Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Лука 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Раздзырд

1 Цы цаутӕ нӕм ӕрцыд, уыдоны тыххӕй ныридӕгӕн бирӕтӕ ныффыстой,

2 тӕккӕ райдианӕй сӕ йӕхи цӕстӕй чи федта ӕмӕ Хуыцауы ныхас адӕммӕ чи хӕццӕ кодта, уыдоны уылты.

3 Уымӕ гӕсгӕ ӕз дӕр, цытджын Феофил, сфӕнд кодтон ӕппӕт хабӕрттӕ кӕронмӕ лыстӕг равзарын ӕмӕ дӕм сӕ фӕд-фӕдыл бӕстон ныффыссын,

4 цӕмӕй, цы ахуырадыл ӕрлӕууыдтӕ, уымӕн йӕ фидар бындур зонай.


Иоанны райгуырды тыххӕй рагуац

5 Иудейаг паддзах Ироды заман Авийайы хӕдзарвӕндаджы уыдис иу сауджын, Захариа, зӕгъгӕ. Йӕ бинойнаг дӕр Аароны байзӕддагӕй уыди, йӕ ном — Елисаветӕ.

6 Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы раз растӕй цардысты, ӕнӕаиппӕй ӕххӕст кодтой Хуыцауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ.

7 Цот сын нӕ рацыд, уымӕн ӕмӕ Елисаветӕ ӕнӕзӕнӕг уыдис. Афтӕмӕй сӕ дыууӕйыл дӕр дзӕвгар азтӕ рацыд.

8 Иу хатт Захариа уаз куыст кодта Хуыцауы Кувӕндоны (цы сауджынты къордмӕ хауд, уыдоны рад ралӕууыд).

9 Сауджынты ӕгъдау куыд домы, афтӕ хӕлттӕ куы сӕппӕрстой, уӕд Захариайы хал схауд, ӕмӕ нывондхӕссӕныл буд судзынмӕ бацыди Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ.

10 Буд судзыны рӕстӕджы кӕрты уыди бирӕ кувӕг адӕм.

11 Ӕмӕ ӕваст Захариамӕ раргом ис Хуыцауы зӕд — будсудзӕн нывондхӕссӕны рахизфарс лӕууыд.

12 Захариа йӕ куы ауыдта, уӕд стыр дисы бафтыд ӕмӕ тынг фӕтарсти.

13 Фӕлӕ йын зӕд загъта: «Ма тӕрс, Захариа, уымӕн ӕмӕ дӕ куывд фехъуысти Хуыцаумӕ. Дӕ ус Елисаветӕ дын ныййардзӕн фырт, ӕмӕ йӕ схондзынӕ Иоанн.

14 Дӕ фырт дын стыр цин ӕрхӕсдзӕн, йӕ райгуырдыл бирӕтӕ бацин кӕндзысты,

15 уымӕн ӕмӕ цытджын уыдзӕни Хуыцауы раз. Нӕдӕр сӕн нуаздзӕн, нӕдӕр ӕндӕр исты карз нозт, Сыгъдӕг Удӕй хайджын уыдзӕн йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ.

16 Израилы адӕмӕй бирӕты уый фӕстӕмӕ раздахдзӕни сӕ Бардарӕг Хуыцаумӕ.

17 Илийайы уд ӕмӕ хъаруимӕ цӕудзӕни Бардарӕджы разӕй, цӕмӕй фыдӕлтӕ ӕмӕ сӕ цоты зӕрдӕтӕ раздаха кӕрӕдзимӕ, хивӕндты раст зондыл сараза ӕмӕ адӕмы бацӕттӕ кӕна Бардарӕджы ӕрцыдмӕ».

18 Захариа бафарста Зӕды: «Ӕз ууыл куыд хъуамӕ баууӕндон, кӕд ӕмӕ мӕхӕдӕг дӕр зӕронд дӕн, стӕй мӕ ус дӕр зӕронд у, уӕд?»

19 Зӕд ын дзуапп радта: «Ӕз дӕн Гавриил, Хуыцауы раз лӕггадгӕнӕг, ӕмӕ дӕм уымӕн ӕрвыст дӕн, цӕмӕй дын ацы цины уац фехъусын кӕнон.

20 Кӕй дын загътон, уый йӕ афоныл ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ мын ды мӕ ныхӕстыл кӕй нӕ баууӕндыдтӕ, уый тыххӕй ныртӕккӕ багомыг уыдзынӕ ӕмӕ, цалынмӕ уыцы хъуыддаг ӕрцӕуа, уӕдмӕ дӕ дзыхӕй не сдзурдзынӕ».

21 Адӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты Захариамӕ ӕмӕ дис кодтой, Кувӕндоны куыд тынг ныффӕстиат ис, зӕгъгӕ.

22 Куы рацыд, уӕд йӕ бон дзурын нӕ уыд, ӕмӕ адӕм бамбӕрстой, Кувӕндоны диссаг кӕй федта, уый. Йӕ къухты тылдӕй ӕмбарын кодта йӕ зӕгъинӕгтӕ, дзургӕ дӕр ӕмӕ хъусгӕ дӕр нал кодта.

23 Кувӕндоны йӕ лӕггады рад куы ахицӕн ис, уӕд ӕрбаздӕхти йӕ хӕдзармӕ.

24 Уымӕй чысыл фӕстӕдӕр йӕ ус Елисаветӕ банхъӕлцау ис. Фыццаг фондз мӕйы йӕхи адӕмӕй ӕмбӕхста ӕмӕ дзырдта:

25 «Уый мын Хуыцау сарӕзта — ӕркасти мӕм, цӕмӕй адӕмы ’хсӕн ӕгад мауал уон».


Рагзагъд Йесойы райгуырды тыххӕй

26 Елисаветӕ ӕхсӕзӕм мӕй ӕнхъӕлцау куы уыд, уӕд Хуыцау Йӕ зӕд Гавриилы арвыста галилейаг сахар Назаретмӕ,

27 ӕнӕцыд чызгмӕ, Давиды байзӕддаг Йосифимӕ фидыд чи уыди, уымӕ; йӕ ном — Мариа.

28 Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Байрай, Хуыцауӕй арфӕгонд! Дунедарӕг демӕ ис. [Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн.]»

29 Мариа тынг бадис кодта ӕмӕ хъуыдыты аныгъуылд, уӕдӕ уыцы ныхӕстӕ цы амонынц, зӕгъгӕ.

30 Зӕд ын загъта: «Ма тӕрс, Мариа! Хуыцау дӕ Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта.

31 Ды банхъӕлцау уыдзынӕ ӕмӕ ныййардзынӕ Фырт, сӕвӕрдзынӕ Йыл ном Йесо.

32 Уый уыдзӕни цытджын, хондзысты Йӕ Дунедарӕджы Фырт, ӕмӕ Йын Бардарӕг Хуыцау ратдзӕн Йӕ фыдӕл Давиды паддзахы бадӕн.

33 Йаковы байзӕддагӕн паддзахиуӕг кӕндзӕни мыггагмӕ, ӕмӕ Йӕ Паддзахадӕн кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн».

34 Мариа бафарста Зӕды: «Ӕз нырма моймӕдзыд куы нӕ дӕн, уӕд уымӕн уӕвӕн куыд ис?»

35 Зӕд ын дзуапп радта: «Сыгъдӕг Уд дыл Йӕхи ӕруадздзӕн, Дунедарӕджы тых дӕ бакӕндзӕни йӕ дӕлбазыр. Афтӕмӕй дӕ цы Хъӕбул райгуыра, Уый уыдзӕни сыгъдӕг, ӕмӕ Йӕ схондзысты Хуыцауы Фырт.

36 Мӕнӕ ма, ӕнӕзӕнӕг кӕй хуыдтой, уыцы Елисаветӕ дӕр, дӕ хӕстӕг, зӕрондӕй куы банхъӕлцау ӕмӕ йыл ныр ӕхсӕзӕм мӕй куы цӕуы.

37 Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау цы зӕгъа, уый ӕнӕсӕххӕстӕй нӕ баззайдзӕн».

38 Уӕд Мариа загъта: «Ӕз Бардарӕджы цагъар дӕн; цы загътай, уый мыл ӕрцӕуӕд». Ӕмӕ уыйадыл зӕд нал уыди йӕ разы.


Мариа уазӕгуаты ацыд Елисаветӕмӕ

39 Уыцы цауӕй цалдӕр боны фӕстӕ Мариа йӕхи срӕвдз кодта ӕмӕ хӕхбӕстӕм, иудейаг сахармӕ, ацыди.

40 Комкоммӕ Захариайы хӕдзармӕ бацыд ӕмӕ Елисаветӕйӕн салам радта.

41 Мариайы ныхасмӕ Елисаветӕйы гуыбыны йӕ сывӕллон базмӕлыд. Елисаветӕ Сыгъдӕг Удӕй схайджын ис

42 ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн, ӕмӕ арфӕгонд у, дӕ зӕрдӕйы бын цы Сывӕллон ис, Уый!

43 Мӕ Бардарӕджы мад мӕм ӕрбацӕуа, уыцы хорзӕх мӕм кӕцӕй ӕрхауд?

44 Дӕ хъӕлӕс дын куы фехъуыстон, уӕд сывӕллон цингӕнгӕ мӕ гуыбыны базмӕлыд.

45 Тӕхудиаг у, Хуыцау ын цы загъта, уый кӕй ӕрцӕудзӕн, ууыл баууӕндӕг Чызг!»

46 Уӕд Мариа загъта: «Стауы мӕ зӕрдӕ Дунедарӕджы!

47 Мӕ уд цин кӕны Хуыцауыл, мӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл!

48 Уый ӕркасти Йӕ сӕрныллӕг цагъар чызгмӕ, ӕмӕ мӕ нырӕй фӕстӕмӕ адӕм хондзысты арфӕгонд фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.

49 Уымӕн ӕмӕ Ӕппӕтхъомыс стыр хъуыддаг сарӕзта мӕнӕн! Уаз у Йӕ ном!

50 Чи Дзы тӕрсы, уыдон фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын сты.

51 Йӕ къухы хъомыс равдыста ӕмӕ ныххӕлиу кодта, сӕрыстыр чи у, уыдоны сӕ фӕндтимӕ.

52 Тыхджынты раппӕрста сӕ бадӕнтӕй ӕмӕ сбӕрзонд кодта сӕрныллӕгты.

53 Йӕ хорзӕхтӕй бафсӕста ӕххормӕгты, бонджынты та ницӕимӕ арвыста.

54 Ӕрцыд ӕххуысмӕ Йӕ лӕггадгӕнӕг Израилмӕ, нӕ Дзы ферох ис мыггагмӕ уый йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕнын,

55 нӕ фыдӕлтӕн — Авраам ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн — зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ».

56 Мариа Елисаветӕмӕ фӕци ӕртӕ мӕйы бӕрц ӕмӕ уый фӕстӕ раздӕхти йӕ хӕдзармӕ.


Аргъауӕг Иоанны райгуырд

57 Елисаветӕйӕн йӕ арыны афон ӕрхӕццӕ ис, ӕмӕ лӕппу ныййардта.

58 Хуыцау ын стыр арфӕ кӕй ракодта, уый фехъуыстой йӕ сыхӕгтӕ, йӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ цин кодтой йемӕ.

59 Ӕстӕм бон ӕрбацыдысты сывӕллонӕн сунӕт скӕнынмӕ ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй йыл йӕ фыды ном — Захариа — сӕвӕрой,

60 фӕлӕ йӕ мад не сразы: «Нӕ, Иоанн ӕй схонӕм».

61 Уыдон ын загътой: «Дӕ хӕстӕджытӕй ахӕм ном никӕуыл ис».

62 Уӕд, къухӕй амонгӕйӕ, фарстой сабийы фыды, цы ном сӕвӕрын дӕ фӕнды, зӕгъгӕ.

63 Уый ракуырдта фӕйнӕджы гӕбаз ӕмӕ йыл ныффыста: «Йӕ ном Иоанн у». Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр дисы бафтыдысты.

64 Уыцы тӕккӕ уысм Захариа йӕ дзыхӕй сдзырдта, ӕмӕ уыйадыл райдыдта дзурын, кад кодта Хуыцауӕн.

65 Сӕ алыварс цӕрджыты се ’ппӕты дӕр тас бацыди. Уӕлхох Иудейы алы кӕрӕтты ӕндӕр кой нал уыд.

66 Хабар-иу чи фехъуыста, уыдон-иу хъуыдыты аныгъуылдысты ӕмӕ сӕхинымӕр дзырдтой: «Чи уыдзӕн, цымӕ, уыцы сывӕллон?» Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, Хуыцау уыдис Иоаннимӕ.


Захариайы зарӕг

67 Иоанны фыд Захариа Сыгъдӕг Удӕй схайджын ис, пехуымпариуӕг кӕнын райдыдта ӕмӕ дзырдта:

68 «Арфӕгонд уӕд Израилы Бардарӕг Хуыцау — ӕркасти Йӕ адӕммӕ ӕмӕ сӕ ссӕрибар кодта.

69 Йӕ лӕггадгӕнӕг Давиды байзӕддагӕй нын радта хъомысджын Ирвӕзынгӕнӕджы,

70 рагзаманы Йӕ сыгъдӕг пехуымпарты дзыхӕй куыд хъусын кодта, афтӕ.

71 Уый мах фервӕзын кӕндзӕн не знӕгтӕй ӕмӕ, ӕнӕуынон кӕмӕн стӕм, уыдоны къухӕй.

72 Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, Йӕ хорзӕхӕй нӕ фыдӕлты кӕй схайджын кӕндзӕн, Йӕ сыгъдӕг фидыд Дзы кӕй нӕ ферох уыдзӕн, уымӕй.

73 Расомы кодта нӕ фыдӕл Авраамӕн,

74 не знӕгты къухӕй нӕ кӕй байсдзӕни, уый тыххӕй,

75 ӕмӕ Йын лӕггад кӕндзыстӕм ӕдасӕй, цӕмӕй цӕргӕбонты Йӕ цӕсты сыгъдӕг ӕмӕ раст адӕмыл нымад уӕм.

76 Дӕу та, хъӕбул, схондзысты Иууылбӕрзонды пехуымпар, уымӕн ӕмӕ цӕудзынӕ Бардарӕджы разӕй, цӕмӕй Йын фӕндаг ӕрцӕттӕ кӕнай

77 ӕмӕ Йын Йӕ адӕмӕн фехъусын кӕнай, кӕй фервӕздзысты ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй ӕрцӕудзысты,

78 уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау уарзӕгой ӕмӕ барон у. Йӕ хорзӕхы руаджы нын уӕлӕрвтӕй рарвитдзӕни Сӕуӕхсид,

79 ныррухс кӕндзӕни, мӕлӕты тасимӕ тары йӕ бонтӕ чи ӕрвиты, уыдоны ӕмӕ нӕ сараздзӕн Хуыцауимӕ фидыды фӕндагыл».

80 Сывӕллон рӕзыд ӕмӕ фидар кодта уд ӕмӕ буарӕй. Цалынмӕ йын Израилы адӕмы размӕ рацӕуыны афон нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ цардис ӕдзӕрӕг рӕтты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan