Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Лука 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Ӕвдай дыууӕ ахуыргӕнинаджы арвыстӕуыд адӕмӕн лӕггад кӕнынмӕ

1 Уый фӕстӕ ма Йесо ноджыдӕр ӕвдай дыууӕ ахуыргӕнинаджы равзӕрста ӕмӕ сӕ дыгӕйттӕй арвыста Йӕ разӕй, цӕуинаг кӕдӕм уыди, уыцы сахартӕ ӕмӕ хъӕутӕм.

2 Загъта сын: «Кӕрдинаг — бирӕ, фӕлӕ хуымгӕрдджытӕ нӕ фаг кӕны. Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй Йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита кӕрдынмӕ.

3 Цӕугӕут! Мӕнӕ уӕ Ӕз уӕрыччытау бирӕгъты ’хсӕнмӕ ӕрвитын.

4 Уемӕ фӕндагмӕ ма райсут нӕдӕр ӕхцайы чыссӕ, нӕдӕр хордзен, нӕдӕр дзабыртӕ, стӕй салам дӕттынмӕ дӕр макӕмӕ ӕрлӕуут.

5 Цы хӕдзармӕ бацӕуат, уым уал-иу фыццаг зӕгъут: „Фарн ацы хӕдзары!“

6 Ӕмӕ дзы фарны аккаг адӕймаг куы уа, уӕд ыл уӕ арфӕ ӕрцӕудзӕн; куынӕ дзы уа, уӕд уӕ арфӕ фӕстӕмӕ раздӕхдзӕн уӕхимӕ.

7 Баззайут-иу уыцы хӕдзары ӕмӕ сӕм цы ис, уымӕй хӕрут ӕмӕ нуазут сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ кусӕг у йӕ куыстӕн хӕрзиуӕг райсыны аккаг; хӕдзари-хӕдзар-иу ма зилут.

8 Цы сахармӕ бацӕуат, уым уӕ куы суазӕг кӕной, уӕд хӕрут, цы уын ӕрӕвӕрой, уый.

9 Сӕ рынчынты сын дзӕбӕх кӕнут ӕмӕ адӕмӕн дзурут: „Ӕрӕввахс уӕм ис Хуыцауы Паддзахад“.

10 Искӕцы сахармӕ куы бацӕуат ӕмӕ уӕ уым куынӕ суазӕг кӕной, уӕд-иу, уынгты цӕугӕйӕ, дзурут:

11 „Уӕ сахары нӕ къӕхтыл цы рыг ӕрбадти, уый дӕр ӕрцагътам ӕмӕ уын ӕй уӕхицӕн уадзӕм. Фӕлӕ зонут, Хуыцауы Паддзахад уӕм кӕй ӕрӕввахс ис, уый“.

12 Зӕгъын уын, Тӕрхоны Бон Содомыл уыцы сахарӕй хуыздӕр бон акӕндзӕн.


Сар сӕ сӕр, сӕ тӕригъӕдтыл чи не ’рфӕсмон кодта, уыцы сахартӕн

13 Сар дӕ сӕр, Хоразин! Сар дӕ сӕр, Вифсаидӕ! Уымӕн ӕмӕ, сымахмӕ цы диссӕгтӕ равдыстӕуыд, уыдон Тир ӕмӕ Сидоны куы ӕрцыдаиккой, уӕд уымы цӕрджытӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъистӕ скӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕнычы сбадгӕйӕ, сӕ тӕригъӕдтыл раджы ӕрфӕсмон кодтаиккой.

14 Фӕлӕ Тир ӕмӕ Сидонӕн Тӕрхоны Бон сымахӕй ӕнцондӕр уыдзӕн.

15 Ӕмӕ дӕу дӕр, Капернаум, ӕнхъӕлыс, уӕларвмӕ систӕуыдзӕн? Нӕ, дӕлдзӕхмӕ ныххаудзынӕ!

16 Сымахмӕ чи хъусы, уый Мӕнмӕ хъусы. Сымахыл йӕхи чи атигъ кӕны, уый Мӕныл атигъ кӕны. Мӕныл йӕхи чи атигъ кӕны, уый та — Мӕ Рарвитӕгыл».


Ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрбаздӕхтысты

17 Ӕвдай дыууӕ ахуыргӕнинаджы фӕстӕмӕ зӕрдӕрухсӕй ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ дзырдтой: «Хицау, Дӕ номӕй куы фӕзӕгъӕм, уӕд дӕлимонтӕ дӕр нӕ коммӕ бакӕсынц».

18 Йесо сын загъта: «Ӕз федтон сайтаны уӕларвӕй ӕрвӕрттывдау ӕрхаугӕ.

19 Ӕз уын радтон калм ӕмӕ къӕдздымы уӕ къӕхты бын ссӕндыны, стӕй знаджы ӕппӕт тыхтыл уӕлахиз кӕныны хъомыс, ӕмӕ уын знаггад ницы ракӕндзӕн.

20 Дӕлимонтыл уӕ бон кӕй цӕуы, ууыл ма цин кӕнут — уӕ нӕмттӕ уӕлӕрвты фыст кӕй сты, ууыл цин кӕнут».


Стыр арфӕ

21 Уыцы тӕккӕ уысм Ын Сыгъдӕг Уд Йӕ зӕрдӕ байдзаг кодта цинӕй, ӕмӕ Йесо загъта: «Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Дунедарӕг! Стауын дӕ, Ды адӕттӕ куырыхонтӕй ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй! О, Мӕ Фыд, Дӕу афтӕ бафӕндыд!

22 Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр. Фырт чи у, уый ничи зоны Фыдӕй дарддӕр; Фыд чи у, уый дӕр ничи зоны Фыртӕй дарддӕр ӕмӕ йӕ Фырт кӕмӕн раргом кӕны, уый йеддӕмӕ».

23 Йесо Йе ’ргом разылдта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ, ӕрмӕстдӕр Ӕй уыдон куыд хъусой, афтӕ сын загъта: «Тӕхудиаг сты, сымах цы уынут, уый уынӕг цӕстытӕ!

24 Ӕз уын зӕгъын: бирӕ пехуымпартӕ ӕмӕ паддзӕхты фӕндыд, сымах цы уынут, уый фенын, фӕлӕ йӕ нӕ федтой ӕмӕ, сымах цы хъусут, уый фехъусын, фӕлӕ йӕ нӕ фехъуыстой».


Зӕрдӕхӕлар самариаджы ӕмбисонд

25 Уӕд иу динамонӕг сыстад ӕмӕ Йесойы бафӕлварыны тыххӕй загъта: «Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсынӕн мӕ цы бакӕнын хъӕуы?»

26 Йесо йӕ бафарста: «Ӕгъдауы цы фыст ис? Уым цы кӕсыс?»

27 Уый Йын дзуапп радта: «„Уарз дӕ Бардарӕг Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт хъаруйӕ ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“. Ноджы ма: „Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“».

28 Йесо йын загъта: «Раст дзуапп радтай. Афтӕ кӕн ӕмӕ мыггагмӕ цӕрдзынӕ».

29 Фӕлӕ уый фӕндыд йӕхи сраст кӕнын ӕмӕ та Йесойы бафарста: «Хион та чи у?»

30 Йесо йын дзуапп радта: «Иу лӕг Йерусалимӕй фӕцӕйцыди Йерихонмӕ ӕмӕ абырджыты къухмӕ бахауд. Уыдон ын раластой йӕ дарӕс, тынг ӕй фӕнадтой ӕмӕ йӕ ӕрдӕгмардӕй ныууагътой.

31 Афтӕ рауад, ӕмӕ уыцы фӕндагыл иу сауджын фӕцӕйцыди. Лӕджы федта, фӕлӕ йӕ иувӕрсты аивгъуыдта.

32 Левит дӕр афтӕ: ууылты фӕцӕйцыд, федта йӕ ӕмӕ дарддӕр йӕ цыды кой кодта.

33 Уалынмӕ уыцы фӕндагыл иу самариаг фӕцӕйцыди. Лӕгмӕ куы бахӕстӕг ис ӕмӕ йӕ куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта.

34 Бацыди йӕм, йӕ хъӕдгӕмттӕ йын сӕнӕй цӕхсадта, оливӕйы сойӕ сӕ байсӕрста, бабаста йын сӕ, стӕй йӕ сӕвӕрдта хӕрӕгыл, фысымуатмӕ йӕ баласта ӕмӕ ма йӕм уым дӕр базылди.

35 Дыккаг бон дыууӕ динары систа, фысымуаты хицаумӕ сӕ радта ӕмӕ йын загъта: „Дӕ цӕст ӕм фӕдар, ӕмӕ ма кӕд адонӕй уӕлдай бахардз кӕнай, уӕд дын сӕ, фӕстӕмӕ куы раздӕхон, уӕд бафиддзынӕн“.

36 Абырджыты къухмӕ чи бахауд, уымӕн, дӕумӕ гӕсгӕ, уыцы ӕртӕйӕ хион чи уыди?»

37 Уый дзуапп радта: «Чи йын батӕригъӕд кодта, уый». Уӕд ын Йесо загъта: «Ацу ӕмӕ ды дӕр афтӕ кӕн».


Марфӕ ӕмӕ Мариа

38 Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ дарддӕр Йӕ фӕндаг кодта ӕмӕ иу хъӕумӕ бафтыди. Уым Ӕй, Марфӕ, зӕгъгӕ, иу сылгоймаг йӕ хӕдзармӕ бахуыдта.

39 Марфӕйӕн уыди хо, йӕ ном — Мариа. Уый Йесойы дӕлфӕдтӕм сбадти ӕмӕ Йӕм лӕмбынӕг хъуыста.

40 Марфӕйӕн та йӕ мӕт ӕгасӕй дӕр уыди, куыд хуыздӕр Ӕй суазӕг кӕна, ууыл. Бацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Бардарӕг, мӕ хо мӕ иунӕгӕй лӕггадгӕнгӕ куыд ныууагъта, уый нӕ уыныс? Зӕгъ-ма йын, ӕмӕ мӕм фынг ӕвӕрынмӕ фӕкӕса».

41 Йесо йын дзуапп радта: «Марфӕ, Марфӕ, ды бирӕ цӕуылдӕртыл мӕт кӕныс ӕмӕ тыхсыс,

42 хъӕугӕ та ӕрмӕстдӕр иунӕг хъуыддаг кӕны. Мариа равзӕрста хуыздӕр хай, ӕмӕ йын ӕй ничи байсдзӕни».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan