хъомысимӕ, уымӕн ӕмӕ мӕнӕн лӕвӕрд сты, ӕмӕ сӕ раттын, кӕмӕн мӕ бафӕнды, уымӕн.

7 Уӕдӕ мӕм куы бакувай, уӕд иууылдӕр уыдзысты Дӕу».

8 Йесо йын дзуапп радта: «Фыст ис: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ ӕмӕ лӕггад кӕн ӕрмӕстдӕр Уымӕн“».

9 Уӕд Ӕй хӕйрӕг акодта Йерусалиммӕ, Кувӕндоны уӕлхӕдзарыл Ӕй ӕрлӕууын кодта ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи ардыгӕй фехс дӕлӕмӕ,

10 уымӕн ӕмӕ фыст ис: „Йӕ зӕдтӕн бафӕдзӕхсдзӕни Дӕу бахъахъхъӕнын“;

11 ноджыдӕр ма: „Сӕ къухтыл Дӕ ахӕсдзысты, ӕмӕ Дӕ къах дурыл дӕр не скъуырдзынӕ“».

12 Йесо йын дзуапп радта: «Загъд у: „Ма фӕлвар дӕ Хицау Хуыцауы“».

13 Хӕйрӕг Йесойы алы хуызы дӕр куы бафӕлвӕрдта, уӕд Ӕй рӕстӕгмӕ Йӕхи бар ныууагъта.


Йесойы уазлӕггады райдиан

14 Йесо ӕрбаздӕхти Галилеймӕ Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ хайджынӕй, ӕмӕ Йӕ кой айхъуыстис ӕппӕт бӕстӕйыл.

15 Адӕмы ахуыр кодта сӕ синагогӕты, ӕмӕ Йын уыдон иууылдӕр кад кодтой.


Назареты цӕрджытӕ сӕхи атигъ кодтой Йесойыл

16 Йесо ацыди, кӕм схъомыл ис, уыцы Назаретмӕ. Куыд ахуыр уыди, афтӕ сабаты синагогӕмӕ бацыд ӕмӕ слӕууыд Сыгъдӕг Фыстӕй бакӕсынмӕ.

17 Пехуымпар Исайайы чиныг Ӕм радтой. Байгом ӕй кодта ӕмӕ ссардта мӕнӕ ацы ныхӕстӕ:

18 «Мӕныл ис Дунедарӕджы Уд, уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста мӕгуыртӕн Фарны Уац фехъусын кӕнынмӕ: уацайрӕгтӕ кӕй ссӕрибар уыдзысты, куырмытӕ кӕй ракӕсдзысты сӕ цӕстӕй, ӕфхӕрд адӕм сӕ хъизӕмарӕй кӕй фервӕздзысты ӕмӕ

19 Дунедарӕгӕн Йӕ хорзӕхы аз кӕй ралӕууыд».

20 Йесо сӕхгӕдта чиныг, радта йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ ӕмӕ ӕрбадти. Синагогӕйы чидӕриддӕр уыди, уыдон Дзы сӕ цӕстытӕ нал истой.

21 Ӕмӕ сын Уый райдыдта дзурын: «Ацы пехуымпар ныхас сӕххӕст абон — куы йӕм хъуыстат, уӕд».

22 Иууылдӕр Йемӕ разы уыдысты, Йӕ фӕрнӕйдзаг ныхӕстӕ сӕ дисы ӕфтыдтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Йосифы фырт нӕу, ӕви?»

23 Йесо сын загъта: «Сымах Мын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм ӕмбисонд ӕрхӕсдзыстут: „Дохтыр, Дӕхи уал сдзӕбӕх кӕн“. Ноджы ма Мын зӕгъдзыстут: „Мах фехъуыстам, Капернаумы цытӕ сарӕзтай, уый, ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ ам, Дӕхи сахары дӕр, сараз“.

24 Фӕлӕ уын, ӕцӕг цы у, уый зӕгъын: иунӕг пехуымпарӕн дӕр йӕ фыдыбӕстӕйы кад нӕ вӕййы.

25 Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Илийайы заманы бирӕ идӕдз сылгоймӕгтӕ уыдис Израилы. Уӕд арвӕй ӕртӕ азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы дӕргъы къӕвдайы ӕртах не ’рхауд, ӕмӕ ӕппӕт бӕстӕйы дӕр стонг рӕстӕг скодта.

26 Фӕлӕ уыдонӕй иумӕ дӕр Илийа ӕрвыст нӕ уыди — сидойнаг Сарептӕйы цы идӕдз сылгоймаг уыд, уымӕ уыдис ӕрвыст.

27 Бирӕ хъотырджынтӕ уыди пехуымпар Елисейы заман Израилы, фӕлӕ дзы иу дӕр не ссыгъдӕг ис — ӕрмӕстдӕр сириаг Нееман ссыгъдӕг ис».

28 Уыцы ныхӕстӕм, синагогӕйы цы адӕм уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр тынг смӕсты сты.

29 Сӕ бынӕттӕй фестадысты ӕмӕ Йӕ, сӕ сахар цы хохыл уыди, уый сӕрмӕ акодтой, цӕмӕй йӕ рындзӕй аппарой.

30 Фӕлӕ Йесо йӕхи айста се ’хсӕнты ӕмӕ уырдыгӕй ацыди.


Дӕлимон тард ӕрцыд

31 Ӕрцыд галилейаг сахар Капернауммӕ ӕмӕ сабаты ахуыр кодта адӕмы.

32 Дисы сӕ ӕфтыдта Йӕ ахуырад, уымӕн ӕмӕ барджынӕй дзырдта.

33 Синагогӕйы уыди хӕйрӕджджын адӕймаг. Уый ныхъхъӕр кодта:

34 «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрбацыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый — Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ».

35 Йесо дӕлимонӕн тызмӕгӕй загъта: «Банцай ӕмӕ ӕддӕмӕ рахиз». Дӕлимон, кӕй мидӕг уыди, уыцы адӕймаджы синагогӕйы астӕу зӕххыл ныццавта ӕмӕ дзы рацыд, ницы зиан ын ракодта, афтӕмӕй.

36 Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой кӕрӕдзийӕн: «Цавӕр хъомыс ӕмӕ тых ис Йӕ ныхасы? Ӕнӕзӕгъинӕгтӕ Йӕ бардзырдмӕ гӕсгӕ хӕйрӕджджынты ныууадзынц ӕмӕ ӕддӕмӕ рахизынц».

37 Ӕмӕ Йесойы кой айхъуысти Капернаумы алфамбылай.


Симоны усы мад сдзӕбӕх

38 Йесо синагогӕйӕ ацыди Симоны хӕдзармӕ. Симоны усы мад тынг тыхсти тӕвднизӕй, ӕмӕ Йесомӕ бахатыдысты, цӕмӕй йӕ сдзӕбӕх кӕна.

39 Йесо йӕ цуры ӕрлӕууыд, низӕн йӕ тых басаста, ӕмӕ рынчын сдзӕбӕх ис. Уыйадыл сылгоймаг сыстади ӕмӕ сын лӕггад кӕнын райдыдта.


Бирӕ рынчынтӕ ӕмӕ хӕйрӕджджынтӕ сдзӕбӕх сты

40 Исты низӕй рынчын йӕ хӕдзары кӕмӕндӕриддӕр уыди, — хурныгуылдыл Ӕм сӕ ӕрбалӕууын кодтой. Уый та-иу сыл Йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ-иу сдзӕбӕх сты.

41 Бирӕты фервӕзын кодта дӕлимонты ахӕстӕй, хӕйрӕджытӕ-иу, хъӕргӕнгӕ, ӕддӕмӕ рацыдысты: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» Фӕлӕ сын Йесо дзурыны бар нӕ лӕвӕрдта, уымӕн ӕмӕ уыдон зыдтой, Чырысти кӕй у, уый.


Йесо ацыди Капернаумӕй

42 Куы ӕрбабон ис, уӕд Йесо сахарӕй рацыд ӕмӕ хибар ранмӕ Йӕхи айста. Адӕм Ӕй ӕрцагуырдтой ӕмӕ Йӕм бацыдысты, лӕгъстӕ Йын кодтой, цӕмӕй семӕ баззайа.

43 Уый сын загъта: «Ӕз хъуамӕ иннӕ сахартӕн дӕр Хуыцауы Паддзахады Фарны Уац фехъусын кӕнон, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн».

44 Ӕмӕ Фарны Уац дарддӕр хъусын кодта Иудейы синагогӕты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan