Левит 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстФиддоны нывӕндтӕ 1 Мӕнӕ, иууылуаз чи у, уыцы фиддоны нывонд хӕссыны ӕгъдау. 2 Фиддоны нывонд дӕр ӕргӕвдын хъӕуы, иууылсудзинаджы кӕм фергӕвдынц, уым. Йӕ тугӕй йын нывондхӕссӕн алырдыгӕй бапырх кӕнын хъӕуы. 3 Нывондӕн йӕ нӕрдтӕ иууылдӕр ӕрбахӕссын хъӕуы: дымӕг, хуылфыдзаумӕтты фиу, 4 уыргтӕ ӕд фиу, ӕгъдты фиу ӕмӕ игӕры ӕфтуанхай. 5 Сауджын сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд Дунедарӕгӕн арты нывондӕн. Уый у фиддоны нывонд. 6 Йӕ дзидза йын хӕрын ӕмбӕлы сауджынты мыггаджы нӕлгоймӕгтӕй алкӕмӕн дӕр, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр уаз бынаты: уый у иууылуаз. 7 Фиддоны нывондӕн дӕр ис тӕригъӕды нывонды фӕтк: фиддоны нывонд у, тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау чи сӕххӕст кодта, уыцы сауджыны хай. 8 Сауджын искӕй тыххӕй иууылсудзинаг нывонд куы ӕрхӕсса, уӕд нывондӕн йӕ царм дӕр у сауджыны хай. 9 Хойраджы хуынтӕй алкӕцыдӕр — пецы фых ӕрцӕуа, къуырф тебӕйы ӕви алгъацы, — нывонд ӕрхӕссыны фӕтк чи сӕххӕст кодта, уыцы сауджыны хай у. 10 Алы хойраджы хуын дӕр — сойамӕст уа ӕви хус — Аароны ӕппӕт байзӕддӕгтӕм хауы. Хъуамӕ сӕм дзы ӕрхауа ӕмхуызон хӕйттӕ. Фидыды нывӕндтӕ 11 Мӕнӕ Дунедарӕгӕн фидыды нывонд хӕссыны ӕгъдау. 12 Йӕ нывонд бузныджы фӕдыл кӕмӕн уа, уый ма йын йемӕ ӕрбахӕссӕд донгонд тӕнджытӕ — сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй конд, стӕй оливӕйы сойӕ сӕрст донгонд лауаситӕ ӕмӕ сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй конд тӕнджытӕ. 13 Фидыды нывондимӕ ӕрбахӕссӕд ӕнхъызт хыссӕйӕ конд тӕнджытӕ дӕр. 14 Кӕрдзынтӕн сӕ алы хуызӕй дӕр фӕйнӕ иуы Дунедарӕгӕн рахицӕн кӕнӕд: фидыды нывонды туг цы сауджын бапырх кӕны, уый хай сты уыдон. 15 Бузныджы охыл цы фидыды нывонд ӕрхӕссой, уымӕн йӕ дзидза бахӕрын хъӕуы нывонд ӕрхӕссыны бон, райсоммӕ уадзын дзы не ’мбӕлы. 16 Сомыйы фӕдыл кӕнӕ бархийӕ цы нывонд ӕрхӕссой, уымӕн та йӕ дзидза бахӕрын хъӕуы йе ’рхӕссыны бон, цы ма дзы баззайа, уый та — дыккаг бон. 17 Фӕлӕ нывонды дзидзайӕ ӕртыккаг бонмӕ цы баззайа, уый хъӕуы басудзын. 18 Ӕртыккаг бон ма фидыды нывондӕй чи бахӕра, уымӕн йӕ нывонд Хуыцауӕн ӕхцон нӕ уыдзӕн, нӕ йын ӕй айсдзӕн. Уыцы дзидза ӕлгъаг у, ӕмӕ дзы чи бахӕра, уый йӕ тӕригъӕдӕн дзуапп ратдзӕн. 19 Дзидза исты ӕнӕсыгъдӕгыл куы андзӕва, уӕд ӕй хӕрӕн нӕй, арты сыгъд ӕрцӕуӕд. Сыгъдӕг дзидзайӕ та, сыгъдӕг чи уа, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр хӕрыны бар ис. 20 Фӕлӕ исчи фечъизи ис, афтӕмӕй Дунедарӕгӕн хаст фидыды нывондӕй бахордта, зӕгъгӕ, — адӕмы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзӕн. 21 Исчи исты ӕнӕсыгъдӕгыл куы бандзӕва — адӕймаджы кӕнӕ фосы чъизитыл, йе та исты ӕлгъаг фӕлдисондыл, ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕгӕн хаст фидыды нывондӕй куы бахӕра, уӕд уый дӕр йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн». Хуыцау фиутӕ ӕмӕ туг хӕрын нӕ уадзы 22 Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа: 23 «Мадӕр стуры фиу хӕрут, мадӕр — фыстӕ ӕмӕ сӕгъты фиу. 24 Хӕдмӕл фосы нӕрдтӕй, стӕй, сырдтӕ кӕй ныттоной, уыцы фосӕн сӕ нӕрдтӕй пайдагӕнӕн ис, фӕлӕ дзы хӕрӕн нӕй. 25 Дунедарӕгӕн арты нывондӕн кӕй хастӕуа, уыцы фосы фиуӕй чидӕриддӕр бахӕра, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн. 26 Кӕмдӕриддӕр цӕрат, уым тугӕй ма фӕхъӕстӕ ут: нӕдӕр мӕргъты тугӕй, нӕдӕр фосы тугӕй. 27 Тугӕй чидӕриддӕр фӕхъӕстӕ уа, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн». Сауджынты хай 28 Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа: 29 «Дунедарӕгӕн фидыды нывонд чи хӕсса, уый дзы хъуамӕ Дунедарӕгӕн хай скӕна. 30 Дунедарӕгӕн хъуамӕ арты нывонд ӕрхӕсса йӕхи къухӕй: кусарты фиу ӕмӕ кӕразимаг ӕрбахӕссӕд ӕмӕ Дунедарӕджы раз кӕразимаг хӕрдмӕ сисӕд. 31 Сауджын нывондхӕссӕныл фиу басудзӕд, кӕразимаг та у Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай. 32 Уӕ фидыды нывӕндтӕй-иу сауджынӕн рахицӕн кӕнут рахиз сгуы дӕр. 33 Аароны байзӕддӕгтӕй фидыды нывонды туг ӕмӕ фиу нывондхӕссӕныл чи ӕвӕра, уый хай у уыцы сгуы. 34 Уымӕн ӕмӕ Ӕз израилӕгтӕн сӕ фидыды нывӕндтӕй райстон, хӕрдмӕ кӕй систӕуы, уыцы кӕразимаг, стӕй рахиз сгуы ӕмӕ сӕ дӕттын сауджын Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн. Уый сын у мыггагмӕйы хай израилӕгтӕй». 35 Ахӕм у Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай Дунедарӕджы номыл хаст нывӕндтӕй, Дунедарӕджы сауджынтӕ куы систы, уӕдӕй фӕстӕмӕ. 36 Дунедарӕг сӕ куы байсӕрста, уыцы бон израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сын уыцы хай дӕттой. Уый сын уыдзӕни мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. 37 Адон сты иууылсудзинаг нывӕндтӕ, хойраджы хуынтӕ, тӕригъӕды нывӕндтӕ, фиддоны нывӕндтӕ, сауджын суӕвыны нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕссыны ӕгъдӕуттӕ. 38 Дунедарӕг сӕ Моисейӕн радта ӕдзӕрӕг быдыры, Синайы хохыл, Израилы адӕмӕн Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ хӕссын куы бафӕдзӕхста, уӕд. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia