Лука 23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстПилаты тӕрхон 1 Уӕд иууылдӕр сыстадысты ӕмӕ Йӕ Пилатмӕ акодтой. 2 Уым Ӕй райдыдтой аххосджын кӕнын: «Мах сбӕлвырд кодтам, ацы адӕймаг нын адӕмы кӕй халы, уый. Кесӕрӕн хъалон фидын нӕ уадзы ӕмӕ Йӕхи хоны Чырысти, ома Паддзах». 3 Уӕд Ӕй Пилат бафарста: «Ды дӕ иудейаг Паддзах?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс». 4 Пилат хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Ӕз ацы адӕймагмӕ ницы азым арын». 5 Фӕлӕ уыдон уӕддӕр нӕ састысты: «Уый ӕгас Иудейы Йӕ ахуырадӕй адӕмы змӕнты. Райдыдта Галилейӕ ӕмӕ ныр ардӕм ӕрбахӕццӕ». 6 Пилат уый куы фехъуыста, уӕд бафарста: «Уыцы адӕймаг галилейаг у?» 7 Ӕмӕ, Ироды дӕлбар цы бӕстӕ ис, уырдыгӕй у, уый куы базыдта, уӕд Йесойы уымӕ арвыста — уыцы рӕстӕг Ирод дӕр Йерусалимы уыди. 8 Ирод Йесойы куы федта, уӕд тынг бацин кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ рагӕй фӕндыд Йӕ фенын. Йесойы тыххӕй бирӕ хӕттыты фехъуыста ӕмӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ каст исты диссаг равдисынмӕ. 9 Бирӕ цӕмӕйдӕрты Йӕ фарста, фӕлӕ йын Йесо ницы дзуапп лӕвӕрдта. 10 Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ динамонджытӕ дӕр уыдысты уым ӕмӕ карзӕй дзырдтой Йӕ ныхмӕ, азымджын Ӕй кодтой. 11 Ирод ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕ Йесойы ӕгады бынаты сӕвӕрдтой, сӕхицӕн дзы хъазӕнхъул сарӕзтой. Уый фӕстӕ Йыл Ирод зынаргъ дарӕс скӕнын кодта ӕмӕ Йӕ фӕстӕмӕ Пилатмӕ арвыста. 12 Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Пилат ӕмӕ Ирод балымӕн сты, уымӕй размӕ та кӕрӕдзимӕ фыдӕх хастой. 13 Пилат фӕсидти хистӕр сауджынтӕм, хицӕуттӕм ӕмӕ адӕммӕ. 14 Загъта сын: «Сымах мӕм ӕрбакодтат ацы адӕймаджы, Уый адӕмы змӕнты, зӕгъгӕ. Ӕз уӕ разы равзӕрстон хъуыддаг ӕмӕ Йӕм, цы фыдракӕндты Йӕ азымджын кӕнут, ахӕмӕй ницы ссардтон. 15 Ирод дӕр Ӕм ницы азым ссардта ӕмӕ нӕм Ӕй фӕстӕмӕ раздӕхта. Куыд уынут, афтӕмӕй, мӕлӕтмӕ Йӕ цӕй тыххӕй раттӕм, ахӕмӕй ницы сарӕзта. 16 Ӕз Ӕй ехсӕй фӕнӕмын кӕндзынӕн ӕмӕ Йӕ ахӕстонӕй рауадздзынӕн». 17 [Бӕрӕгбоны тыххӕй Пилатӕн ӕмбӕлди иу ахӕсты суӕгъд кӕнын.] 18 Фӕлӕ адӕм ӕмхуызонӕй хъӕр систой: «Амар Ӕй! Вараввӕйы нын рауадз!» 19 Вараввӕйы та ахӕстоны бакодтой, сахары змӕсты аххосджын кӕй уыди ӕмӕ кӕйдӕр кӕй амардта, уый тыххӕй. 20 Пилат адӕмимӕ ногӕй ныхас кӕнын райдыдта — Йесойы куы рауагътаид, уый йӕ фӕндыди. 21 Фӕлӕ уыдон хъӕр кодтой: «Байтындз Ӕй, байтындз Ӕй!» 22 Пилат сын ӕртыккаг хатт загъта: «Уагӕры ӕвзӕрӕй цы ракодта? Мӕлӕты аккаг цы у, ахӕмӕй Йӕм ӕз ницы ссардтон. Ехсӕй Йӕ фӕнӕмын кӕндзынӕн ӕмӕ Йӕ рауадздзынӕн». 23 Фӕлӕ адӕм уӕддӕр хъӕлӕсыдзагӕй хъӕр кодтой ӕмӕ домдтой Йесойы байтындзын. Пилаты басастой сӕ хъӕрӕй, 24 ӕмӕ Пилат хъуыддаг аскъуыддзаг кодта, уыдон куыд домдтой, афтӕ: 25 змӕст ӕмӕ тугныккалды азымимӕ ахӕстоны кӕй сбадын кодтой ӕмӕ йӕм адӕм кӕй тыххӕй ныххатыдысты, уыцы Вараввӕйы рауагъта, Йесойы та сын сӕ бар бакодта. Йесойы байтыгъд 26 Йесойы марынмӕ куы фӕцӕйкодтой, уӕд фӕссахарӕй иу киренӕйаг лӕг ӕрбацӕйцыди, йӕ ном — Симон. Баурӕдтой йӕ ӕмӕ йын Йесойы фӕдыл дзуар йе ’ккойыл фӕхӕссын кодтой. 27 Йесойы фӕстӕ цыди бирӕ адӕм. Се ’хсӕн уыди, сӕ риутӕ хойгӕйӕ Йыл чи хъарӕг кодта, ахӕм сылгоймӕгтӕ. 28 Йесо сӕм разылд ӕмӕ сын загъта: «Йерусалимы чызджытӕ! Ма кӕут Мӕныл, уӕхиуыл ӕмӕ уӕ сывӕллӕттыл кӕут. 29 Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ дзурдзысты: „Тӕхудиаг сты, сывӕллон чи нӕ ныййардта ӕмӕ йӕ риуы ’хсырӕй хъӕбул чи не схаста, уыцы ӕнӕзӕнӕг сылгоймӕгтӕ!“ 30 Уӕд хӕхтӕн лӕгъстӕ кӕндзысты: „Ӕркӕлут ныл!“ — къуыбыртӕн: „Ӕрӕмбӕрзут нӕ!“ 31 Уымӕн ӕмӕ, кӕд цъӕхвӕлыст бӕласӕн афтӕ кӕнынц, уӕд уагӕры хус бӕласӕн та цы бакӕндзысты?» 32 Йемӕ ма Йын марынмӕ акодтой дыууӕ фыдгӕнӕджы. 33 Ӕмӕ, Сӕргӕхц, зӕгъгӕ, уыцы бынатмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уыцы ран дзуарыл байтыгътой Йесо ӕмӕ фыдгӕнджыты: иуы — Йӕ рахизфарс, иннӕйы — Йӕ галиуфарс. 34 Йесо дзырдта: «Мӕ Фыд, ныббар сын, уымӕн ӕмӕ, цы аразынц, уый нӕ зонынц». Йӕ дарӕстыл Ын хӕлттӕ сӕппӕрстой ӕмӕ сӕ се ’хсӕн байуӕрстой. 35 Адӕм лӕууыдысты ӕмӕ кастысты, сӕ хицӕуттӕ та Йыл худтысты: «Иннӕты ирвӕзын кодта, ныр Йӕхи фервӕзын кӕнӕд, кӕд Хуыцауы ӕвзӕрст Чырысти у, уӕд». 36 Ӕфсӕддонтӕ Дзы хынджылӕг кодтой — бацыдысты-иу Ӕм, Йӕ дзыхмӕ-иу Ын туаг сӕн схастой 37 ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕд иудейаг Паддзах дӕ, уӕд Дӕхи фервӕзын кӕн». 38 Йӕ сӕрмӕ [бердзенаг, ромаг ӕмӕ дзуттаг ӕвзӕгтыл] уыди фыст: «Ацы адӕймаг у иудейаг Паддзах». 39 Кӕй байтыгътой, уыцы фыдгӕнджытӕй иу ӕлгъыста Йесойы ӕмӕ Йын дзырдта: «Чырысти нӕ дӕ, ӕви цы? Фервӕзын кӕн Дӕхи дӕр ӕмӕ мах дӕр». 40 Фӕлӕ йӕ иннӕ сабыр кодта: «Ау, Хуыцауӕй нӕ тӕрсыс, дӕуӕн дӕр ахӕм тӕрхон куы рахастой? 41 Махӕн раст бакодтой — нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ у нӕ тӕрхон, фӕлӕ уый ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта». 42 Ӕмӕ загъта: «Йесо, Дӕ Паддзахадмӕ куы бацӕуай, уӕд-иу мӕ ӕрымыс!» 43 Йесо йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: тӕккӕ абон Мемӕ уыдзынӕ дзӕнӕты». Йесойы мӕлӕт 44 Уыдис ӕхсӕз сахатмӕ ӕввахс. Бӕстӕ ӕгасӕй дӕр саудалынг баци ӕмӕ суанг фарӕстӕм сахаты онг йӕ хуыз нӕ аивта, 45 уымӕн ӕмӕ хур рухс нал кодта. Кувӕндоны мидӕмбӕрзӕн уӕлейӕ бынмӕ дыууӕ дихы фӕцис. 46 Йесо хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Мӕ Фыд, Дӕ къухмӕ Дын дӕттын Мӕ уд». Ӕмӕ, афтӕ куыддӕр загъта, афтӕ Йӕ уд систа. 47 Цы ӕрцыди, уый сӕдӕйыхицау куы федта, уӕд, Хуыцауӕн кад кӕнгӕйӕ, загъта: «Ацы Адӕймаг ӕнӕмӕнг рӕстгӕнӕг уыди». 48 Бакӕсынмӕ Йӕм цы адӕм ӕрбамбырд ис, уыдон уыцы цау куы федтой, уӕд, сӕ риутӕ хойгӕйӕ, сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтысты. 49 Йесойы зонгӕтӕ, стӕй, Йӕ фӕдыл Галилейӕ чи рацыди, уыцы сылгоймӕгтӕ та дӕрддзӕф лӕууыдысты ӕмӕ, цытӕ цӕуы, уыдӕттӕм кастысты. Йесойы баныгӕдтой 50 Иу лӕг, йӕ ном — Йосеф, синедрионы уӕнг, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ раст адӕймаг, 51 иудейаг сахар Аримафейы цӕрӕг, ӕнхъӕлмӕ касти Хуыцауы Паддзахадмӕ. Уый разы нӕ уыди, синедрион цы уынаффӕ рахаста ӕмӕ цы сарӕзта, уыимӕ. 52 Йосеф бацыди Пилатмӕ ӕмӕ Йесойы мард ракуырдта. 53 Ауындзӕнӕй йӕ ӕриста, мӕрдӕмбӕрзӕны йӕ батыхта ӕмӕ йӕ, къӕдзӕхы хуылфы цы афтид зӕппадз уыди, уым бавӕрдта. 54 Уый уыди майрӕмбоны, изӕрӕй, ныридӕгӕн сабатбон райдыдта. 55 Йесоимӕ Галилейӕ цы сылгоймӕгтӕ ӕрбацыд, уыдон федтой, Йесойы мард куыд ӕриста Йосеф ӕмӕ йӕ зӕппадзы куыд бавӕрдта, уый. 56 Куы раздӕхтысты, уӕд ӕрцӕттӕ кодтой хӕрздӕфгӕнӕнтӕ. Сабат сын, иудейаг Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, уыди ӕнцойбон. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia