Лука 20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЙесойы бартӕ 1 Иу бон та Йесо адӕмы Кувӕндоны куы ахуыр кодта ӕмӕ сын Фарны Уац куы хъусын кодта, уӕд Ӕм алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ бацыдысты адӕмы хистӕртимӕ 2 ӕмӕ Йӕ фарстой: «Зӕгъ-ма нын, ӕппӕт адӕттӕ цавӕр хъаруйӕ кӕныс? Дӕуӕн уыцы бар чи радта, уый чи у?» 3 Йесо сын загъта: «Ӕз дӕр уӕ иу цӕмӕйдӕр бафӕрсдзынӕн. Зӕгъут-ма Мын, 4 Иоанн цы аргъуыдӕй аргъуыдта, уый йын уӕларвӕй лӕвӕрд уыд ӕви адӕмӕй?» 5 Уыдон сӕхимидӕг тӕрхӕттӕ кодтой: «Афтӕ куы зӕгъӕм: „Уӕларвӕй“, уӕд нӕ бафӕрсдзӕни: „Уӕдӕ цӕуылнӕ баууӕндыдыстут Иоанныл?“ 6 „Адӕмӕй“ куы зӕгъӕм, уӕд та нӕ адӕм дуртӕй амардзысты, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕты дӕр уырны, Иоанн пехуымпар кӕй у, уый». 7 Ӕмӕ дзуапп радтой: «Кӕцӕй, уый нӕ зонӕм». 8 Уӕд сын Йесо загъта: «Уӕдӕ уын Ӕз дӕр нӕ зӕгъдзынӕн, цавӕр хъаруйӕ сӕ кӕнын, уый». Сӕндоны ӕмбисонд 9 Ӕмӕ адӕмӕн ӕрхаста ахӕм ӕмбисонд: «Иу лӕг сӕндон скодта, йӕ ӕххуырст кусджыты бар ӕй бакодта ӕмӕ дӕргъвӕтин рӕстӕгмӕ балцы ацыди. 10 Сӕнӕфсир тоныны афон куы ралӕууыд, уӕд ӕххуырст кусджытӕм йӕ цагъары арвыста, цӕмӕй йын йӕ тыллӕджы хай раттой. Фӕлӕ йӕ уыдон фӕнадтой ӕмӕ йӕ афтидармӕй раздӕхтой. 11 Арвыста сӕм ӕндӕр цагъары, ӕмӕ та уый дӕр фӕнадтой, фелгъыстой йӕ ӕмӕ йӕ афтидармӕй раздӕхтой. 12 Арвыста сӕм ӕртыккаджы дӕр, фӕлӕ уый дӕр фӕцӕфтӕ кодтой ӕмӕ йӕ ратардтой. 13 Уӕд сӕндоны хицау загъта: „Ныр куыд бакӕнон? Уӕд та сӕм мӕ уарзон фырты арвитон, кӕд уымӕй уӕддӕр фефсӕрмы уаиккой“. 14 Фӕлӕ йӕ ӕххуырст кусджытӕ куы федтой, уӕд кӕрӕдзийӕн дзырдтой: „Ай йӕ бындар у. Амарӕм ӕй, ӕмӕ йӕ бынтӕ мах бауыдзысты“. 15 Сӕндоны ӕдде йӕ фӕкодтой ӕмӕ йӕ амардтой. Ныр сын сӕндоны хицау цы бакӕндзӕн? 16 Ӕрцӕудзӕн, уыцы ӕххуырст кусджыты ныццӕгъддзӕн ӕмӕ йӕ сӕндон ратдзӕн ӕндӕртӕн». Уый чи фехъуыста, уыдон загътой: «Хуыцау бахизӕд!» 17 Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ Сыгъдӕг Фысты мӕнӕ ацы ныхӕстӕ цы амонынц: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур“? 18 Уыцы дурыл чидӕриддӕр ӕрхауа, уый ныппырх уыдзӕн, йӕхӕдӕг кӕуыл ӕрхауа, уый та ныцъцъӕл кӕндзӕни». 19 Йесо ӕмбисонд уыдоны тыххӕй кӕй ӕрхаста, динамонджытӕ ӕмӕ алчертӕ уый бамбӕрстой, ӕмӕ Йӕ тӕккӕ уыцы сахат бӕргӕ ӕрцахстаиккой, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты. Хъалоны тыххӕй 20 Уӕд Йесойы аивӕй хъахъхъӕнын райдыдтой ӕмӕ Йӕм, сӕхи рӕстгӕнджытӕй чи ӕвдыста, ахӕм мӕнгард лӕгты барвыстой, цӕмӕй Йӕ уыдон исты ныхасӕй ӕрцахсой — хицауады, ромаг бӕстыхицауы къухмӕ Йын раттӕн куыд уыдаид, афтӕ. 21 Ӕмӕ Йӕ уыдон бафарстой: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕй зонӕм: Ды раст дзурыс ӕмӕ ахуыр кӕныс, никӕй хъулон кӕныс, фӕлӕ ӕцӕгады фӕткыл амоныс Хуыцауы фӕндаг. 22 Кесӕрӕн нын хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?» 23 Йесо сын бамбӕрста сӕ хинвӕнд ӕмӕ загъта: 24 «Равдисут-ма Мӕм динар: кӕй ныв ӕмӕ йыл кӕй ном ис?» Уыдон дзуапп радтой: «Кесӕры». 25 Уӕд сын загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та — Хуыцауӕн». 26 Ӕмӕ сын адӕмы раз Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕцаразын нӕ бантысти. Йӕ дзуапп сӕ дисы бафтыдта, ӕмӕ ныхъхъус сты. Мӕрдты райгас 27 Уӕд та Йӕм бацыдысты саддукейтӕй чидӕртӕ — уыдон дзурынц, мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ, — ӕмӕ Йӕ бафарстой: 28 «Ахуыргӕнӕг, Моисей ныффыста: „Искӕмӕн йӕ усджын ӕфсымӕр ӕнӕзӕнӕгӕй куы амӕла, уӕд ын хъуамӕ йӕ идӕдзы ракура ӕмӕ дзы йе ’фсымӕры номыл цот рауадза“. 29 Уыди авд ӕфсымӕры. Хистӕр ус ӕрхаста ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амарди. 30 Йӕ идӕдзы йын ракуырдта дыккаг ӕфсымӕр ӕмӕ уый дӕр ӕнӕзӕнӕгӕй амарди. 31 Уый фӕстӕ йӕ ракуырдта ӕртыккаг, стӕй та — иннӕ ӕфсымӕртӕ. Иууылдӕр амардысты, зӕнӕг та нӕ ныууагътой. 32 Се ’ппӕты фӕстӕ амарди сылгоймаг дӕр. 33 Ныр мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд сӕ кӕцыйы ус уыдзӕни? Авды бинойнаг дӕр куы уыд». 34 Йесо сын дзуапп радта: «Ацы дунейы адӕм курынц устытӕ ӕмӕ цӕуынц моймӕ. 35 Ӕрцӕуинаг дунейы цӕрыны аккаг чи суа ӕмӕ мӕрдтӕй чи райгас уа, уыдон та нӕдӕр ус курдзысты, нӕдӕр мой кӕндзысты. 36 Мӕлӕт дӕр сын нӕ уыдзӕни. Уыдзысты уӕларвон зӕдтау. Уыдон Хуыцауы хъӕбултӕ сты, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау райгас кодта. 37 Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый та Моисей равдыста, судзгӕ сындзы къутӕры кой кӕнгӕйӕ, Хуыцауы „Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Йаковы Хуыцау“ куы схуыдта, уӕд. 38 Хуыцау та мӕрдты Хуыцау нӕу, фӕлӕ удӕгӕсты, уымӕн ӕмӕ Йын иууылдӕр удӕгас сты». 39 Уӕд Йесойӕн динамонджытӕй чидӕртӕ загътой: «Ахуыргӕнӕг, Ды хорз загътай». 40 Ӕмӕ ма Йӕ истӕмӕй бафӕрсой, уымӕ сӕ ныфс нал хастой. 41 Йесо та сӕ бафарста: «Чырыстийӕ, Давиды байзӕддаг у, зӕгъгӕ, цӕмӕн зӕгъынц? 42 Давид йӕхӕдӕг Псаломты чиныджы афтӕ куы дзуры: „Дунедарӕг загъта мӕ Бардарӕгӕн: сбад Мӕ рахизфарс, 43 ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн“. 44 Уӕдӕ Йӕ кӕд Давид йӕ Бардарӕг хоны, уӕд Уый йӕ байзӕддаг куыд у?» 45 Уый фӕстӕ, адӕм Ӕм иууылдӕр куы хъуыстой, уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: 46 «Уӕхи хизут динамонджытӕй. Уыдон уарзынц даргъ дарӕсты цӕуын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын; уарзынц синагогӕты раззаг бынӕтты ӕмӕ минасы фынгыл уӕле бадын; 47 идӕдз устытӕн сӕ хӕдзӕрттӕ хӕрынц ӕмӕ уарзынц адӕмы цӕстмӕ кувын; уӕлдай карз ӕфхӕрд баййафдзысты уыдон». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia