Лука 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстФӕсмоны тыххӕй 1 Уыцы рӕстӕг Йесомӕ чидӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Йын радзырдтой, Пилат нывонд хӕссыны рӕстӕг кӕй ныццагъта, уыцы галилейӕгты тыххӕй: уыдонӕн сӕ туг сӕ нывӕндты тугимӕ схӕццӕ кодта, зӕгъгӕ. 2 Йесо сын загъта: «Афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ уыцы галилейӕгтӕ иннӕ галилейӕгтӕй тӕригъӕдджындӕр уыдысты ӕмӕ уымӕн бабын сты? 3 Зӕгъын уын, нӕ уыдысты! Фӕлӕ уӕ тӕригъӕдтыл куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд сымах уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут. 4 Кӕнӕ афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ, Силоамы мӕсыг кӕуыл ныккалд ӕмӕ йӕ быны чи фӕмард, уыцы ӕстдӕс лӕджы Йерусалимы иннӕ цӕрджытӕй тынгдӕр фӕазымджын сты? 5 Нӕ, зӕгъын уын! Фӕлӕ уӕ тӕригъӕдтыл куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут». Ӕнӕдыргъ легъуи бӕласы ӕмбисонд 6 Ӕмӕ сын ӕмбисонд ӕрхаста: «Иу лӕгӕн йӕ сӕндоны зади легъуи бӕлас. Иуахӕмы йӕм, дыргътӕ йыл фенон, зӕгъгӕ, бацыд, фӕлӕ йыл ницы ссардта. 7 Уӕд загъта сӕндонгӕсӕн: „Ныр ӕртыккаг аз цӕуын ацы легъуи бӕласмӕ, исты дыргъ ыл ссарон, зӕгъгӕ, ӕмӕ йыл ницы уынын. Акал ӕй, дзӕгъӕлы ма зӕххыл бынат дӕр цы ахсы“. 8 Фӕлӕ йын уый загъта: „Ме ’лдар, ацы аз ма йӕ бауадз. Ӕз ын йӕ алфамбылай скъахдзынӕн, фаджыс ыл ныккӕндзынӕн, 9 кӕд фидӕнмӕ дыргъ раттид; кӕд нӕ ратта, уӕд-иу ӕй акал“». Йесо сабаты сылгоймаджы сдзӕбӕх кодта 10 Сабаты Йесо синагогӕтӕй иуы ахуыр кодта адӕмы. 11 Уым уыди, хъарусӕттӕг ӕнӕзӕгъинаг ӕстдӕс азы дӕргъы уӕгъд кӕй нӕ уагъта, ахӕм сылгоймаг. Уый афтӕ ныкъкъӕдзтӕ ис, ӕмӕ йӕхи сӕмраст кӕнын йӕ бон ӕппындӕр нӕ уыди. 12 Йесо йӕ куы федта, уӕд ӕм фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Хорз ус, дӕ низӕй суӕгъд дӕ». 13 Йӕ къухтӕ йыл ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ сылгоймаг уайтагъд сӕмраст ис ӕмӕ райдыдта Хуыцауы стауын. 14 Уӕд синагогӕйы хицау смӕсты ис, Йесо сылгоймаджы сабаты кӕй сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Кусынӕн ис ӕхсӕз боны, гъемӕ-иу уӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ уыцы бонты цӕут, сабаты та — нӕ». 15 Йесо йын дзуапп радта: «Дыдзӕсгӕмттӕ, алчидӕр уӕ сабаты йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕджы кӕвдӕсӕй не суадзы ӕмӕ йӕ донмӕ нӕ аскъӕры? 16 Уӕдӕ сайтан ӕстдӕс азы дӕргъы бастӕй кӕй фӕдардта, Авраамы уыцы чызджы йӕ бӕттӕнтӕй сабаты цӕуылнӕ ис суӕгъд кӕнӕн?» 17 Йесо уый куы загъта, уӕд Йӕ ныхмӕлӕуджытӕ иууылдӕр фефсӕрмы сты, ӕппӕт адӕм та цин кодтой Йӕ диссаджы хъуыддӕгтыл. Хъыцъыйы нӕмыг ӕмӕ ӕнхъизӕны ӕмбисӕндтӕ 18 Уый фӕстӕ Йесо загъта: «Цӕй хуызӕн у Хуыцауы Паддзахад? Цӕимӕ йӕ абарон? 19 Уый у, адӕймаг йӕ цӕхӕрадоны кӕй байтыдта, уыцы хъыцъыйы нӕмыгау. Тау суагъта нӕмыг, сбӕлас ис, ӕмӕ йын уӕларвон мӕргътӕ йӕ къалиутыл ахстӕттӕ скодтой». 20 Йесо та загъта: «Цӕимӕ абарон Хуыцауы Паддзахад? 21 Уый у, сылгоймаг ссады ӕртӕ сасирыл кӕй бафтыдта ӕмӕ хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕмӕй сӕнхъызт, уыцы ӕнхъизӕнау». Нарӕг дуар 22 Йесо зылди сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл ӕмӕ ахуыр кодта адӕмы. Йӕ фӕндаг дардта Йерусалиммӕ. 23 Чидӕр Ӕй бафарста: «Хицау, чи фервӕздзӕн, уыдон, ӕцӕг, бирӕ не сты?» Йесо дзуапп радта: 24 «Архайут нарӕг дуарыл бацӕуыныл. Уымӕн ӕмӕ, зӕгъын уын, бирӕтӕ бахизыныл архайдзысты, фӕлӕ сӕ бон нӕ бауыдзӕни. 25 Хӕдзары Хицау куы сыста ӕмӕ дуӕрттӕ куы сӕхгӕна, уӕд сымах, ӕдде лӕугӕйӕ, дуар хойын райдайдзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: „Хицау, Хицау, байгом нын кӕн!“ Фӕлӕ уын Уый дзуапп ратдзӕни: „Чи стут ӕмӕ кӕцӕй стут, уый нӕ зонын“. 26 Уӕд дзурдзыстут: „Мах Дӕ разы хордтам ӕмӕ нуӕзтам, адӕмы нӕ уынгты ахуыр кодтай“. 27 Фӕлӕ уын Уый зӕгъдзӕни: „Зӕгъын уын: чи стут ӕмӕ кӕцӕй стут, уый нӕ зонын. Иууылдӕр уӕхи айсут Мӕ разӕй, тӕригъӕдджынтӕ!“ 28 Ӕмӕ уырдыгӕй хъуысдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс, Авраамы, Исаакы, Йаковы, стӕй пехуымпарты се ’ппӕты дӕр Хуыцауы Паддзахады куы фенат, уӕхи та уын ӕддӕмӕ куы расурой, уӕд. 29 Адӕм ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, цӕгат ӕмӕ хуссарӕй ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады фынгыл ӕрбаддзысты. 30 Ӕмӕ абоны фӕстӕгтӕй бирӕтӕ суыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕй та — фӕстӕгтӕ». Йесо кӕуы Йерусалимы фидӕныл 31 Уыцы рӕстӕг Ӕм фарисейтӕй чидӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Дӕхи ардыгӕй ӕндӕр ранмӕ айс, уымӕн ӕмӕ Дӕ Ирод амарынмӕ хъавы». 32 Йесо сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ уыцы рувасӕн зӕгъут: „Мӕнӕ ма абон ӕмӕ райсом сурын дӕлимонты, дзӕбӕх кӕнын рынчынты ӕмӕ иннӕбон фӕуыдзынӕн Мӕ куыст“. 33 Ӕниу, абон, райсом ӕмӕ иннӕбон дӕр фӕндагыл хъуамӕ уон, уымӕн ӕмӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ пехуымпары Йерусалимы нӕ, фӕлӕ ӕндӕр искуы амарой. 34 Йерусалим, Йерусалим! Пехуымпарты марӕг ӕмӕ Хуыцауӕй ӕрвыстыты дуртӕй цӕгъдӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнынмӕ, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди! 35 Ныр уын ӕнӕхицауӕй уагъдӕуы уӕ хӕдзар. Ӕмӕ уын дзурын: цалынмӕ афтӕ зӕгъат: „Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг!“, уӕдмӕ Мӕ нал фендзыстут». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia