Лука 22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЙесойы ныхмӕ сусӕгвӕнд 1 Ӕрӕвахс ис Донгонд дзулты бӕрӕгбон, Куадзӕн кӕй хонынц, уый. 2 Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ динамонджытӕ агуырдтой, цӕсты сӕ чи нӕ бафтауа, ахӕм ӕфсон Йесойы амарынӕн, уымӕн ӕмӕ адӕмӕй тарстысты. 3 Сайтан бацыди дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иуы, Искариот кӕй хуыдтой, уыцы Иудӕйы мидӕг. 4 Ӕмӕ Иудӕ ацыди Йесойы ауӕй кӕныны тыххӕй хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицӕуттимӕ баныхас кӕнынмӕ. 5 Уыдон бацин кодтой ӕмӕ йын ӕхцайӕ ныфс бавӕрдтой. 6 Уый сразы ис ӕмӕ агуырдта, Йесойы алыварс адӕм куыд нӕ уа, афтӕмӕй сын Ӕй сӕ къухтӕм раттыны фадат. Куадзӕны ӕхсӕвӕр 7 Ӕрхӕццӕ ис Донгонд дзулты бӕрӕгбон, куадзӕйнаг уӕрыкк ӕргӕвдыны бон. 8 Йесо арвыста Петр ӕмӕ Иоанны ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Ацӕут ӕмӕ нын Куадзӕны фынг ӕрӕвӕрут». 9 Уыдон Ӕй бафарстой: «Куыд Дӕ фӕнды, фынг кӕм ӕрӕвӕрӕм?» 10 Уый сын загъта: «Сахармӕ куы бацӕуат, уӕд уыл иу лӕг доны дурынимӕ амбӕлдзӕн. Цы хӕдзармӕ бацӕуа, уырдӕм-иу йӕ фӕдыл бацӕут 11 ӕмӕ-иу хӕдзары хицауӕн зӕгъут: „Ахуыргӕнӕг фӕрсы: Мӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Куадзӕн кӕм хӕрдзынӕн, уыцы уат Мын кӕм ӕрцӕттӕ кодтай?“ 12 Уый уын уӕллаг уӕладзыджы стыр ӕфснайд уатмӕ бацамондзӕн, ӕмӕ-иу уым ӕрӕвӕрут фынг». 13 Уыдон ацыдысты ӕмӕ ӕппӕт дӕр, Йесо сын куыд загъта, афтӕмӕй баййӕфтой ӕмӕ ӕрӕвӕрдтой Куадзӕны фынг. Куадзӕны фынг. Ног Фидыд 14 Афон куы ӕрцыд, уӕд Йесо Йӕ апостолтимӕ фынджы уӕлхъус ӕрбадти. 15 Ӕмӕ сын загъта: «Тынг Мӕ фӕндыд Мӕ хъизӕмары размӕ ацы Куадзӕны ӕхсӕвӕр уемӕ бахӕрын. 16 Зӕгъын уын: нал бахӕрдзынӕн Куадзӕн, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, уӕдмӕ». 17 Райста сӕны кӕхц, Хуыцауӕн арфӕ ракодта ӕмӕ загъта: «Айсут ӕй ӕмӕ дзы алчидӕр ануазӕд. 18 Зӕгъын уын, Ӕз сӕнӕфсиры сӕнӕй нал фӕхъӕстӕ уыдзынӕн, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, уӕдмӕ». 19 Уый фӕстӕ райста дзул, раарфӕ кодта Хуыцауӕн, ӕрсаста йӕ, алӕвӕрдта сӕм ӕй ӕмӕ загъта: «Ай Мӕ Буар у, ӕмӕ уӕ сӕраппонд лӕвӕрд цӕуы мӕлӕтмӕ. Афтӕ-иу кӕнут Мӕ ном арыны охыл». 20 Ӕхсӕвӕры фӕстӕ сӕны кӕхц дӕр райста ӕмӕ загъта: «Ацы кӕхц у Ног Фидыд — уый фидаргонд цӕуы, сымах сӕраппонд чи ныккӕлдзӕни, Мӕ уыцы Тугӕй. 21 Фӕлӕ мӕнӕ Мӕ уӕйгӕнӕг Мемӕ иу фынгыл бады. 22 Уӕвгӕ, Адӕймаджы Фыртӕн ӕнӕ цӕугӕ нӕй, нысангонд Ын цы фӕндаг у, ууыл. Фӕлӕ сар йӕ сӕр, гадзрахатӕй Йыл чи рацӕуа, уымӕн». 23 Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ райдыдтой кӕрӕдзийы фӕрсын, Йӕ уӕйгӕнӕг чи уыдзӕни, зӕгъгӕ. Ахуыргӕнинӕгтӕн фӕдзӕхстытӕ. Йесойы рагзагъд Петры тыххӕй 24 Ахуыргӕнинӕгтӕ сӕхимидӕг фӕбыцӕу сты, се ’хсӕн уӕлдӕрыл нымад чи хъуамӕ уа, зӕгъгӕ. 25 Йесо сын загъта: «Паддзӕхтӕ адӕмтӕн хицауиуӕг кӕнынц; адӕмтыл йӕ бар кӕмӕн цӕуы, уыдон сӕхи хонынц хӕрзгӕнджытӕ. 26 Сымахмӕ та афтӕ ма уӕд, фӕлӕ, уе ’хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд кӕстӕрау, барджындӕр чи у, уый та — лӕггадгӕнӕгау. 27 Чи у уӕлдӕр — фынгыл бадӕг ӕви кӕстӕриуӕггӕнӕг? Фынгыл бадӕг уӕлдӕр нӕу, ӕви? Ӕз та уын дӕн кӕстӕриуӕггӕнӕгау. 28 Сымах Мӕ фӕлварӕнты Мемӕ уыдыстут. 29 Мӕ Фыд Мын Паддзахад куыд радта, афтӕ уын ӕй Ӕз дӕр дӕттын, 30 цӕмӕй Мӕ Паддзахады Мемӕ иу фынгыл хӕрат ӕмӕ нуазат. Ӕмӕ сымах паддзахы бадӕнты ӕрбаддзыстут Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ. 31 Симон, Симон! Сайтан куырдта, цӕмӕй уӕ, мӕнӕу зыгуымӕй куыд фӕхицӕн кӕнынц, уыйау дымгӕмӕ ныддара! 32 Фӕлӕ Ӕз куывтон дӕу тыххӕй, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма слӕмӕгъ уа. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Мӕм куы раздӕхай, уӕд-иу сфидар кӕн де ’фсымӕрты уырнындзинад». 33 Петр Ын загъта: «Хицау, ӕз Демӕ ахӕстонмӕ цӕуынмӕ дӕр ӕмӕ мӕлӕтмӕ дӕр цӕттӕ дӕн». 34 Фӕлӕ йын Йесо афтӕ: «Зӕгъын дын, Петр, ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты дӕхи атигъ кӕндзынӕ, ӕз Ӕй нӕ зонын, зӕгъгӕ». 35 Йесо сӕ бафарста: «Ӕз уӕ ӕнӕ ӕхцайы чыссӕйӕ, ӕнӕ хордзенӕй ӕмӕ ӕнӕ ивӕн дзабыртӕй фӕндагыл куы ӕрвыстон, уӕд истӕмӕй хъуаг ӕййӕфтат, мыййаг?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Ницӕмӕй». 36 Уӕд сын загъта: «Ныр та уӕ ӕхцайы чыссӕ кӕмӕ ис, уый йӕ йемӕ айсӕд; хордзен кӕмӕ ис, уый дӕр ӕй айсӕд йемӕ. Ӕхца кӕмӕ нӕй, уый та йӕ пӕлӕз ауӕй кӕнӕд ӕмӕ кард балхӕнӕд. 37 Зӕгъын уын, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый Мыл хъуамӕ ӕрцӕуа: „Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд“. Мӕн тыххӕй цы фыст ис, уый рӕхджы сӕххӕст уыдзӕни». 38 Уӕд Ын уыдон загътой: «Хицау, мӕнӕ ам ис дыууӕ карды». Уый сын загъта: «Фаг сты!» Йесо кувы Елеоны хохыл 39 Йесо рацыд ӕмӕ та иннӕ хӕттытау ныр дӕр араст ис Елеоны хохмӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ацыдысты Йӕ фӕдыл. 40 Бынатмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сын Йесо загъта: «Кувут, цӕмӕй фӕлварӕнӕн бафӕразат». 41 Йӕхӕдӕг, дур кӕйонг фехсӕн ис, уый бӕрц дӕрддзӕфӕн иуварс ацыди уыдонӕй, ӕрзоныг кодта ӕмӕ скуывта: 42 «Мӕ Фыд, кӕд Дын фӕндон у, уӕд Мын ацы хъизӕмӕртты кӕхц ма бануазын кӕн. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд». 43 Уӕд Ӕм уӕларвӕй ӕрцыди зӕд ӕмӕ Йӕ удвидар кодта. 44 Ӕмӕ, утӕхсӕн кӕнгӕйӕ, Йесо ноджы зӕрдиагдӕрӕй куывта; Йӕ хид туджы ӕртӕхтау зӕхмӕ тагъди. 45 Куывд куы фӕци, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм бацыд ӕмӕ сӕ баййӕфта фынӕйӕ, уымӕн ӕмӕ фыр мӕтӕй сӕ тых басасти. 46 Йесо сын загъта: «Цы фынӕй кӕнут? Сыстут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕнӕн бафӕразат». Йесойы ӕрцахстой 47 Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзындысты адӕм, сӕ разӕй — Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу. Уый бацыди Йесомӕ, цӕмӕй Йын аба кӕна. 48 Йесо йын загъта: «Иудӕ, Адӕймаджы Фыртыл байӕ цӕуыс гадзрахатӕй?» 49 Хъуыддаг цӕмӕ цӕуы, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы бамбӕрстой, уӕд Ын загътой: «Хицау, кардӕй сӕ цӕвӕм?» 50 Ӕмӕ сӕ иу кардӕй ныццавта алчеры цагъары ӕмӕ йын йӕ рахиз хъус ахауын кодта. 51 Уӕд Йесо загъта: «Ӕгъгъӕд у, ӕрсабыр ут!» Бавнӕлдта цагъары хъусмӕ ӕмӕ йын ӕй сдзӕбӕх кодта. 52 Ахсынмӕ Йӕм чи ӕрбацыд, уыцы хистӕр сауджынтӕн, Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицӕуттӕн ӕмӕ адӕмы хистӕртӕн та Йесо загъта: «Цыма абырӕг дӕн, уыйау Мӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ куы ӕрбацыдыстут. 53 Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны уемӕ уыдтӕн, ӕмӕ Мыл уӕ къух дӕр нӕ андзӕвыди. Фӕлӕ ныр уӕ рӕстӕг у — талынг хицауиуӕг кӕны». 54 Уыйадыл Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ Йӕ акодтой алчеры хӕдзармӕ. Петр дӕрддзӕфгомау цыди сӕ фӕдыл. Петр йӕхи атигъ кодта Йесойыл 55 Кӕрты астӕу арт куы скодтой ӕмӕ йӕ алыварс куы ӕрбадтысты, уӕд Петр дӕр сбадти семӕ. 56 Лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтӕй йӕ иу арты рухсмӕ федта, ӕдзынӕг ӕм ныккасти ӕмӕ загъта: «Ай дӕр Йемӕ уыди». 57 Фӕлӕ Петр нӕ басасти: «Хорз ус, ӕз Ӕй зонгӕ дӕр нӕ кӕнын». 58 Чысыл фӕстӕдӕр та йӕ ӕндӕр чидӕр федта ӕмӕ йын загъта: «Ды дӕр уыдонӕй дӕ». Ӕмӕ та Петр уымӕн дӕр загъта: «Нӕ дӕн». 59 Рацыдаид сахаты бӕрц, ӕмӕ та йӕм иу лӕг бауырдыг ис: «Ай дӕр, ӕнӕмӕнг, Йемӕ уыди, уымӕн ӕмӕ галилейаг у». 60 Фӕлӕ Петр уымӕн дӕр загъта: «Цытӕ дзурыс, уый не ’мбарын». Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ уасӕг ныууасыд. 61 Уӕд Хицау Петрмӕ Йе ’ргом разылдта ӕмӕ йӕм бакаст. Ӕмӕ Петры зӕрдыл ӕрлӕууыди, Хицау ын цы загъта, уый: «Ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты дӕхи атигъ кӕндзынӕ». 62 Петр ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ судзаг цӕссыгтӕй ныккуыдта. Йесо — Синедрионы раз 63 Йесойы чи хъахъхъӕдта, уыцы адӕм Дзы хынджылӕг кодтой ӕмӕ Йӕ цавтой. 64 Йӕ цӕстытыл-иу Ын ныххӕцыдысты ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд Дӕ чи ныццавта, уый базон». 65 Ӕмӕ ма Йын ноджы дзырдтой бирӕ ӕндӕр ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ. 66 Куы сбон ис, уӕд ӕрӕмбырд сты адӕмы хистӕртӕ, хистӕр сауджынтӕ, динамонджытӕ ӕмӕ Йӕ сӕ синедрионмӕ бакодтой. 67 Бафарстой Йӕ: «Зӕгъ-ма нын, Ды Чырысти дӕ?» Уый сын дзуапп радта: «Куы уын зӕгъон, уӕд дӕр уӕ нӕ бауырндзӕни; 68 куы уӕ бафӕрсон, уӕд дӕр Мын дзуапп нӕ ратдзыстут. 69 Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрбаддзӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцауы рахизфарс». 70 Уӕд Ӕй се ’ппӕт дӕр бафарстой: «Уӕдӕ Ды Хуыцауы Фырт дӕ?» Уый сын дзуапп радта: «Уӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъут, Ӕз Хуыцауы Фырт кӕй дӕн, уый». 71 Уыдон загътой: «Цавӕр ӕвдисӕйнӕгтӕ ма нӕ хъӕуы? Йӕхи дзыхӕй йӕ куы фехъуыстам!» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia