Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Лука 19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йесо ӕмӕ хъалонисӕг Закхей

1 Йесо бахӕццӕ ис Йерихонмӕ ӕмӕ уынджы фӕцӕйцыди.

2 Уым та уыдис иу адӕймаг, йӕ ном Закхей — хъалонисджыты хицау ӕмӕ хъӕздыг лӕг.

3 Йесойы фенын ӕй фӕндыди, фӕлӕ асӕй ныллӕг уыд, ӕмӕ йӕм адӕмӕй нӕ зынди.

4 Уӕд азгъордта размӕ ӕмӕ Йӕ кӕд афтӕмӕй фенин, зӕгъгӕ, легъуи бӕласмӕ схызти, уымӕн ӕмӕ Йесойӕн Йӕ фӕндаг ууылты уыди.

5 Йесо уырдӕм куы бахӕццӕ ис, уӕд ӕм уӕлӕмӕ скасти ӕмӕ загъта: «Закхей, рӕвдздӕр ӕрхиз, Ӕз абон дӕ хӕдзары хъуамӕ уон».

6 Уый рӕвдзгомау ӕрхызти ӕмӕ Йӕ, цингӕнгӕ, суазӕг кодта.

7 Адӕм уый куы федтой, уӕд сӕ хъуыр-хъуырӕй нал ӕнцадысты, уыцы тӕригъӕдджын адӕймагмӕ уазӕгуаты куыд бацыд, зӕгъгӕ.

8 Закхей та сыстад ӕмӕ Йесойӕн загъта: «Хицау, мӕ мулкӕн йе ’мбис мӕгуыртӕн байуардзынӕн ӕмӕ, кӕд искӕй хъыджы бацыдтӕн, уӕд ӕй уымӕн та цыппар ахӕмӕй бафиддзынӕн».

9 Йесо йын загъта: «Абон ацы хӕдзармӕ ирвӕзындзинад ӕрцыд, уымӕн ӕмӕ ацы адӕймаг дӕр Авраамы байзӕддагӕй у.

10 Адӕймаджы Фырт ӕрцыд сӕфтыты бацагурынмӕ ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ».


Ӕмбӕхст ӕхцайы ӕмбисонд

11 Адӕм уыцы ныхӕстӕм куы хъуыстой, уӕд ма сын Йесо иу ӕмбисонд ӕрхаста, уымӕн ӕмӕ Йӕ бирӕ нал хъуыди Йерусалиммӕ, ӕмӕ адӕм ӕнхъӕл уыдысты, Хуыцауы Паддзахад рӕхджы ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ.

12 Йесо загъта: «Иу лӕг, уӕздан мыггагӕй, дард бӕстӕм цӕуинаг уыди, цӕмӕй уым паддзахы бартӕ райстаид ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтаид.

13 Йӕ дӕс цагъармӕ фӕдзырдта, дӕс минӕйы сын радта ӕмӕ загъта: „Ӕфтиаг сӕ куыд райсат, афтӕ сӕ спайда кӕнут ме ’рцыдмӕ“.

14 Фӕлӕ, йе ’мбӕстӕгтӕн ӕнӕуынон кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ уыдон бавдӕлдысты ӕмӕ йын йӕ фӕдыл минӕвӕрттӕ арвыстой ахӕм ныхӕстимӕ: „Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нын ацы адӕймаг паддзахиуӕг кӕна“.

15 Паддзахӕй йӕ куы сӕвӕрдтой ӕмӕ фӕстӕмӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд, чи цас ӕфтиаг райста, уый базоныны тыххӕй фӕсидти, ӕхца кӕмӕн радта, уыцы цагъартӕм.

16 Уыдонӕн сӕ фыццаг ӕрбацыд ӕмӕ загъта: „Хицау, дӕ минӕ ӕфтиаг ӕрхаста дӕс минӕйы“.

17 Уый йын загъта: „Хорз, мӕ дзӕбӕх цагъар! Чысыл хъуыддаджы иузӕрдион кӕй разындтӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕ хицауӕй ӕвӕрын дӕс сахарӕн“.

18 Ӕрбацыди дыккаг ӕмӕ загъта: „Хицау, дӕ минӕ ӕфтиаг ӕрхаста фондз минӕйы“.

19 Уымӕн дӕр загъта: „Дӕу та хицауӕй ӕвӕрын фондз сахарӕн“.

20 Ӕрбацыд ӕртыккаг ӕмӕ загъта: „Хицау, мӕнӕ дӕ минӕ, хӕцъилы тыхтӕй йӕ фӕдардтон.

21 Тӕрсгӕ дӕ кодтон, уымӕн ӕмӕ карз лӕг дӕ: цы нӕ нывӕрдтай, уый исыс, цы нӕ байтыдтай, уый кӕрдыс“.

22 Хицау ын загъта: „Дӕхи дзыхӕй дын тӕрхон кӕндзынӕн, ӕвзӕр цагъар! Ӕз карз лӕг кӕй дӕн ӕмӕ, цы нӕ нывӕрдтон, уый кӕй исын, цы нӕ байтыдтон, уый кӕй кӕрдын, уыдӕттӕ куы зыдтай,

23 уӕд мын ме ’хца пайда дзы скӕнынмӕ цӕуылнӕ радтай, цӕмӕй йӕ, фӕстӕмӕ ӕрыздӕхгӕйӕ, ӕфтиагимӕ райстаин?“

24 Ӕмӕ, уым чи лӕууыди, уыдонӕн загъта: „Райсут ын йӕ минӕ ӕмӕ йӕ раттут, дӕс минӕйы кӕмӕ ис, уымӕн“.

25 Уыдон ын загътой: „Хицау, ӕмӕ уымӕ дӕс минӕйы куы ис“.

26 Уый дзуапп радта: „Зӕгъын уын, кӕмӕ ис, уымӕн ма ноджыдӕр рардӕуыдзӕни; кӕмӕ нӕй, уымӕй та, цы йӕм ис, уый дӕр ист ӕрцӕудзӕни.

27 Паддзах сын уон, уый кӕй нӕ фӕндыди, мӕ уыцы знӕгты та ӕрбакӕнут ӕмӕ сӕ ам мӕ разы амарут“».


Йесо бацыди Йерусалиммӕ

28 Уыцы ныхӕсты фӕстӕ та Йесо ногӕй Йӕ фӕндаг сарӕзта Йерусалиммӕ.

29 Елеон, зӕгъгӕ, уыцы хохы фахсыл Виффаги ӕмӕ Вифанимӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтой, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕмӕ фӕдзырдта

30 ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут, уартӕ нӕ ныхмӕ цы хъӕу ис, уырдӕм. Хъӕугӕрон фендзыстут баст къӕлӕу, адӕймаг кӕуыл нӕма сбадти, ахӕм. Суадзут-иу ӕй ӕмӕ йӕ ардӕм ӕркӕнут.

31 Исчи уӕ куы бафӕрса, цӕмӕн ӕй уӕгъд кӕнут, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын зӕгъут: „Хицауы хъӕуы“».

32 Ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ ӕппӕт дӕр, Йесо сын куыд загъта, афтӕмӕй баййӕфтой.

33 Къӕлӕуы куы уӕгъд кодтой, уӕд сӕ йӕ хицӕуттӕ бафарстой: «Цӕмӕн ӕй уӕгъд кӕнут?»

34 Уыдон сын дзуапп радтой: «Хицауы хъӕуы».

35 Ӕркодтой къӕлӕуы Йесомӕ, ӕрӕппӕрстой йыл сӕ дарӕстӕ ӕмӕ йыл Йесойы сбадын кодтой.

36 Йесо куы фӕцӕйцыд, уӕд Ын адӕм Йӕ развӕндагыл сӕ дарӕстӕ тауын райдыдтой.

37 Елеоны хохы ӕрхизӕнмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд Йӕ бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр Хуыцауы стауын райдыдтой, сӕхи цӕстӕй кӕй федтой, ӕппӕт уыцы диссӕгты тыххӕй:

38 «Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй ӕрцӕуӕг Паддзах! Фарн — уӕлӕрвты ӕмӕ кад — бӕрзӕндты!»

39 Адӕмимӕ чи уыди, уыцы фарисейтӕй Йын чидӕртӕ загътой: «Ахуыргӕнӕг, Дӕ ахуыргӕнинӕгты ныхъхъус кӕн».

40 Фӕлӕ сын Йесо дзуапп радта: «Зӕгъын уын: уыдон куы ныхъхъус уой, уӕд дуртӕ ныхъхъӕр кӕндзысты».


Йесойы хъарӕг Йерусалимыл

41 Йесо сахармӕ куы ӕрбахӕстӕг ӕмӕ йӕм куы акасти, уӕд ыл ныккуыдта

42 ӕмӕ загъта: «Тӕхуды, ӕмӕ ды дӕр уӕд та ацы бон куы базонис, фарны хос дын цы у, уый! Фӕлӕ уый ныр дӕуӕй ӕмбӕхст у.

43 Уымӕн ӕмӕ дыл ахӕм бонтӕ акӕндзӕн, ӕмӕ де знӕгтӕ дӕ къулты алыварс сыджытбырутӕ самайдзысты, ӕрхъула дыл кӕндзысты ӕмӕ дӕ алырдыгӕй ӕрбалвасдзысты.

44 Ныппырх дӕ кӕндзысты, дӕ цӕрджыты дын ныццӕгъддзысты дӕ мидӕг ӕмӕ дӕ дур дурыл нал ныууадздзысты, Хуыцауы ӕрцыды афон кӕй нӕ базыдтай, уый тыххӕй».


Йесо уӕйгӕнджыты тӕры Кувӕндонӕй

45 Йесо Кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ уырдыгӕй уӕйгӕнджыты тӕрын райдыдта.

46 Дзырдта сын: «Фыст ис: „Мӕ Хӕдзар уыдзӕни кувӕн хӕдзар“, сымах та дзы абырджыты лӕгӕт сарӕзтат».

47 Йесо алы бон дӕр Кувӕндоны адӕмы ахуыр кодта. Алчертӕ, динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ та Йӕ амарынвӕнд кодтой,

48 фӕлӕ уымӕн ницы амал ардтой, уымӕн ӕмӕ адӕм иудадзыг иууылдӕр Йемӕ уыдысты ӕмӕ Йын Йӕ алы ныхасмӕ дӕр хъуыстой.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan