Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Лука 24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Чырыстийы райгас

1 Къуырийӕн йӕ фыццаг бон сылгоймӕгтӕ, цы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕрцӕттӕ кодтой, уыдон семӕ райстой, афтӕмӕй сӕумӕйӕ зӕппадзмӕ атындзыдтой.

2 Зӕппадзы дур иуварс фӕлдӕхтӕй баййӕфтой.

3 Бацыдысты мидӕмӕ, фӕлӕ Хицау Йесойы мард уым нӕ разынди,

4 ӕмӕ джихӕй аззадысты. Ӕваст сӕ разы дыууӕ лӕджы цӕхӕркалгӕ дарӕсы февзӕрдысты.

5 Сылгоймӕгтӕ афтӕ фӕтарстысты, ӕмӕ сӕ сӕртӕ уӕлӕмӕ нал истой, фӕлӕ сын уыдон загътой: «Удӕгасы мӕрдтимӕ цы агурут?

6 Ам нӕй, райгас ис. Галилейы ма куы уыди, уӕд уын цы дзырдта, уый-ма ӕрхъуыды кӕнут:

7 „Адӕймаджы Фырт хъуамӕ лӕвӕрд ӕрцӕуа тӕригъӕдджын адӕмы къухмӕ. Уыдон Ӕй дзуарыл байтындздзысты, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни“».

8 Уӕд сылгоймӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ.

9 Раздӕхтысты зӕппадзӕй ӕмӕ ӕппӕт дӕр радзырдтой иуӕндӕс ахуыргӕнинагӕн, стӕй иннӕтӕн дӕр.

10 Уыцы сылгоймӕгтӕ уыдысты магдалӕйаг Мариа, Иоаннӕ ӕмӕ Йаковы мад Мариа. Семӕ ма уыдис ӕндӕр сылгоймӕгтӕ, ӕмӕ уыдон дӕр апостолтӕн хабар афтӕ радзырдтой.

11 Фӕлӕ сыл нӕ баууындыдысты, афтӕ сӕм фӕкаст, цыма уыдон ӕрмӕст афтид ныхӕстӕ сты.

12 Петр уӕддӕр фестад ӕмӕ зӕппадзмӕ азгъордта. Ӕргуыбыр кодта, йӕ хуылфмӕ йын бакаст ӕмӕ дзы мардӕмбӕрзӕн йеддӕмӕ куы ницы федта, уӕд фӕстӕмӕ раздӕхти, цы ӕрцыди, ууыл хинымӕр дисгӕнгӕйӕ.


Эммаусмӕ фӕндагыл Йесо раргом ис Йӕ дыууӕ ахуыргӕнинагмӕ

13 Раст уыцы бон ахуыргӕнинӕгтӕ дыууӕйӕ, Йерусалимӕй ӕртиссӕдз стадийы дарддӕр цы Эммаусы хъӕу уыдис, уырдӕм фӕцӕйцыдысты

14 ӕмӕ фӕндагыл, цы цаутӕ ӕрцыди, уыдоныл дзырдтой.

15 Ныхас куы кодтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн сӕ хъуыдытӕ куы дзырдтой, уӕд сӕм Йесо Йӕхӕдӕг ӕрбаввахс ӕмӕ семӕ бамбал ис.

16 Фӕлӕ Йӕ уыдон, цыма сӕ цӕстытӕй рӕстмӕ ницыуал уыдтой, уыйау нӕ базыдтой.

17 Йесо сӕ бафарста: «Уый цӕуыл дзурут цӕугӕ-цӕуын?» Уыдон ӕнкъардӕй ӕрлӕууыдысты,

18 ӕмӕ Йын сӕ иу, Клеопа, дзуапп радта: «Йерусалиммӕ ӕрцӕуджытӕй, ӕвӕццӕгӕн, иунӕг Ды нӕ зоныс, ацы бонты уым цы ӕрцыди, уыдӕтты тыххӕй?»

19 Йесо сӕ бафарста: «Цы нӕ зонын?» Уыдон Ын загътой: «Назаретаг Йесойы хабар. Хъуыддагӕй дӕр ӕмӕ ныхасӕй дӕр Уый уыди тыхджын пехуымпар Хуыцауы ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз.

20 Нӕ хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ Йын нӕ хицӕуттӕ марыны тӕрхон рахӕссын кодтой, ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтыгътой.

21 Мах та нӕ зӕрдӕ дардтам, Израилы Чи фервӕзын кӕндзӕн, Уый кӕй у, ууыл. Йӕ байтыгъдыл ныр ӕртыккаг бон цӕуы,

22 ӕмӕ нӕ сылгоймӕгтӕй чидӕртӕ мах дисы бафтыдтой — сӕумӕйӕ уыдысты зӕппадзы цур,

23 фӕлӕ Йын Йӕ мард не ссардтой. Ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ радзырдтой, зӕдтӕ, дам, нӕм фӕзындысты ӕмӕ нын загътой, Йесо удӕгас у, зӕгъгӕ.

24 Уӕд махӕй чидӕртӕ ацыди зӕппадзмӕ, ӕмӕ алцы дӕр, сылгоймӕгтӕ куыд радзырдтой, афтӕ разынди, Йӕхи та Йын нӕ федтой».

25 Уӕд сын Йесо загъта: «О ӕнӕмбаргӕтӕ! Куыд зынтӕй ӕууӕндут, пехуымпартӕ рагуацы хуызы цы загътой, ӕппӕт уыдӕттыл!

26 Чырысти цӕмӕй Йӕ кады бӕрзӕндмӕ схиза, уый тыххӕй Йын ӕппӕт уыцы хъизӕмӕрттӕ бавзаринаг нӕ уыдысты, ӕви?»

27 Ӕмӕ сын, Моисей ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ.

28 Цы хъӕумӕ цыдысты, уымӕ куы баввахс сты, уӕд Йесойы фӕндыд дарддӕр цӕуын.

29 Фӕлӕ Йӕ уыдон урӕдтой ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодтой: «Баззай немӕ, тагъд баизӕр уыдзӕн, бон фӕивгъуыйы». Уӕд Уый дӕр бацыди хъӕумӕ ӕмӕ семӕ баззади.

30 Ӕмӕ Йесо фынгыл семӕ куы ӕрбадти, уӕд райста дзул, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, ӕрсаста йӕ ӕмӕ сӕм ӕй алӕвӕрдта.

31 Уӕд Ӕм бакастысты ӕмӕ Йӕ базыдтой, фӕлӕ Йӕ цӕстӕй нал уыдтой.

32 Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Фӕндагыл немӕ куы ныхас кодта ӕмӕ нын Сыгъдӕг Фыст куы амыдта, уӕд нӕ риуы нӕ зӕрдӕтӕ нӕ сыгъдысты, ӕви?»

33 Уыйадыл фестадысты ӕмӕ фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ аздӕхтысты. Иуӕндӕс ахуыргӕнинаджы иннӕтимӕ иумӕ уым ӕмбырдӕй баййӕфтой.


Йесо Йӕ райгасы фӕстӕ раргом ис иуӕндӕс апостолмӕ ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм

34 Уыдон дзырдтой, Хицау бӕлвырд райгас ис ӕмӕ Йӕхи Симонмӕ раргом кодта, зӕгъгӕ.

35 Ацы дыууӕ дӕр сын радзырдтой, фӕндагыл сыл цы ӕрцыди, уый, стӕй Йесойы куыд базыдтой, дзул куы ӕрсаста, уӕд.

36 Уыдӕттыл куы ныхас кодтой, уӕд Йесо Йӕхӕдӕг се ’хсӕн ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут!»

37 Уыдон фыр тӕссӕй сагъдау аззадысты — афтӕ фенхъӕлдтой, цыма ӕндӕрг уынынц.

38 Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Афтӕ тынг цӕмӕй фӕтарстыстут, ӕмӕ уӕм ахӕм хъуыдытӕ цӕмӕн ӕвзӕры?

39 Фенут Мын Мӕ къухтӕ ӕмӕ Мӕ къӕхтӕ: уый Ӕз Мӕхӕдӕг дӕн. Басгарут Мӕ ӕмӕ сбӕлвырд кӕнут: ӕндӕргӕн буар ӕмӕ стджытӕ нӕй, Ӕз та, куыд уынут, афтӕмӕй буардзыд дӕн».

40 Уыцы ныхӕсты фӕстӕ сын фенын кодта Йӕ къухтӕ ӕмӕ Йӕ къӕхтӕ.

41 Фыр цинӕй сӕ куы нӕ уырныдта ӕмӕ дисы куы бафтыдысты, уӕд сын загъта: «Хӕринаг уӕм ницы ис?»

42 Физонӕггонд кӕсаджы кӕрдих Ӕм радтой.

43 Уый йӕ райста ӕмӕ йӕ сӕ разы бахордта.

44 Уый фӕстӕ сын загъта: «Уемӕ ма куы уыдтӕн, уӕд уын Ӕз уымӕн дзырдтон, Моисейы Ӕгъдау, пехуымпарты чингуытӕ ӕмӕ псаломты Мӕн тыххӕй цы загъд ис, ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ сӕххӕст уой, зӕгъгӕ».

45 Раргом сын кодта, Сыгъдӕг Фыст куыд ӕмбарын хъӕуы, уый

46 ӕмӕ загъта: «Фыст ис, Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдаид, зӕгъгӕ.

47 Ӕмӕ, Йерусалимӕй райдайгӕйӕ, ӕппӕт адӕмтӕм фӕсидын хъӕуы Йӕ номӕй, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сын барст ӕрцӕуой.

48 Ӕппӕт уыдӕттӕн сымах ут ӕвдисӕн.

49 Ӕз уын рарвитдзынӕн, Мӕ Фыд уын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Ӕмӕ уал ацы сахары баззайут, цалынмӕ уӕларвон тыхӕй не схайджын уат, уӕдмӕ».


Йесо ссыди уӕларвмӕ

50 Ӕмӕ сӕ сахарӕй Вифанийы онг ракодта. Йӕ къухтӕ хӕрдмӕ систа ӕмӕ сын арфӕ ракодта.

51 Арфӕгӕнгӕйӕ сӕ адард ис ӕмӕ уӕларвмӕ ссыди.

52 Уыдон Ын зӕххы онг ныллӕг акуывтой ӕмӕ уый фӕстӕ стыр цинимӕ раздӕхтысты Йерусалиммӕ.

53 Уӕдӕй фӕстӕмӕ иудадзыг уыдысты Кувӕндоны ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan