Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Лука 16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Мӕнгард уынаффӕгӕнӕджы ӕмбисонд

1 Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Иу хъӕздыг лӕг йӕ исбонӕн уынаффӕгӕнӕг дардта, ӕмӕ йӕм фӕхабар чындӕуыд, дӕ мулк дын хӕлӕттаг кӕны, зӕгъгӕ.

2 Уый йӕм фӕсидт ӕмӕ йын загъта: „Уый дӕ цытӕ хъусын? Дӕ бӕрны цы уыди, уымӕн хыгъд скӕн ӕмӕ мӕм ӕй ратт, нырӕй фӕстӕмӕ мӕ исбонӕн уынаффӕ кӕнынӕй сӕрибар дӕ“.

3 Уынаффӕгӕнӕг йӕхинымӕр загъта: „Ныр цы кӕнон? Мӕ бынатӕй мӕ исы мӕ хицау. Зӕхх къахын мӕ бон нӕу, мӕгуыргур цӕуын та мӕм худинаг кӕсы.

4 Фӕлӕ, уынаффӕгӕнӕджы бынатӕй куы фӕхауон, уӕд мӕ цӕмӕй исчи йӕ хӕдзары суазӕг кӕна, уымӕн ӕз хос зонын“.

5 Уыйадыл бавдӕлд ӕмӕ йӕ хицауы хӕсджынтӕй алкӕмӕ дӕр хицӕнӕй фӕдзырдта. Фыццаджы бафарста: „Мӕ хицауӕй цас дарыс?“

6 Уый йын дзуапп радта: „Фондзыссӕдз дурыны оливӕйы сой“. Уӕд ын загъта: „Айс дӕ гӕххӕтт, сбад ӕмӕ рӕвдздӕр ныффысс: дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз“.

7 Уый фӕстӕ бафарста иннӕйы: „Ды та цас дарыс?“ Уый йын дзуапп радта: „Сӕдӕ барӕны мӕнӕу“. Уӕд уымӕн та загъта: „Айс дӕ гӕххӕтт ӕмӕ ныффысс: цыппарыссӕдз“.

8 Ӕмӕ хицау раппӕлыд йӕ мӕнгард хӕдзаргӕсӕй, афтӕ кӕй сарӕхсти, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы хъӕбултӕ, сӕхи хуызӕн чи у, уыдонимӕ исты хъуыддӕгтӕ куы фӕаразынц, уӕд рухсы хъӕбултӕй ӕрхъуыдыджындӕр вӕййынц.


Хуыцауӕн ӕви мулкӕн лӕггад кӕнын

9 Ӕмӕ уын Ӕз дӕр зӕгъын: скӕнут уӕхицӕн хӕлӕрттӕ ӕнӕраст мулчы фӕрцы, цӕмӕй, куы смӕгуыр уат, уӕд уӕ уыдон суазӕг кӕной се ’нусон цӕрӕнбынӕтты.

10 Чысыл хъуыддаджы ӕууӕнк кӕуыл ис, уый стыр хъуыддаджы дӕр ӕууӕнкджын у, чысыл хъуыддаджы мӕнгард чи у, уый стыр хъуыддаджы дӕр мӕнгард у.

11 Уӕдӕ кӕд ӕнӕраст мулкыл иузӕрдион нӕ разындыстут, уӕд уын ӕцӕг мулк уӕ бӕрны чи бакӕндзӕн?

12 Ӕмӕ кӕд искӕй мулкыл нӕ бацауӕрстат, уӕд уын уӕхи мулк та уӕ бар куыд бакӕндзысты?

13 Никӕй бон у дыууӕ хицауӕн кусын — сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕни, кӕнӕ сӕ иуыл иузӕрдион уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕ бауыдзӕни Хуыцауӕн дӕр ӕмӕ ӕхцайӕн дӕр лӕггад кӕнын».

14 Ӕппӕт уыдӕттӕ хъуыстой ӕхцауарзаг фарисейтӕ ӕмӕ Йыл худтысты.

15 Йесо сын загъта: «Адӕмы раз уӕхи рӕстгӕнджытӕй ӕвдисут, фӕлӕ уын Хуыцау уӕ зӕрдӕтӕ зоны. Уымӕн ӕмӕ, адӕммӕ кадджын цы у, уый Хуыцауы цӕсты ӕлгъаг у.


Моисейы Ӕгъдау ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад

16 Моисейы Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпартӕ Иоанны размӕ уыдысты. Ацы рӕстӕджы та хъуыстгонд цӕуы Хуыцауы Паддзахады уац, ӕмӕ алчидӕр йе ’ппӕт хъарутӕй уырдӕм бахауыныл архайы.

17 Фӕлӕ Ӕгъдауӕй иу хахх фӕхъӕуыны бӕсты арв ӕмӕ зӕхх ӕнцондӕрӕй фесӕфдзысты.

18 Йӕ усы чи ауадза ӕмӕ ӕндӕр ус чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны. Йӕ мойӕ чи ахицӕн ис, уыцы усы чи ракура, уый дӕр хӕтгӕ кӕны.


Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазыры ӕмбисонд

19 Уыдис иу хъӕздыг лӕг, уый дардта зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд дарӕс, хъал цард кодта.

20 Уыдис ноджы иу мӕгуыргур, йӕ ном — Лазыр. Йӕ буар ӕгасӕй дӕр хӕфдзӕстытӕ фестад. Хъӕздыджы кулдуары рӕбын хуыссыд

21 ӕмӕ бӕллыди, уыцы лӕджы фынгӕй цы муртӕ хауди, уыдонӕй йӕхи бафсадынмӕ. Куыйтӕ-иу бауадысты ӕмӕ йын йӕ хӕфдзӕстытӕ стӕрдтой.

22 Амард мӕгуыр лӕг, ӕмӕ йӕ зӕдтӕ Авраамы хъӕбысмӕ схастой. Амард хъӕздыг лӕг дӕр, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой.

23 Зындоны хъизӕмар кӕнгӕйӕ, уый йӕ цӕстытыл схӕцыд ӕмӕ дардмӕ суыдта Авраамы, йӕ фарсмӕ та — Лазыры.

24 Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: „Мӕ фыдӕл Авраам! Фӕтӕригъӕд мын кӕн ӕмӕ мӕм Лазыры рарвит: йе ’нгуылдз доны атула ӕмӕ мын дзы ме ’взаг асатӕг кӕна, уымӕн ӕмӕ ӕз ацы арты хъизӕмарӕй мӕлын“.

25 Фӕлӕ йын Авраам загъта: „Мӕ хъӕбул, ды дӕ удӕгасӕй царды хорзӕхтӕ кӕй райстай, Лазыр та хъизӕмар кӕй бавзӕрста, уый дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн. Ныр уый ам рӕвдыд у, ды та удхар кӕныс.

26 Уый ӕдде ма не ’хсӕн ис стыр сӕрсӕфӕн, цӕмӕй, ардыгӕй уырдӕм ацӕуынвӕнд чи кӕны, уыдонӕн ма бантыса, афтӕ уырдыгӕй дӕр ардӕм ӕрбацӕуӕн нӕй“.

27 Уӕд хъӕздыг лӕг загъта: „Уӕд та дын лӕгъстӕ кӕнын, мӕ фыдӕл, Лазыры арвит мӕ фыды хӕдзармӕ.

28 Фондз ӕфсымӕры мын ис; уадз ӕмӕ сын зӕгъа, цӕмӕй уыдон дӕр ацы удхары бынатмӕ ма ӕрбахауой“.

29 Фӕлӕ йын Авраам загъта: „Ис сын Моисей ӕмӕ пехуымпартӕ, уыдонмӕ хъусӕнт“.

30 Уый та йын загъта: „Нӕ, мӕ фыдӕл Авраам! Мӕрдтӕй сӕм исчи куы ’рцӕуа, уӕд ӕрфӕсмон кӕндзысты“.

31 Авраам ын дзуапп радта: „Моисей ӕмӕ пехуымпартӕм кӕм нӕ хъусынц, уым, мӕрдтӕй исчи райгас уа, ууыл дӕр нӕ баууӕнддзысты“».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan