Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Левит 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Фидыды нывӕндтӕ

1 Исчи фидыды нывонд стурвосӕй куы хӕсса, гал кӕнӕ хъуг, уӕд Дунедарӕджы размӕ ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат кусӕрттаг.

2 Йӕ къух ын йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цур аргӕвдӕд. Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ та йын йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт.

3 Фидыды нывондӕн йӕ хуылфыдзаумӕтты фиу иууылдӕр Дунедарӕгӕн ӕрхӕссӕд арты нывондӕн,

4 стӕй уыргтӕ дӕр, ӕгъдтыл цы фиу ис, уыимӕ. Уыргтимӕ рахицӕн кӕнын хъӕуы игӕры ӕфтуанхай дӕр.

5 Аароны байзӕддӕгтӕ уыдон иууылдӕр нывондхӕссӕныл басудзӕнт, сугты сӕрыл цы иууылсудзинаг ӕвӕрд ис, уыимӕ, — уый у арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.

6 Дунедарӕгӕн фидыды нывонд чи хӕсса лыстӕг фосӕй — мадӕл кӕнӕ нӕл, уый-иу ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат кусӕрттаг.

7 Фыс куы хӕсса нывондӕн, уӕд ӕй ӕрбакӕнӕд Дунедарӕджы размӕ.

8 Йӕ къух ын йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ Фембӕлды Цатыры цур аргӕвдӕд, стӕй йын Аароны байзӕддӕгтӕ йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт.

9 Фидыды нывондӕн йӕ фиу иууылдӕр Дунедарӕгӕн арты нывондӕн ӕрхӕссӕд: кусарты дымӕг ӕнӕхъӕнӕй (йӕ тӕккӕ рӕбыныл ӕй рагъыстӕгӕй фӕхицӕн кӕнӕд, афтӕмӕй), хуылфыдзаумӕтты фиу,

10 уыргтӕ ӕд фиу, ӕгъдтыл цы фиу ис, уый, стӕй игӕры ӕфтуанхай.

11 Сауджын сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уыдон арты хойраг сты — Дунедарӕгӕн хаст нывонд.

12 Сӕгъ нывондӕн чи хӕсса, уый йӕ Дунедарӕджы размӕ ӕрбакӕнӕд.

13 Йӕ къух ын йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ Фембӕлды цатыры цур аргӕвдӕд, стӕй йын Аароны байзӕддӕгтӕ йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт.

14 Хуылфыдзаумӕтты фиу иууылдӕр Дунедарӕгӕн арты нывондӕн ӕрхӕссӕд,

15 стӕй уыргтӕ, ӕгъдтыл цы фиу ис, уыимӕ, ӕмӕ игӕры ӕфтуанхай.

16 Сауджын сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уыдон сты арты хойраг — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн. Фиутӕ иууылдӕр Дунедарӕджы хай сты.

17 Уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: кӕмдӕриддӕр цӕрат, кусарты фиутӕ ӕмӕ тугӕй уӕхи макуы фӕхъӕстӕ кӕнут».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan