Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Лука 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йесойы райгуырд

1 Уыцы рӕстӕг кесӕр Август уынаффӕ рахаста ӕппӕт бӕстӕйы цӕрджыты сфыссыны тыххӕй.

2 Ацы сфыст уыди фыццаг; арӕзт ӕрцыди, Сирийӕн Квирини хицауиуӕг куы кодта, уыцы заманы.

3 Алчи йӕхи ныффыссын кӕнынмӕ цыди йӕхи сахармӕ.

4 Йосиф дӕр галилейаг сахар Назаретӕй араст ис Иудеймӕ, Вифлеем кӕй хонынц, Давиды уыцы сахармӕ, уымӕн ӕмӕ Давиды байзӕддаг уыди.

5 Йемӕ ракодта йӕ усаг Мариайы дӕр, цӕмӕй сӕхи ныффыстаиккой. Мариа та йӕхи бар нӕ уыди,

6 ӕмӕ Вифлеемы йӕ арыны афон ӕрцыд.

7 Уыйадыл Фырт ныййардта. Хӕцъилты Йӕ батыхта ӕмӕ Йӕ кӕвдӕсы нывӕрдта, уымӕн ӕмӕ сӕм фысымуаты бынат не ’рхаудис.


Фыййӕуттӕ ӕмӕ зӕдтӕ

8 Уырдӕм ӕввахс, быдыры, уыдысты фыййӕуттӕ ӕмӕ ӕхсӕвы сӕ фосы дзуг хъахъхъӕдтой.

9 Ӕвиппайды Хуыцауы зӕд сӕ разы февзӕрди, ӕмӕ Хуыцауы кадӕй бӕстӕ ныррухс ис. Фыййӕуттӕ фыр тӕссӕй сӕхи дӕр нал ӕмбӕрстой.

10 Зӕд сын загъта: «Ма тӕрсут, ӕз уӕм ӕрцыдтӕн, ӕппӕт адӕмӕн дӕр стыр циндзинад чи ӕрхӕсдзӕн, уыцы Фарны Уац фехъусын кӕнынмӕ:

11 абон Давиды сахары райгуырди уӕ Ирвӕзынгӕнӕг — Бардарӕг Чырысти.

12 Сывӕллоны баййафдзыстут хӕцъилты тыхтӕй, кӕвдӕсы хуысгӕйӕ, ӕмӕ Йӕ базондзыстут уыцы нысанӕй».

13 Зӕды фарсмӕ ӕваст фегуырди ӕнӕнымӕц уӕларвон ӕфсад. Уыдон кадджын кодтой Хуыцауы:

14 «Кад Хуыцауӕн бӕрзӕндты, зӕххыл та фарнимӕ уӕнт, Хуыцау кӕуыл ауды, уыдон!»

15 Зӕдтӕ сӕ цурӕй уӕларвмӕ куы ссыдысты, уӕд фыййӕуттӕ сӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Уӕдӕ фӕцӕуӕм Вифлееммӕ ӕмӕ нӕхи цӕстӕй фенӕм, цы дзы ӕрцыди ӕмӕ нын Хуыцау цӕй тыххӕй фехъусын кодта, уый».

16 Атындзыдтой ӕмӕ дзы Мариа ӕмӕ Йосифы баййӕфтой. Сывӕллон хуыссыди кӕвдӕсы.

17 Куы сӕм бакастысты, уӕд радзырдтой, Сывӕллоны тыххӕй сын цы загъдӕуыди, уый.

18 Фыййӕутты ныхӕстӕ, чи сӕ фехъуыста, уыдоны се ’ппӕты дӕр стыр дисы бафтыдтой.

19 Мариа та сӕ йӕ зӕрдыл бадардта ӕмӕ сыл арф ныхъхъуыды кодта.

20 Фыййӕуттӕ фӕстӕмӕ аздӕхтысты, цы фехъуыстой ӕмӕ цы федтой, уыдӕтты тыххӕй кадджын кодтой Хуыцауы. Алцы дӕр рауад, зӕд сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.


Ӕнахъом Йесойы бахастой Кувӕндонмӕ

21 Аст боны фӕстӕ, Сывӕллонӕн Йӕ сунӕты афон куы ралӕууыд, уӕд Ӕй схуыдтой Йесо. Зӕд Ын уыцы ном рагацау радта, Йӕ мады гуыбыны дӕр куы нӕма сӕвзӕрди, уӕд.

22 Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, ссыгъдӕг кӕныны фӕтк ахицӕн кӕныны афон куы ӕрцыди, уӕд Йесойы ахастой Йерусалиммӕ, Хуыцауы размӕ,

23 уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Ӕгъдауы фыст ис: «Алы хистӕр зӕнӕг дӕр, лӕппу куы уа, уӕд лӕвӕрд ӕрцӕуӕд Хуыцауӕн».

24 Уыимӕ, Хуыцауы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, нывондӕн хъуамӕ ӕрхастаиккой «дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны».

25 Йерусалимы цардис иу рӕстгӕнӕг, йӕ ном — Симеон. Уый уыди Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ касти, Хуыцау Израилы кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Симеон хайджын уыди Сыгъдӕг Удӕй.

26 Сыгъдӕг Уд ын раргом кодта, Хуыцау Кӕй рарвита, цалынмӕ уыцы Чырыстийы фенай, уӕдмӕ нӕ амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ.

27 Сыгъдӕг Уд ӕй сразӕнгард кодта Кувӕндонмӕ ацӕуынмӕ, ӕмӕ, Моисейы Ӕгъдау сӕххӕст кӕныны тыххӕй Йесойы ныййарджытӕ Сабийы Кувӕндонмӕ куы бахастой,

28 уӕд Ӕй Симеон йӕ хъӕбысмӕ райста, арфӕ ракодта Хуыцауӕн ӕмӕ загъта:

29 «Бардарӕг Хуыцау, Дӕ цагъарӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдтай, афтӕ мӕ ӕрвитыс ныр фарнимӕ:

30 мӕхи цӕстӕй федтон Дӕ Ирвӕзынгӕнӕджы,

31 ӕппӕт адӕмты сӕрвӕлтау Кӕй ӕрцӕттӕ кодтай, уый.

32 Муртаттӕгтӕн Уый уыдзӕни Дӕу ӕргомгӕнӕг рухс, Дӕ адӕмӕн, Израилӕн та — йӕ кад».

33 Йесойы тыххӕй цы загъта, уый диссаг фӕкасти Сабийы фыд ӕмӕ мадмӕ.

34 Симеон сӕ Хуыцауыл бафӕдзӕхста ӕмӕ Йесойы мад Мариайӕн загъта: «Ацы Сывӕллоны тыххӕй израилӕгтӕй бирӕтӕ дӕлӕмӕ ӕрхаудзысты ӕмӕ бирӕтӕ сбӕрзонд уыдзысты. Уый расайдзӕни быцӕутӕ,

35 ӕмӕ афтӕмӕй бирӕтӕн сӕ сусӕг хъуыдытӕ раргом уыдзысты. Дӕуӕн дӕхицӕн дӕр цыргъаг дӕ риуы иннӕрдӕм ахиздзӕн».

36 Уыди ма уым пехуымпар Аннӕ дӕр, Фануилы чызг, Асиры хӕдзарвӕндагӕй, хӕрз зӕронд сылгоймаг. Йӕ лӕгимӕ авд азы йеддӕмӕ нӕ ацард,

37 афтӕмӕй идӕдзӕй баззад ӕмӕ йыл ныр цыппар ӕмӕ цыппарыссӕдз азы рацыд. Кувӕндонӕй ӕддӕмӕ нӕ цыди, ӕхсӕвӕй-бонӕй, ком даргӕйӕ ӕмӕ кувгӕйӕ, лӕггад кодта Хуыцауӕн.

38 Уый дӕр сӕм уыцы рӕстӕг бацыди, кадджын кодта Хуыцауы, Йерусалимы фервӕзтмӕ ӕнхъӕлмӕ чи касти, уыдонӕн дзырдта Йесойы тыххӕй.

39 Йосиф ӕмӕ Мариа Хуыцауы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕппӕт дӕр куы бакодтой, уӕд раздӕхтысты Галилеймӕ, кӕм цардысты, уыцы сахар Назаретмӕ.

40 Сывӕллон рӕзыд ӕмӕ фидар кодта, бонӕй-бонмӕ ӕфтыди Йӕ зондыл, Хуыцауы фарнӕй хайджын уыди.


Дыууадӕсаздзыд Йесо Кувӕндоны

41 Йесойы ныййарджытӕ Куадзӕны бӕрӕгбоны ӕрвылаз Йерусалиммӕ цыдысты.

42 Лӕппуйыл дыууадӕс азы куы сӕххӕст ис, уӕд дӕр та иннӕ хӕттытау ацыдысты.

43 Бӕрӕгбоны фӕстӕ сӕхимӕ куы раздӕхтысты, уӕд ӕнахъом Йесо баззади Йерусалимы, Йӕ ныййарджытӕ йӕ нӕ зыдтой, афтӕмӕй.

44 Уыдон ӕнхъӕлдтой, иннӕтимӕ ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ, ӕмӕ, иу бонцау куы адард сты, уӕд Ӕй хӕстӕджытӕ ӕмӕ зонгӕты ӕхсӕн агурын райдыдтой.

45 Куы никуы уыди, уӕд Йӕ агурӕг фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ аздӕхтысты.

46 Ӕртӕ боны фӕстӕ Йӕ Кувӕндоны ссардтой. Йесо бадтис ахуыргӕнджыты ӕхсӕн, хъуыста сӕм ӕмӕ сӕ алцӕмӕйты фарста.

47 Чи Йӕм хъуыста, уыдон Ын иууылдӕр Йӕ зонд ӕмӕ дзуаппытыл дис кодтой.

48 Ныййарджытӕ Йӕ уым куы федтой, уӕд сӕ дисӕн кӕрон нал уыд. Мад Ын загъта: «Хъӕбул, уый нын цы бакодтай? Тынг Дыл мӕт кодтам ӕмӕ Дӕ агуырдтам Дӕ фыдимӕ».

49 Йесо сын загъта: «Ӕмӕ Мӕ цӕмӕн агуырдтат? Нӕ йӕ зыдтат, Ӕз Мӕ Фыды хӕдзары кӕй хъуамӕ уон, уый?»

50 Фӕлӕ Йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой.

51 Йесо рацыди семӕ, Назаретмӕ ӕрбаздӕхтысты, ӕмӕ алцӕмӕй дӕр касти сӕ коммӕ. Мад та уыцы цау йӕ зӕрдыл бадардта.

52 Йесо куыд рӕзыд, афтӕ ӕнтыстджындӕр уыди уӕлзондӕй, ӕмӕ Йӕм фылдӕр кодта Хуыцау ӕмӕ адӕмы уарзондзинад.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan