Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Левит 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Адӕймагӕн йӕ разы исты хабар ӕрцыди, йӕхи цӕстӕй цыдӕр федта ӕмӕ бӕлвырд исты зоны, фӕлӕ йӕхи ныхъхъус кодта, ӕвдисӕн нӕ ныллӕууыд ӕмӕ уымӕй тӕригъӕды бацыди, зӕгъгӕ, уӕд йӕ азымы тыххӕй хъуамӕ дзуапп ратта.

2 Нӕ йӕ бафиппайдта, афтӕмӕй, ӕнӕсыгъдӕг цы у, ахӕмӕй истӕмӕ февнӕлдта, чъизи сырд, фос кӕнӕ хилӕгойы мардыл андзӕвыд — фӕчъизи ӕмӕ фӕазымджын уыдзӕн.

3 Исчи адӕймаджы чъизитӕй истӕмӕ (цыфӕнды дӕр уӕд) ӕнӕрхъуыдыйӕ февнӕлдта ӕмӕ йӕ раздӕр нӕ бафиппайдта, фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ бамбӕрста — азымджын уыдзӕн.

4 Хорз ӕви ӕвзӕр хъуыддаджы тыххӕй уа, исчи ӕнӕрхъуыдыйӕ ард куы бахӕра, адӕм ӕнӕрхъуыдыйӕ ард куыд бахӕрынц, афтӕ ӕмӕ фыццаг, цы бакодта, уый куы не ’мбара, фӕлӕ йӕм фӕстӕдӕр куы бахъара — азымджын уыдзӕн.

5 Ацы хъуыддӕгтӕй искӕцыйы тыххӕй чи фӕазымджын уа, уый-иу йӕ тӕригъӕдыл басӕттӕд.

6 Йӕ азымы тыххӕй Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕд фыс кӕнӕ сӕгъ. Сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн йӕ тӕригъӕдӕй.

7 Кӕд йӕ къух нӕ амона нывондӕн фыс ӕрхӕссын, уӕд та йӕ тӕригъӕды тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбахӕссӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны, сӕ иу — тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн.

8 Сауджынмӕ сӕ раттӕд, ӕмӕ-иу уый раздӕр тӕригъӕды нывонд ӕрхӕссӕд. Сауджын маргъӕн йӕ къубал фездухӕд, фӕлӕ йын йӕ сӕр ма фӕхицӕн кӕнӕд.

9 Йӕ тугӕй йын нывондхӕссӕны фарс бапырх кӕнӕд, цы ма дзы баззайа, уый та нывондхӕссӕны рӕбынмӕ ралӕдарӕд. Уый у тӕригъӕды нывонд.

10 Дыккаг маргъы та сауджын, куыд ӕмбӕлы, афтӕ иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕссӕд. Афтӕмӕй сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.

11 Кӕд йӕ къух нӕ амона дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны нывондӕн ӕрхӕссын, уӕд тӕригъӕд сыгъдӕггӕнӕн нывондӕн ӕрбахӕссӕд хуын — мӕнӕуы ссад, ефӕйы дӕсӕймаг хай. Ӕрмӕст ыл уӕлейӕ оливӕйы сой ма ӕркӕнӕд ӕмӕ йыл буд ма сӕвӕрӕд, уымӕн ӕмӕ уый тӕригъӕды нывонд у.

12 Ӕрбахӕссӕд ӕй сауджынмӕ, ӕмӕ дзы уый армыдзаг сисӕд, нывондхӕссӕныл ӕй басудзӕд Дунедарӕджы номыл, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у тӕригъӕды нывонд.

13 Афтӕ сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн. Хуынӕй ма цы баззайа, уый та, хойраджы хуынӕй цы баззайы, уыйау сауджыны хай у».


Фиддоны нывӕндтӕ

14 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:

15 «Исчи ӕнӕбары, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд чындӕуыд, уыдонӕй истӕй ныхмӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд йӕ азымы тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыр ӕмӕ йӕ ӕрхӕссӕд фиддоны нывондӕн. Аргъгонд ын хъуамӕ ӕрцӕуа кувӕндоны ӕвзист шекелтӕй.

16 Уаз цы у, уымӕ фӕныхилгӕйӕ, цы зиан ӕрхаста, уымӕн йӕ аргъ сауджынӕн бафидӕд, ноджы ма йӕм йӕ аргъы фӕндзӕм хай бафтауӕд, афтӕмӕй. Сауджын фыс фиддоны нывондӕн ӕрхӕсдзӕн ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.

17 Исчи тӕригъӕды куы бацӕуа, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы ракӕна, уӕд уыдзӕн азымджын.

18 Ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыр ӕмӕ йын йӕ аргъ сауджынӕн бафидӕд — фиддоны нывондӕн. Сауджын уыцы адӕймаджы тыххӕй сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ, ӕнӕрхъуыдыйӕ цы сарӕзта, уый йын уыдзӕни барст.

19 Уый у фиддоны нывонд, адӕймаг Дунедарӕджы раз кӕй фӕазымджын ис, уый тыххӕй».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan