Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Лука 14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Доннизӕй рынчын сдзӕбӕх

1 Иу сабаты Йесо сихор хӕрынмӕ фарисейты хистӕртӕй иуы хӕдзармӕ бацыд, ӕмӕ Йӕм фарисейтӕ сӕ цӕст дардтой.

2 Уым Йӕ бакомкоммӕ бадти, доннизӕй рынчын чи уыди, ахӕм лӕг.

3 Йесо бафарста динамонджытӕ ӕмӕ фарисейты: «Сабаты рынчынты дзӕбӕх кӕнын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»

4 Уыдон ныхъхъус сты. Уӕд бавнӕлдта рынчынмӕ, сдзӕбӕх ӕй кодта ӕмӕ йӕ арвыста.

5 Уыдонӕн та загъта: «Искӕмӕн уӕ сабаты йӕ хӕрӕг кӕнӕ йӕ гал цъайы куы ныххауа, уӕд ӕй уыцы сахат не сласдзӕн, ӕви?»

6 Ӕмӕ Йын дзуапп раттын сӕ бон нӕ уыди.


Кадджын бынӕттӕ фынджы уӕлхъус

7 Йесо бафиппайдта, хуынд адӕмӕй алчидӕр уӕле сбадыныл куыд архайдта, уый ӕмӕ сын радзырдта ӕмбисонд:

8 «Исчи дӕ чындзӕхсӕвмӕ куы фӕхона, уӕд уӕле ма сбад, цӕмӕй, хуындтыты ӕхсӕн дӕуӕй кадджындӕр куы разына,

9 уӕд, уӕ дыууӕйы дӕр чи фӕхуыдта, уый дӕм ма бацӕуа ӕмӕ дын ма зӕгъа: „Дӕ бынат уымӕн ратт“. Ӕмӕ уӕд къӕмдзӕстыгӕй фынджы кӕрон сбаддзынӕ.

10 Фӕлӕ, хуынды уӕвгӕйӕ, фынгыл ӕппӕты дӕле сбад, цӕмӕй дӕм фысым бацӕуа ӕмӕ дын зӕгъа: „Мӕ хӕлар, уӕлдӕр сбад“. Ӕмӕ уӕд иннӕ уазджыты цӕсты уыдзынӕ кадджын.

11 Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд бынаты чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи ныллӕг чи кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».

12 Фысымӕн та Йесо загъта: «Сихор кӕнӕ ӕхсӕвӕры фынгмӕ дӕ хӕлӕрттӕ, де ’фсымӕртӕ, дӕ хӕстӕджытӕ кӕнӕ хъӕздыг сыхӕгты ма фӕхон, уымӕн ӕмӕ дӕ иу бон уыдон дӕр фӕхондзысты ӕмӕ дын уымӕй дӕ хорздзинад бафиддзысты.

13 Фӕлӕ куывд куы кӕнай, уӕд ӕрхон мӕгуырты, цӕнкуылты, къуылыхты ӕмӕ куырмыты.

14 Тӕхудиаг уыдзынӕ, сӕ бон дын ӕй бафидын кӕй нӕу, уымӕй. Уымӕн ӕмӕ дын уый тыххӕй рӕстудты райгасы бон хӕрзиуӕг рардӕуыдзӕн».


Стыр куывды ӕмбисонд

15 Уый фехъусгӕйӕ, уазджытӕй иу Йесойӕн загъта: «Тӕхудиаг у, Хуыцауы Паддзахады фынгыл минас чи кӕна, уый!»

16 Йесо та йын дзуапп радта: «Иу лӕг стыр куывд скодта ӕмӕ бирӕты фӕхуыдта.

17 Фынг куы сцӕттӕ ис, уӕд хуынд адӕммӕ йӕ лӕггадгӕнӕджы арвыста, цӕмӕй сын зӕгъа: „Табуафси, саккаг кӕнут, алцыдӕр цӕттӕ у“.

18 Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр, цыма ӕмдзырд бакодтой, уыйау ӕфсӕнттӕ кӕнынмӕ фесты. Сӕ иу загъта: „Зӕхх балхӕдтон ӕмӕ йӕм хъуамӕ уынӕг ацӕуон. Хатырӕй мын уӕд“.

19 Дыккаг загъта: „Фондз цӕды галтӕ балхӕдтон ӕмӕ сӕ фӕлварынмӕ цӕуын. Хатырӕй мын уӕд“.

20 Ӕртыккаг загъта: „Ус ӕрхастон, ӕмӕ мын уымӕ гӕсгӕ нӕй цӕуӕн“.

21 Лӕггадгӕнӕг ӕрбаздӕхт ӕмӕ уыдӕттӕ иууылдӕр йӕ хицауӕн радзырдта. Хицау смӕсты ис ӕмӕ йын загъта: „Рӕвдз ауай сахары уынгтӕ ӕмӕ фисынтӕм ӕмӕ мӕгуырты, цӕнкуылты, куырмыты ӕмӕ къуылыхты ӕрбахон“.

22 Лӕггадгӕнӕг загъта: „Ме ’лдар, цы мын загътай, уый бакодтон, фӕлӕ ма дзы ноджыдӕр бынӕттӕ ис“.

23 Хицау та йын афтӕ: „Ауай стыр фӕндӕгтӕ ӕмӕ къахвӕндӕгтӕм ӕмӕ, кӕуыл фембӕлай, уыдонӕй алкӕй дӕр сразы кӕн, цӕмӕй ӕрцӕуой ӕмӕ мӕ хӕдзар адӕмӕй байдзаг уа.

24 Зӕгъын уын, раздӕр кӕй хуыдтон, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕхъӕстӕ уыдзӕн мӕ куывды фынгӕй. [Уымӕн ӕмӕ хуындтытӕ бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ — чысыл.]“»


Домӕнтӕ ахуыргӕнинӕгтӕм

25 Йесоимӕ цыди бирӕ адӕм. Уый сӕм разылдис ӕмӕ сын загъта:

26 «Чи Мӕм ӕрбацӕуа, уый йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ зӕнӕджы, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты, уӕлдайдӕр та йӕ цард Мӕнӕй фылдӕр куы уарза, уӕд Мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы.

27 Йӕ дзуар чи нӕ хӕссы ӕмӕ афтӕмӕй Мӕ фӕдыл чи нӕ цӕуы, уый Мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы.

28 Исчи уӕ мӕсыг амайын куы сфӕнд кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕнис ӕмӕ, йӕ саразынӕн ӕй цытӕ хъӕуы, уыдӕттӕ нӕ банымайдзӕн, цӕмӕй, цас хардз ӕй хъӕуы, уый бӕрц ӕм ис ӕви нӕ, уый базона?

29 Науӕд ын бындур куы ӕрӕвӕра, фӕлӕ йӕ кӕронмӕ самайын куынӕ бафӕраза, уӕд уый чи фена, уыдон ыл иууылдӕр худдзысты

30 ӕмӕ дзурдзысты: „Ацы лӕг амайын райдыдта, фӕлӕ йын кӕронмӕ йӕ самайын нӕ бантысти“.

31 Кӕнӕ иу паддзах иннӕйы ныхмӕ хӕстмӕ рацӕуын куы сфӕнд кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕни, мыййаг, ӕмӕ, ссӕдз минимӕ йӕ размӕ чи рацӕуы, уый ныхмӕ дӕс минимӕ фӕлӕууын йӕ бон бауыдзӕн ӕви нӕ, уый тыххӕй рагацау нӕ бауынаффӕ кӕндзӕн?

32 Ӕмӕ йӕм йӕ ныфс куынӕ хӕсса, уӕд, цалынмӕ ма дард у, уӕдмӕ йӕм бафидауыны охыл минӕвӕрттӕ арвитдзӕни.

33 Уӕдӕ Мын сымахӕй дӕр ахуыргӕнинагӕн ничи бӕззы, цыдӕриддӕр ӕм ис, уыдӕттӕ куынӕ ныууадза, уӕд.

34 Цӕхх хорз у, фӕлӕ цӕххӕн йӕ ад куы фесӕфа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ?

35 Ӕгӕрыстӕмӕй мӕрмӕ бахӕссынӕн дӕр нал фӕбӕззы, ӕмӕ йӕ акалынц. Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan