Лука 18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИдӕдз ус ӕмӕ мӕнгард тӕрхонгӕнӕджы ӕмбисонд 1 Ӕдзух кувын кӕй ӕмбӕлы ӕмӕ хъынцъым кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй сын Йесо ӕмбисонд ӕрхаста: 2 «Иу сахары уыди, Хуыцауӕй чи нӕ тарст ӕмӕ адӕмӕй чи не ’фсӕрмы кодта, иу ахӕм тӕрхонгӕнӕг. 3 Уыцы сахары ма цардис иу идӕдз сылгоймаг дӕр. Уый арӕх цыди тӕрхонгӕнӕгмӕ ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта: „Мӕ рӕстдзинад мын сбӕлвырд кӕн, равзар мын мӕ хъуыддаг“. 4 Тӕрхонгӕнӕг ӕм цасдӕр рӕстӕг ницы йӕ хъус дардта, фӕлӕ ӕппынфӕстаг йӕхицӕн загъта: „Ӕз нӕдӕр Хуыцауӕй тӕрсын, нӕдӕр адӕмӕй ӕфсӕрмы кӕнын. 5 Фӕлӕ мӕ иугӕр ацы идӕдз ус ӕнцад нал уадзы, уӕд ын баххуыс кӕнон, цӕмӕй мӕм мауал цӕуа ӕмӕ мӕ мауал фӕлмӕцын кӕна“». 6 Ӕмӕ Бардарӕг бафарста: «Хъусут, уыцы мӕнгард тӕрхонгӕнӕг цы загъта, уымӕ? 7 Ау, уӕдӕ уӕд Хуыцау, ӕхсӕвӕй-бонӕй Йын чи лӕгъстӕ кӕны, Йӕ уыцы ӕвзӕрстыты нӕ бахъахъхъӕндзӕн, ӕви? Мыййаг, Йе ’ххуысимӕ бафӕстиат уыдзӕн? 8 Зӕгъын уын, рӕхджы сын баххуыс кӕндзӕн. Фӕлӕ Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд ма зӕххыл уырнындзинад ссардзӕни, цымӕ?» Фарисей ӕмӕ хъалонисӕджы ӕмбисонд 9 Йӕхи раст чи хуыдта ӕмӕ иннӕты та чи ницӕуыл нымадта, уыдонӕн та Йесо ӕрхаста ахӕм ӕмбисонд: 10 «Дыууӕ адӕймаджы бацыдысты Кувӕндонмӕ кувынмӕ: сӕ иу — фарисей, иннӕ — хъалонисӕг. 11 Фарисей слӕууыд ӕмӕ йӕхинымӕр кувын райдыдта: „Хуыцау, бузныг дӕн Дӕуӕй, ӕз иннӕтау стигъӕг, ӕдзӕсгом ӕмӕ хъахбай кӕй нӕ дӕн, стӕй мӕнӕ ацы хъалонисӕджы хуызӕн дӕр кӕй нӕ дӕн, уый тыххӕй. 12 Ком дарын къуыри дыууӕ хатты; ме ’ппӕт ӕфтиаджы дӕсӕймаг хай дӕттын Дӕуӕн“. 13 Хъалонисӕг та дӕрддзӕф лӕууыд ӕмӕ арвмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыди, ӕрмӕст йӕ риу хоста ӕмӕ дзырдта: „Хуыцау, ныббар мын, тӕригъӕдджын дӕн ӕз“. 14 Зӕгъын уын, йӕ хӕдзармӕ хъалонисӕг Хуыцауӕй хатыргондӕй ацыд, фарисей та — нӕ. Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд чи кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн». Йесойы арфӕ сабитӕн 15 Йесомӕ кодтой сабиты дӕр, цӕмӕй сыл бандзӕва, фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд сӕ нӕ уагътой. 16 Йесо сабитӕм фӕдзырдта, Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн та загъта: «Ӕрбауадзут Мӕм сӕ, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад, адоны хуызӕн чи у, уыдоны у. 17 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахадыл сывӕллонау чи нӕ баууӕнда, уый йӕм нӕ бацӕудзӕни». Хъӕздыгдзинады тыххӕй 18 Иу хицау Йесойы бафарста: «Хорз Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсыны тыххӕй цы саразон?» 19 Йесо йын дзуапп радта: «Цӕмӕн Мӕ хоныс хорз? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у. 20 Ды фӕдзӕхстытӕ зоныс: „Ма хӕт“, „Ма амар“, „Ма дав“, „Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу“, „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“». 21 Уый Йесойӕн загъта: «Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕз ме ’взонджы бонтӕй нырмӕ ӕххӕст кӕнын». 22 Йесо уый куы фехъуыста, уӕд ын зӕгъы: «Иу хъуыддаг ма дын нӕ фаг кӕны: цыдӕриддӕр дӕм ис, уый ауӕй кӕн ӕмӕ де ’хца мӕгуыртыл байуар, ӕмӕ дын уӕд уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл». 23 Уый уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ӕрӕнкъард ис, уымӕн ӕмӕ тынг хъӕздыг уыди. 24 Кӕй ӕрӕнкъард ис, уый Йесо куы федта, уӕд загъта: «Ӕвӕдза, бонджынтӕн куыд зын у Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын! 25 Уымӕн ӕмӕ хъӕздыгӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины быныл ахизын ӕнцондӕр у». 26 Уыцы ныхӕстӕ чи фехъуыста, уыдон бафарстой: «Уӕдӕ чи фервӕздзӕн?» 27 Йесо сын загъта: «Адӕмы бон цы нӕу, уый Хуыцауы бон у». 28 Уӕд Ын Петр загъта: «Мӕнӕ мах ныууагътам ӕппӕт дӕр ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл». 29 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахады тыххӕй йӕ хӕдзар, йӕ усы, йе ’фсымӕрты, йӕ ныййарджыты кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты чи ныууадза, уыдонӕй иу дӕр ахӕм нӕй, 30 ӕмӕ ныртӕккӕ, ацы заманы, бирӕ фылдӕр чи не ссара, ӕрцӕуинаг дунейы та мыггагмӕйы цард чи нӕ райса». Йесо ӕртыккаг хатт зӕгъы Йӕ мӕлӕты тыххӕй 31 Йесо фӕхибар кодта дыууадӕсы ӕмӕ сын загъта: «Ныр мах цӕуӕм Йерусалиммӕ, ӕмӕ, Адӕймаджы Фырты тыххӕй пехуымпартӕ цыдӕриддӕр ныффыстой, уый сӕххӕст уыдзӕн: 32 Ратдзысты Йӕ муртаттӕгты къухмӕ, ӕмӕ Дзы уыдон хынджылӕг кӕндзысты, бафхӕрдзысты Йӕ ӕмӕ Йыл тутӕ кӕндзысты, 33 ехсӕй Йӕ фӕнӕмдзысты ӕмӕ Йӕ амардзысты, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни». 34 Уыдон Ын Йӕ ныхӕстӕн ницы бамбӕрстой. Цӕуыл дзырдта, уыдӕттӕ сын ӕргом нӕ уыдысты ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой. Куырм ракасти йӕ цӕстӕй 35 Йесо Йерихонмӕ куы баввахс ис, уӕд уым фӕндаггӕрон бадти иу куырм мӕгуыргур. 36 Ӕмӕ адӕм йӕ цурты фӕцӕуынц, уый фехъусгӕйӕ, бафарста: «Цы хабар у?» 37 Загътой йын: «Назаретаг Йесо ӕрбацӕуы». 38 Уӕд уый ныхъхъӕр кодта: «Йесо, Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!» 39 Разӕй чи цыди, уыдон ӕй басабыр кӕнын фӕлвӕрдтой, фӕлӕ уый ноджы тынгдӕр хъӕр кодта: «Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!» 40 Йесо ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта, цӕмӕй Йӕм ӕй ӕрбакӕной. Куы Йӕм ӕрбацыд, уӕд ӕй Йесо бафарста: 41 «Цы дӕ фӕнды? Цы дын саразон?» Уый Йын дзуапп радта: «Хицау, мӕн фӕнды цӕстӕй ракӕсын». 42 Йесо йын загъта: «Ракӕс! Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». 43 Уыцы сахат куырм лӕг цӕстӕй суыдта ӕмӕ, Хуыцауы стаугӕйӕ, Йесойы фӕдыл ацыди. Адӕм уый куы федтой, уӕд се ’ппӕт дӕр кад кодтой Хуыцауӕн. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia