Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Левит 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ систы сауджынтӕ

1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:

2 «Фӕдзур Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕм, райс дарӕстӕ, сӕрдӕн сой, тӕригъӕды нывондӕн — гал, стӕй дыууӕ фыры ӕмӕ донгонд дзулты чыргъӕд.

3 Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕппӕт адӕмы ӕрӕмбырд кӕн».

4 Моисей, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодта, ӕмӕ Израилы адӕм Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз ӕрӕмбырд сты.

5 Моисей сын загъта: «Дунедарӕг мын бафӕдзӕхста мӕнӕ афтӕ бакӕнын».

6 Моисей Аароны ӕмӕ йӕ фыртты размӕ ракодта ӕмӕ сӕ доны цынадта.

7 Аароныл скодта хӕдон ӕмӕ йын ӕй ронӕй ӕрбабаста. Уый фӕстӕ йыл скодта пӕлӕз, уый ӕдде та — раздарӕн, астӕубосӕй йӕ ӕрбалвӕста.

8 Ноджы ма йыл бакодта риуылдарӕн, уый уӕлӕ — урим ӕмӕ туммим.

9 Йӕ сӕрыл ын ӕркодта сарыхъ ӕмӕ йыл разӕй сӕвӕрдта сыгъзӕрин цъарӕг — уаз кады худ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

10 Моисей райста сӕрдӕн сой ӕмӕ дзы байсӕрста цатыр, стӕй, цыдӕриддӕр дзы уыдис, уыдон. Афтӕмӕй сӕ срухс скодта.

11 Уый фӕстӕ сойӕ нывондхӕссӕн авд хатты бапырх кодта, байсӕрста йӕ йе ’ппӕт дзаумаимӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ, цӕмӕй сӕ срухс кӕна.

12 Аароны сӕрыл сой ӕруагъта ӕмӕ йӕ байсӕрста — Дунедарӕджы раз ӕй ссыгъдӕг кодта.

13 Уый фӕстӕ Аарон ӕмӕ йӕ фыртты размӕ ракодта, хӕдӕттӕ сыл скодта, рӕттӕ сыл ӕрбабаста ӕмӕ сыл ӕркодта сарыхътӕ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

14 Моисей тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакодта гал. Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ галы сӕрыл ӕрӕвӕрдтой.

15 Моисей йӕ аргӕвста, йӕ тугӕй йын йе ’нгуылдзыл систа ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахуырста, цӕмӕй нывондхӕссӕн срухс кӕна. Иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалдта. Афтӕмӕй, тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕнгӕйӕ, нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кодта.

16 Уый фӕстӕ Моисей хуылфыдзаумӕтты фиу иууылдӕр, стӕй игӕры ӕфтуанхай ӕмӕ уыргтӕ ӕд фиу нывондхӕссӕныл басыгъта.

17 Галӕй ма цы баззади, уыдон та — цармӕй, фыдӕй, хуылфыдзаумайӕ — рӕсӕнуаты ӕдде басыгъта, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

18 Моисей иууылсудзинаг нывондӕн ӕрбакодта фыр, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрдтой.

19 Моисей йӕ аргӕвста ӕмӕ йын йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кодта.

20 Кусарт суӕнгтӕ кодта ӕмӕ йын йӕ уӕнгтӕ сӕр ӕмӕ фиуимӕ басыгъта.

21 Уый фӕстӕ йын Моисей йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ доны ныхсадта ӕмӕ уыдон дӕр нывондхӕссӕныл басыгъта. Уый уыди иууылсудзинаг нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, арты нывонд, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

22 Сауджын суӕвыны нывондӕн Моисей ӕрбакодта ӕндӕр фыр, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрдтой.

23 Моисей йӕ аргӕвста, йӕ тугӕй йын райста ӕмӕ дзы Ааронӕн йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы хистӕр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы хистӕр ӕнгуылдз ацахуырста.

24 Уый фӕстӕ ӕрбахуыдта Аароны фыртты ӕмӕ уыдонӕн дӕр сӕ рахиз хъусты кӕрӕттӕ, сӕ рахиз къухты хистӕр ӕнгуылдзтӕ ӕмӕ сӕ рахиз къӕхты хистӕр ӕнгуылдзтӕ ацахуырста, стӕй нывондхӕссӕн алырдыгӕй тугӕй бапырх кодта.

25 Моисей райста кусартӕн йӕ дымӕг, хуылфыдзаумӕтты фиу иууылдӕр, игӕры ӕфтуанхай, уыргтӕ ӕд фиу ӕмӕ рахиз сгуы.

26 Дунедарӕджы раз цы донгонд дзулты чыргъӕд уыди, уымӕй иу донгонд дзул, иу сойыфых ӕмӕ иу лауаси райста, фиутӕ ӕмӕ рахиз сгуыйы сӕрыл сӕ сӕвӕрдта.

27 Иууылдӕр сӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕм радта ӕмӕ сын сӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисын кодта.

28 Уый фӕстӕ сӕ райста ӕмӕ сӕ иууылсудзинагимӕ нывондхӕссӕныл басыгъта. Уый у сауджын суӕвыны нывонд, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.

29 Моисей райста фыры кӕразимаг ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ систа. Уый уыди Моисейы хай, сауджынлӕггадӕн ӕй снывонд кӕнынӕн цы нывонд ӕрхастӕуыди, уымӕй, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

30 Уый фӕстӕ Моисей райста сӕрдӕн сой. Нывондхӕссӕныл цы туг уыди, уымӕй систа ӕмӕ дзы бапырх кодта Аароныл, стӕй йӕ дарӕсыл, Аароны фырттыл ӕмӕ сӕ дарӕсыл. Афтӕмӕй уазлӕггадӕн снывонд кодта Аароны, срухс ын кодта йӕ дарӕс, стӕй йӕ фыртты ӕмӕ уыдоны дарӕс дӕр.

31 Моисей Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта: «Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз дзидза сфыцут ӕмӕ дзы уым, сауджын суӕвыны нывонды хуынӕй чыргъӕды цы дзул ис, уыимӕ бахӕрут, куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ. Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ бахӕрӕнт.

32 Дзидза ӕмӕ дзулӕй цы баззайа, уый-иу арты басудзут.

33 Авд боны дӕргъы Фембӕлды Цатыры къӕсӕрӕй иуварс ма ацӕут, цалынмӕ сауджынлӕггадӕн уӕ снывонд кӕныны бонтӕ нӕ сӕххӕст уой, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы ӕгъдау хъуамӕ ахӕсса авд боны.

34 Абон цы сарӕзтӕуыд, уый уыди Дунедарӕджы фӕдзӕхст, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой.

35 Авд боны дӕргъы ӕхсӕвӕй-бонӕй Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз лӕуут ӕмӕ уын Дунедарӕг уӕ бӕрны цы бакодта, уый ӕххӕст кӕнут, науӕд амӕлдзыстут. Афтӕ мын бафӕдзӕхстӕуыд».

36 Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕххӕст кодтой, Дунедарӕг сын Моисейы уылты цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan