Левит 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстТӕригъӕды нывӕндтӕ 1 Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, 2 цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа: «Исчи Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы ракӕна, 3 алчер тӕригъӕды куы бацӕуа, ӕмӕ уый аххосӕй ӕппӕт адӕм дӕр азымджын куы фӕуой, уӕд Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат гал. 4 Ӕрлӕууын ӕй кӕнӕд Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цур, Дунедарӕджы раз. Йӕ къух галы сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй аргӕвдӕд Дунедарӕджы раз. 5 Уый фӕстӕ алчер галы тугӕй сисӕд, Фембӕлды Цатырмӕ йӕ бахӕссӕд 6 ӕмӕ дзы йе ’нгуылдзӕй Дунедарӕджы раз, Рухсмонуаты ӕмбӕрзӕны цур, авд хатты бапырх кӕнӕд. 7 Фембӕлды Цатыры мидӕг Дунедарӕджы раз цы будсудзӕн нывондхӕссӕн ис, уымӕн дӕр йӕ сыкъатӕ галы тугӕй сахорӕд. Тугӕй ма цы баззайа, уый иууылдӕр, Цатыры къӕсӕры раз цы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн ис, уый рӕбын акалӕд. 8 Кусарты фиутӕ иууылдӕр фӕхицӕн кӕнӕд: хуылфыдзаумӕтты фиу, 9 уыргтӕ ӕд фиу, ӕгъдты фиу, стӕй игӕры ӕфтуанхай. 10 Фидыды нывондӕн цы гал ӕрхӕссынц, уымӕн куыд бакӕнынц, афтӕ сӕ ацы галӕн дӕр фӕхицӕн кӕнӕд ӕмӕ сӕ иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕныл басудзӕд. 11 Кусарты царм, фыд, сӕр, къӕхтӕ, хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ тъӕнгты чъизитӕ — 12 цы ма дзы баззайа, уыдон иууылдӕр рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ, фӕнык кӕдӕм фӕкалынц, уыцы сыгъдӕг ранмӕ ахӕссӕд. Уым хъуамӕ сыгъд ӕрцӕуой. 13 Израилы адӕм се ’ппӕт дӕр, сӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ бафиппайдтой, афтӕмӕй ӕнӕбары тӕригъӕды куы бацӕуой, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты куы ахизой, куы фӕазымджын уой 14 ӕмӕ сын сӕ азым куы бацамындӕуа, уӕд тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕнт гал ӕмӕ йӕ Фембӕлды Цатыры раз ӕрлӕууын кӕнӕнт. 15 Дунедарӕджы раз адӕмы хистӕртӕ сӕ къухтӕ галы сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт, стӕй йӕ аргӕвдӕнт. 16 Алчер галы туг Фембӕлды Цатырмӕ бахӕссӕд 17 ӕмӕ дзы йе ’нгуылдзӕй авд хатты бапырх кӕнӕд мидӕмбӕрзӕны цур, Дунедарӕджы раз. 18 Фембӕлды Цатыры мидӕг цы нывондхӕссӕн ис Дунедарӕджы раз, уымӕн дзы йӕ сыкъатӕ сахорӕд. Тугӕй ма цы баззайа, уый та Цатыры къӕсӕры раз, иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд. 19 Кусартӕн йӕ фиутӕ фӕхицӕн кӕнӕд ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд. 20 Ацы галӕн дӕр, тӕригъӕды нывондӕн цы гал ӕрхӕссынц, уымӕн цы ’мбӕлы, ӕппӕт уыдӕттӕ бакӕнӕд. Афтӕмӕй алчер сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ сын уӕд уыдзӕни барст. 21 Галӕн йӕ мард та рӕсӕнуатӕй хъӕуы рахӕссын ӕмӕ басудзын, алчерӕн йӕхи тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн цы галы ӕрхастӕуа, уымӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Уый у адӕмы тӕригъӕды тыххӕй хаст нывонд. 22 Хицау тӕригъӕды куы бацӕуа, Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы сараза, куы фӕазымджын уа 23 ӕмӕ йӕ азым куы сбӕрӕг уа, уӕд нывондӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат цӕу. 24 Йӕ къух цӕуы сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй, Дунедарӕджы раз иууылсудзинӕгтӕ кӕм фергӕвдынц, уыцы ран аргӕвдӕд. Уый у тӕригъӕды нывонд. 25 Сауджын йе ’нгуылдзыл тӕригъӕды нывонды тугӕй сисӕд ӕмӕ дзы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахорӕд. Иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд. 26 Кусартӕн йӕ нӕрдтӕ та нывондхӕссӕныл басудзӕд, фидыды нывонды нӕрдтӕ куыд басудзынц, афтӕ. Уыйадыл сауджын тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ хицауӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн. 27 Адӕмӕй исчи тӕригъӕды куы бацӕуа, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы ракӕна, куы фӕазымджын уа 28 ӕмӕ йӕ азым куы сбӕрӕг уа, уӕд йӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат сӕгъ. 29 Тӕригъӕды нывонды сӕрыл йӕ къух ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй, иууылсудзинӕгтӕ кӕм фергӕвдынц, уым аргӕвдӕд. 30 Сауджын нывонды тугӕй йе ’нгуылдзыл сисӕд ӕмӕ дзы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахорӕд, иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд. 31 Уый фӕстӕ сауджын кусарты нӕрдтӕ фӕхицӕн кӕнӕд, фидыды нывондӕн куыд бакӕнынц, афтӕ, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн. Афтӕмӕй сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн. 32 Уыцы адӕймаг йӕ тӕригъӕды тыххӕй фыс куы хӕсса нывондӕн, уӕд ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыс. 33 Йӕ къух тӕригъӕды нывонды сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй, иууылсудзинӕгтӕ кӕм фергӕвдынц, уым аргӕвдӕд. 34 Сауджын нывонды тугӕй йе ’нгуылдзыл сисӕд ӕмӕ дзы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахорӕд, иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд. 35 Уый фӕстӕ сауджын нывондӕн йӕ нӕрдтӕ иууылдӕр рахицӕн кӕнӕд, фидыды нывондӕн куыд бакӕнынц, афтӕ ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд Дунедарӕджы номыл. Афтӕмӕй сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уӕд уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia