Левит 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстАарон ӕмӕ йӕ фыртты фыццаг нывӕндтӕ 1 Ӕстӕм бон Моисей басидт Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕм, стӕй Израилы хистӕртӕм. 2 Ааронӕн загъта: «Дунедарӕджы размӕ тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕн род, иууылсудзинагӕн та — фыр. Сӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ уой ӕнӕсахъат. Дунедарӕджы раз сӕ ӕрлӕууын кӕн. 3 Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕной цӕу, иууылсудзинагӕн та — афӕдздзыд уӕныг ӕмӕ фыргуист, сӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ уой ӕнӕсахъат. 4 Фидыды нывондӕн та гал ӕмӕ фыр ӕрбакӕнӕнт, цӕмӕй сӕ Дунедарӕджы раз нывондӕн ӕрхӕссой. Ноджы ма ӕрбахӕссӕнт сойамӕст хойраджы хуын. Дунедарӕг уӕм раргом уыдзӕн абон». 5 Израилӕгтӕ, Моисей сын цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ Фембӕлды Цатыры цурмӕ сӕмбӕлын кодтой. Адӕм се ’ппӕт дӕр ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты. 6 Моисей загъта: «Мӕнӕ уын цы бафӕдзӕхста Дунедарӕг, цӕмӕй уӕм Йӕ кад раргом уа, уый тыххӕй». 7 Ааронӕн та Моисей загъта: «Нывондхӕссӕны размӕ бацу ӕмӕ дӕхи тыххӕй тӕригъӕды нывонд ӕмӕ иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕсс, цӕмӕй барст ӕрцӕуой дӕхи тӕригъӕдтӕ ӕмӕ адӕмы тӕригъӕдтӕ. Адӕмы номӕй ӕрбахӕсс хуын, цӕмӕй сӕххӕст кӕнай адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау, Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ». 8 Аарон нывондхӕссӕнмӕ бацыд ӕмӕ йӕхи тыххӕй тӕригъӕды нывондӕн аргӕвста уӕныг. 9 Йӕ фырттӕ йӕм нывонды туг балӕвӕрдтой. Уый дзы йе ’нгуылдз стылдта ӕмӕ нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахуырста. Тугӕй ма цы баззад, уый та нывондхӕссӕны рӕбын акалдта. 10 Тӕригъӕды нывонды фиу, йӕ уыргтӕ ӕмӕ игӕры ӕфтуанхай нывондхӕссӕныл басыгъта, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 11 Йӕ фыд ӕмӕ йӕ царм та йын рӕсӕнуаты ӕдде басыгъта. 12 Аарон аргӕвста иууылсудзинаг нывонд. Йӕ фырттӕ йӕм балӕвӕрдтой нывонды туг, ӕмӕ дзы уый нывондхӕссӕн алырдыгӕй бапырх кодта. 13 Иууылсудзинаджы уӕнгтӕ ӕмӕ сӕр ӕм балӕвӕрдтой, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басыгъта. 14 Аарон хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ къӕхтӕ ныхсадта ӕмӕ сӕ иууылсудзинагимӕ нывондхӕссӕныл басыгъта. 15 Уый фӕстӕ Аарон ӕрхаста нывӕндтӕ адӕмы тыххӕй. Адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны тыххӕй аргӕвста цӕу ӕмӕ йӕ тӕригъӕды нывондӕн ӕрхаста, уымӕй размӕ куыд бакодта, афтӕ. 16 Уый фӕстӕ уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ ӕрхаста иууылсудзинаг нывонд. 17 Ноджы ма ӕрбахаста хойраджы хуын. Йӕ армы дзы систа ӕмӕ ма, сӕумӕрайсомы иууылсудзинагӕй уӕлдай, нывондхӕссӕныл уый дӕр басыгъта. 18 Уый фӕстӕ Аарон адӕмы номӕй фидыды нывондӕн аргӕвста гал ӕмӕ фыр. Йӕ фырттӕ йӕм кусӕртты туг балӕвӕрдтой, ӕмӕ дзы уый нывондхӕссӕн алырдыгӕй бапырх кодта. 19 Дымӕг, хуылфыдзаумӕтты фиу, стӕй уыргты фиу ӕмӕ игӕрты ӕфтуанхӕйттӕ 20 кӕразимӕгтыл сӕвӕрдта ӕмӕ фиутӕ нывондхӕссӕныл басыгъта, 21 кӕразимӕгтӕ ӕмӕ рахиз сгуы та хӕрдмӕ систа Дунедарӕджы раз, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 22 Аарон нывӕндтӕ куы ӕрхаста — тӕригъӕды нывонд, иууылсудзинаг ӕмӕ фидыды нывонд — уӕд йӕ къухтӕ хӕрдмӕ систа ӕмӕ адӕмӕн арфӕ ракодта. Уый фӕстӕ дӕлӕмӕ ӕрцыди. 23 Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты Фембӕлды Цатырмӕ. Фӕстӕмӕ куы рацыдысты, уӕд адӕмӕн арфӕ ракодтой, ӕмӕ ӕппӕт адӕммӕ Дунедарӕджы кад раргом ис. 24 Дунедарӕджы цурӕй арт рацыди ӕмӕ басыгъта, нывондхӕссӕныл цы иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фиутӕ уыди, уыдон. Уый фенгӕйӕ, адӕм се ’ппӕт дӕр цины хъӕр ныккодтой ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia