Лука 17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстАхуыргӕнинӕгты цард 1 Йесо ма Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ноджыдӕр загъта: «Ис ӕмӕ кӕддӕриддӕр уыдзӕнис, адӕймаг тӕригъӕды кӕй тыххӕй бацӕуы, ахӕм мондаггӕнӕнтӕ, фӕлӕ сар йӕ сӕр кӕны, тӕригъӕд кӕй аххосӕй ӕрцӕуа, уымӕн. 2 Ацы кӕстӕртӕй иуы дӕр тӕригъӕдыл чи бафтауа, уымӕн фӕлтау ныридӕгӕн йӕ бӕрзӕйыл куыройы фыд куы ӕрцауындзиккой ӕмӕ йӕ денджызы куы баппариккой, уӕд ын хуыздӕр уаид. 3 Кӕсут уӕхимӕ! Де ’фсымӕр дӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд ын бауайдзӕф кӕн ӕмӕ, кӕд ӕрфӕсмон кӕна, уӕд ын ныббар. 4 Бон авд хатты дӕ тӕригъӕды куы бацӕуа ӕмӕ дӕ бон авд хатты хатыр куы ракура ӕмӕ дын куы зӕгъа: „Фӕсмон кӕнын“, уӕд ын ныххатыр кӕн». 5 Апостолтӕ Йесойӕ куырдтой: «Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл». 6 Йесо сын загъта: «Хъыцъыйы нӕмыджы йас уырнындзинад уӕм куы уаид ӕмӕ мӕнӕ ацы тута бӕласӕн афтӕ куы зӕгъиккат, зӕххӕй дӕ уидӕгтӕ срӕдув ӕмӕ дӕхи денджызы ныссадз, зӕгъгӕ, уӕд уӕ коммӕ бакӕсид. Цагъары тыххӕй ӕмбисонд 7 Зӕгъӕм, сымахӕй искӕмӕн, хуым чи кӕны кӕнӕ фос чи хизы, ахӕм цагъар ис. Ӕмӕ уый быдырӕй куы ӕрбацӕуа, уӕд ын, цымӕ, сымахӕй исчи афтӕ зӕгъдзӕни: „Рӕвдздӕр рауай ӕмӕ фынджы уӕлхъус ӕрбад“? 8 Нӕ, фӕлтау ын зӕгъдзыстут: „Марадз, ӕхсӕвӕр мын ӕрцӕттӕ кӕн, дӕ рон ӕрбалвас ӕмӕ, цалынмӕ хӕрон ӕмӕ нуазон, уӕдмӕ мын лӕггад кӕн; стӕй уый фӕстӕ дӕхӕдӕг дӕр хӕр ӕмӕ нуаз“. 9 Цы йын бафӕдзӕхстат, уый кӕй бакодта, уый тыххӕй уыцы цагъарӕн, мыййаг, арфӕтӕ кӕндзыстут? [Ӕнхъӕл нӕ дӕн.] 10 Афтӕ сымах дӕр — цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхстӕуыд, уый куы бакӕнат, уӕд-иу зӕгъут: „Мах ницӕйаг цагъартӕ стӕм — цы нын ӕмбӕлдис, уымӕй дарддӕр ницы сарӕзтам“». Йесо сдзӕбӕх кодта дӕс хъотырджыны 11 Йерусалиммӕ цӕугӕйӕ, Йесойы фӕндаг уыди Самарийы ӕмӕ Галилейы ӕхсӕн арӕныл. 12 Ӕмӕ иу хъӕуы Йӕ размӕ фесты дӕс хъотырджыны. Дӕрддзӕф ӕрлӕууыдысты 13 ӕмӕ йӕм уырдыгӕй хъӕр кодтой: «Хицау Йесо, батӕригъӕд нын кӕн!» 14 Йесо сӕ куы федта, уӕд сын загъта: «Ацӕут, уӕхи фенын кӕнут сауджынтӕн». Ӕмӕ ма фӕндагыл уыдысты, афтӕ сӕнӕниз сты. 15 Сӕ иу, кӕй сдзӕбӕх ис, уый куы федта, уӕд фӕстӕмӕ раздӕхти ӕмӕ хъӕлӕсы дзагӕй кад кодта Хуыцауӕн. 16 Йесойы къӕхты раз зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ Йын арфӕ кодта. Уыцы лӕг уыди самариаг. 17 Уӕд Йесо загъта: «Дӕс адӕймаджы не ссыгъдӕг сты, ӕви? Уӕд иннӕ фараст кӕм сты? 18 Ацы ӕндӕрбӕстаг куы раздӕхти, уӕд уыдон цӕуылнӕ раздӕхтысты Хуыцауы скадджын кӕнынмӕ?» 19 Ӕмӕ йын загъта: «Сыст ӕмӕ ацу, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Хуыцауы Паддзахады ӕрцыды тыххӕй 20 Иуахӕмы фарисейтӕ Йесойы бафарстой, Хуыцауы Паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ. Уый сын дзуапп радта: «Хуыцауы Паддзахады ӕрцыдӕн цӕстӕй фенӕн нӕ уыдзӕн. 21 Афтӕ ничи зӕгъдзӕни: „Мӕнӕ ам ис“ кӕнӕ: „Уӕртӕ уым ис“. Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад уӕ зӕрдӕйы ис». 22 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн та загъта: «Скӕндзӕнис ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ уӕ бафӕнддзӕн Адӕймаджы Фырты Паддзахады бонтӕй уӕд та иу фенын, фӕлӕ йӕ нӕ фендзыстут. 23 Уӕд уын зӕгъдзысты: „Мӕнӕ ам ис“ кӕнӕ: „Уӕртӕ уым ис“. Ма цӕут уырдӕм, ма згъорут сӕ фӕдыл. 24 Уымӕн ӕмӕ, арвӕрттывд арвы тыгъдад иу кӕронӕй иннӕмӕ куыд ныррухс кӕны, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр. 25 Фӕлӕ уал раздӕр хъуамӕ бавзара бирӕ хъизӕмӕрттӕ, ӕмӕ Йыл ацы фӕлтӕр йӕхи атигъ кӕна. 26 Ӕмӕ, Нойы бонты куыд уыдис, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд дӕр. 27 Адӕм хордтой, нуӕзтой, устытӕ хастой ӕмӕ цыдысты моймӕ, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бахызт ӕмӕ доныхъаймӕт се ’ппӕты дӕр нӕ фесӕфта, уӕдмӕ. 28 Афтӕ уыди Лоты заманы дӕр: адӕм хордтой, нуӕзтой, ӕлхӕдтой, уӕй кодтой, сагътой, арӕзтой. 29 Фӕлӕ Лот Содомӕй куы рацыди, уыцы бон арвӕй цӕхӕр сондонимӕ фемӕхсти ӕмӕ се ’ппӕты дӕр бабын кодта. 30 Афтӕ уыдзӕни, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд дӕр. 31 Уыцы бон уӕлхӕдзар чи уа, уый уырдыгӕй хӕдзармӕ ма ӕрхизӕд йӕ дзаумӕттӕ рахӕссынмӕ. Быдыры чи уа, уый дӕр ма раздӕхӕд. 32 Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы. 33 Йӕ цард бахъахъхъӕнын чи фӕлвара, уый йӕ фесафдзӕни; йӕ цард чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн. 34 Зӕгъын уын: уыцы ӕхсӕв дыууӕйӕ уыдзысты иу хуыссӕны — сӕ иуы акӕндзысты, иннӕ та баззайдзӕни. 35 Дыууӕ сылгоймаджы иумӕ хор сдзысты — сӕ иуы акӕндзысты, иннӕ та баззайдзӕни. 36 [Дыууӕйӕ уыдзысты быдыры — сӕ иуы акӕндзысты, иннӕ та баззайдзӕни]». 37 Уӕд Ӕй бафарстой: «Уый кӕм уыдзӕни, Бардарӕг?» Йесо сын загъта: «Холы кӕм уа, уым ӕрӕмбырд уыдзысты холыхор сынтытӕ дӕр». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia