Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Лука 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Бардарӕг кувы

1 Иуахӕмы Йесо куывта ӕмӕ, куывд куы фӕци, уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу бахатыд: «Хицау, сахуыр нӕ кӕн кувын, Иоанн йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд сахуыр кодта, афтӕ».

2 Йесо сын загъта: «Куы фӕкувут, уӕд-иу дзурут: „Нӕ Фыд! Кадджын уӕд Дӕ ном! Ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад. Уӕлӕрвты куыд у, афтӕ зӕххыл дӕр сӕххӕст уӕд Дӕ фӕндон.

3 Ратт нын абон цӕрынваг къӕбӕр.

4 Ныббар нын нӕ хӕстӕ, мах нӕ хӕсджынтӕн куыд барӕм, афтӕ. Ма нӕ бафтау фыдӕвзарӕны, фӕлӕ нӕ бахиз сайтанӕй“».


Чи куры, уый райсы

5 Йесо сын загъта: «Ныр, зӕгъӕм, сымахӕй искӕмӕн ис хӕлар, ӕмбисӕхсӕв ӕм бацыдыстут ӕмӕ йын загътат: „Мӕ хӕлар, ӕртӕ дзулы мын ӕфстау авӕр.

6 Мӕ хӕлар мӕм фӕндагӕй фездӕхт, ӕмӕ йӕ цӕмӕй суазӕг кӕнон, уый мӕм нӕй“.

7 Ӕмӕ уӕм уый мидӕгӕй куы радзурид: „Ма мӕ хъыгдар, мӕ дуар ныридӕгӕн ӕхгӕд у, мӕхӕдӕг дӕр хуысгӕ кӕнын ӕмӕ мӕ сывӕллӕттӕ дӕр хуыссӕны мемӕ сты. Фестон ӕмӕ дын дзул раттон, уый ныртӕккӕ мӕ бон нӕу“.

8 Зӕгъын уын: уӕ хӕлардзинад нымайгӕйӕ, уый уайтагъд куынӕ феста ӕмӕ уын уӕ къух куынӕ сараза, фӕлӕ йӕ сымах уӕддӕр куынӕ уадзат, уӕд иуафон сыстдзӕнис ӕмӕ уын ратдзӕн, цы дзы курут, уый.

9 Уӕдӕ уын Ӕз дӕр зӕгъын: курут ӕмӕ райсдзыстут, агурут ӕмӕ ссардзыстут, хойут ӕмӕ уын байгом уыдзӕн.

10 Уымӕн ӕмӕ алы курӕг дӕр райсы, алы агурӕг дӕр ссары ӕмӕ алы хойӕгӕн дӕр дуар байгом вӕййы.

11 Йӕ фырт дзы дзул куы кура, уӕд ын дур чи ратта, уе ’хсӕн ахӕм фыд ис? Кӕнӕ кӕсаг куы кура, уӕд ын калм ратдзӕн?

12 Айк дзы куы кура, уӕд ын йӕ къухы къӕдздым фӕсадздзӕн?

13 Уӕдӕ сымах фыдзӕрдӕтӕ куы стут ӕмӕ уӕддӕр уӕ зӕнӕгӕн хорзы цӕуын куы зонут, уӕд Уӕларвон Фыд куыннӕ ратдзӕни Сыгъдӕг Уд, чи Дзы куры, уыдонӕн!»


Йесо ӕмӕ Веелзевул

14 Иу хатт Йесо иу лӕгӕй сырдта ӕгомыггӕнӕг дӕлимоны. Куы дзы рацыди, уӕд гоби йӕ дзыхӕй сдзырдта, ӕмӕ адӕм дисы бафтыдысты.

15 Иуӕй-иутӕ ма афтӕ дӕр загътой: «Уый дӕлимонты суры дӕлимонты ӕлдар Веелзевулы хъаруйӕ».

16 Иннӕтӕ та Дзы Йӕ бафӕлварыны тыххӕй уӕларвӕй ӕвдисӕйнаг равдисын домдтой.

17 Фӕлӕ сын Йесо зыдта сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сын загъта: «Цыфӕнды паддзахад дӕр, йӕ адӕм кӕрӕдзийы ныхмӕ куы ралӕууой, уӕд федзӕрӕг уыдзӕни, хӕдзары бинонтӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ куы суой, уӕд хӕдзар ныккӕлдзӕн.

18 Уӕдӕ кӕд сайтан йӕхи ныхмӕ тох кӕны, уӕд йӕ паддзахад куыд фӕлӕудзӕни? Сымах та афтӕ дзурут, цыма Ӕз Веелзевулы хъаруйӕ сурын дӕлимонты.

19 Кӕд Ӕз дӕлимонты Веелзевулы хъаруйӕ сурын, уӕд сӕ уӕ фырттӕ та кӕй хъаруйӕ сурынц? Уыдон уын тӕрхонгӕнӕг уӕнт.

20 Фӕлӕ кӕд Хуыцауы хъаруйӕ сурын дӕлимонты, уӕд уӕм, бӕгуыдӕр, ӕрхӕццӕ ис Хуыцауы Паддзахад.

21 Тыхджын йӕ хӕдзар ӕд хӕцӕнгарз куы хъахъхъӕна, уӕд йӕ исбонӕн тас нӕу.

22 Фӕлӕ йӕм йӕхицӕй тыхджындӕр куы бабырса, уӕд ыл фӕуӕлахиз уыдзӕн, йӕ зӕрдӕ цы хӕцӕнгӕрзтыл дардта, уыдон ын байсдзӕн ӕмӕ йын йӕ мулк байуардзӕн.

23 Мемӕ чи нӕй, уый Мӕ ныхмӕ у. Мемӕ чи не ’мбырд кӕны, уый хӕлӕттаг кӕны.


Ӕнӕзӕгъинаг раздӕхти йӕ раздӕры бынатмӕ

24 Ӕнӕзӕгъинаг адӕймагӕй куы рацӕуы, уӕд ӕнцой агурӕг фӕзилы ӕнӕдон рӕтты ӕмӕ, йӕхицӕн бынат куы не ссары, уӕд фӕзӕгъы: „Аздӕхон, цы хӕдзарӕй рацыдтӕн, уырдӕм“.

25 Ӕмӕ йӕм фӕстӕмӕ куы баздӕхы, уӕд ӕй марзт ӕмӕ ӕфснайдӕй баййафы.

26 Уӕд ацӕуы ӕмӕ йемӕ ӕркӕны ӕндӕр авд ӕнӕзӕгъинаджы, йӕхицӕй фыддӕрты, бацӕуынц уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц; ӕмӕ уыцы адӕймаг бахауы, раздӕр цы уыди, уымӕй ноджы фыддӕр уавӕры».


Ӕцӕг амонд

27 Йесо Йӕ ныхас куы нӕма фӕци, уӕд Ын адӕмы ’хсӕнӕй иу сылгоймаг хъӕрӕй загъта: «Тӕхудиаг у, Дӕу чи ныййардта ӕмӕ Дӕу йӕ риуы ӕхсырӕй чи фӕхаста, уыцы ныййарӕг!»

28 Йесо та загъта: «Тӕхудиаг сты, Хуыцауы дзырдмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон».


Ионӕйы ӕвдисӕйнаг

29 Адӕм Йӕ алыварс куы ӕрӕмбырд сты, уӕд Йесо райдыдта дзурын: «Ацы фӕлтӕр тынг фехӕлди, ӕвдисӕйнаг домы. Фӕлӕ Ионӕйы диссагӕй дарддӕр ницы диссаг фендзӕни.

30 Уымӕн ӕмӕ Ионӕ ниневиӕгтӕн ӕвдисӕйнаг куыд уыди, Адӕймаджы Фырт дӕр ацы фӕлтӕрӕн афтӕ уыдзӕни.

31 Хуссары ус-паддзах Тӕрхоны Бон мӕрдтӕй растдзӕни ацы фӕлтӕримӕ тӕрхон кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ фӕзылынджын кӕндзӕни, уымӕн ӕмӕ уый зӕххы кӕронӕй ӕрцыд Соломоны куырыхон зондмӕ байхъусынмӕ; ныр та, Соломонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый ам ис.

32 Ниневиӕгтӕ Тӕрхоны Бон мӕрдтӕй растдзысты ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ фӕзылынджын кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Ионӕйы пехуымпар ныхасӕй ӕрфӕсмон кодтой сӕ митыл. Ныр та, Ионӕйӕ уӕлдӕр Чи у, Уый ам ис.


Рухс ӕмӕ талынг

33 Цырагъ чи ссудзы, уый йӕ сусӕг ран кӕнӕ дурыны нӕ бавӕры, фӕлӕ йӕ цырагъдарӕныл, бацӕуджытӕ рухс куыд уыной, афтӕ сӕвӕры.

34 Буарӕн йӕ рухсгӕнӕн цӕст у. Ӕмӕ дӕ цӕст сыгъдӕг куы уа, уӕд дӕ буар ӕгасӕй дӕр рухс уыдзӕн. Фӕлӕ дӕ цӕст чъизи куы уа, уӕд дӕ буар дӕр талынг уыдзӕн.

35 Уӕдӕ дӕхимӕ кӕс, цӕмӕй дӕм цы рухс ис, уый талынг ма разына.

36 Кӕд дӕ буар иууылдӕр рухс у ӕмӕ дӕм талынгӕй ӕппындӕр ницы ис, уӕд сӕрӕй къӕхтӕм уыдзынӕ рухс, цыма дӕ рухсгӕнӕн рухс кӕны, афтӕ».


Йесо фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕн бауайдзӕф кодта

37 Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Ӕй иу фарисей сӕхимӕ сихор хӕрынмӕ бахуыдта. Йесо бацыд ӕмӕ фынджы уӕлхъус ӕрбадти.

38 Хӕрды размӕ Йӕ къухтӕ кӕй нӕ цӕхсадта, уый фарисей куы федта, уӕд бадис кодта.

39 Фӕлӕ йын Хицау загъта: «Сымах, фарисейтӕ, уӕ къус ӕмӕ тӕбӕгъ ӕддейӕ сыгъдӕг кӕнут, мидӕгӕй та кӕрӕф ӕмӕ хӕрамӕй йедзаг стут.

40 Ӕнӕзӕндтӕ! Ӕддейӕ цы ис, уый дӕр ӕмӕ, мидӕгӕй цы ис, уый дӕр иу Скӕнӕг не сфӕлдыста, мыййаг?

41 Уӕ тӕбӕгъы цы ис, уымӕй искӕмӕн куы фӕхай кӕнат, уӕд уын алцыдӕр уыдзӕни сыгъдӕг.

42 Фӕлӕ сар уӕ сӕр, фарисейтӕ! Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ суанг битъына, рутӕ ӕмӕ ӕппӕт иннӕ кӕрдӕджыты дӕсӕймаг хай дӕттут, фӕлӕ Хуыцауы рӕстдзинад ӕмӕ уарзт та ницӕмӕ дарут. Сымахӕн ӕмбӕлди адӕттӕ кӕнын ӕмӕ уыдӕттӕ дӕр рохуаты нӕ уадзын.

43 Сар уӕ сӕр, фарисейтӕ! Сымах уарзут синагогӕты раззаг бынӕтты бадын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын.

44 Сар уӕ сӕр! Сымах стут, бӕрӕг чи нӕ дары ӕмӕ, уый нӕ зонгӕйӕ, адӕм кӕуыл рацу-бацу кӕнынц, уыцы рох ингӕнты хуызӕн».

45 Уӕд Йесойы ныхӕстӕм иу динамонӕг загъта: «Ахуыргӕнӕг, афтӕ кӕй зӕгъыс, уымӕй Ды мах дӕр ӕфхӕрыс».

46 Йесо йын дзуапп радта: «Сар уӕ сӕр сымахӕн дӕр, динамонджытӕ! Адӕмыл уӕззау уӕргътӕ ӕвӕрут, уӕхӕдӕг та уӕ къух дӕр ницӕмӕ бакӕнут, цӕмӕй сын феххуыс кӕнат.

47 Сар уӕ сӕр! Уӕ фыдӕлтӕ цы пехуымпарты фӕцагътой, уыдонӕн сымах та аразут зӕппӕдзтӕ

48 ӕмӕ уымӕй ӕвдисут, уӕ фыдӕлты митӕ растыл кӕй нымайут, уый: уыдон сӕ маргӕ акодтой, сымах та сын зӕппӕдзтӕ аразут.

49 Хуыцауы уӕлзонд уымӕн загъта: „Пехуымпартӕ ӕмӕ фидиуджытӕ сӕм арвитдзынӕн, ӕмӕ дзы кӕй ӕфхӕргӕ кӕндзысты, кӕй — маргӕ“.

50 Уӕдӕ ацы фӕлтӕрӕн фидинаг у, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ цы пехуымпарты туг фӕкалди, уый:

51 Авелы тугӕй, нывондхӕссӕнӕй Кувӕндоны ӕхсӕн кӕй амардӕуыд, уыцы Захариайы туджы онг. О, зӕгъын уын, уый ацы фӕлтӕрӕн фидинаг у.

52 Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ! Сымах байстат зонынады дӕгъӕл; уӕхӕдӕг дӕр нӕ бацыдыстут ӕмӕ, бацӕуын кӕй фӕндыди, уыдоны дӕр нӕ бауагътат».

53 Йесо уырдыгӕй куы ацыд, уӕд динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ райдыдтой Йӕ ныхмӕ дзурын ӕмӕ Йӕ фӕрстыты бын ныккодтой —

54 къахтой Йӕ, цӕмӕй йын Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕкӕной.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan