Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Левит 27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Дунедарӕгӕн, сомы ракӕнгӕйӕ, цы снывонд кӕнынц, уыдӕтты тыххӕй

1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:

2 «Фехъусын кӕн израилӕгтӕн: исчи Дунедарӕгӕн адӕймаджы снывонд кӕнынӕй куы расомы кӕна ӕмӕ йӕ, уыцы адӕймагӕн йӕ аргъ цас у, уый бӕрц бафидын куы хъӕуа,

3 уӕд ссӕдз азӕй ӕртиссӕдз азы онг нӕлгоймагӕн йӕ аргъ уӕд дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕвзист шекелы, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ.

4 Кӕд сылгоймаг у, уӕд та — дӕс ӕмӕ ссӕдз шекелы.

5 Фондз азӕй ссӕдз азы онг нӕлгоймагӕн йӕ аргъ уӕд ссӕдз шекелы, сылгоймагӕн та — дӕс шекелы.

6 Мӕйдзыдӕй фондз азы онг лӕппуйӕн йӕ аргъ уӕд фондз шекелы, чызгӕн та — ӕртӕ шекелы.

7 Ӕртиссӕдз азӕй уӕлӕмӕ цы нӕлгоймагыл цӕуы, уымӕн йӕ аргъ — фынддӕс шекелы, сылгоймагӕн та — дӕс шекелы.

8 Кӕд ӕмӕ, сомы чи ракодта, уый мӕгуыр у ӕмӕ нысангонд аргъ йӕ бон бафидын нӕу, уӕд ӕй сауджынмӕ ӕрбакӕнын хъӕуы, цӕмӕй сауджын, цы йӕм ис, уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кӕна, цас ын фидгӕ у, уый.

9 Исчи Дунедарӕгӕн фос нывондӕн ӕрхӕссынӕй куы расомы кӕна, уӕд уыцы фос, Дунедарӕгӕн лӕвӕрд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ суыдзӕни уаз.

10 Ӕндӕрӕй йын баивӕн нӕй: хорзӕн — ӕвзӕрӕй, ӕвзӕрӕн та — хорзӕй. Исчи фос фосӕй куы баива, уӕд сӕ дыууӕ дӕр суыдзысты уаз.

11 Исчи, Дунедарӕгӕн нывондӕн хӕссын кӕй не ’мбӕлы, ахӕм ӕнӕсыгъдӕг фос нывондӕн ӕрхӕссынӕй куы расомы кӕна, уӕд-иу ӕй сауджынмӕ ӕрбакӕнӕд.

12 Сауджын фосӕн, хорз ӕви ӕвзӕр у, уымӕ гӕсгӕ аргъ скӕнӕд. Куыд ын саргъ кӕна, афтӕ уыдзӕн.

13 Уыцы фосы йӕ хицау фӕстӕмӕ балхӕнинаг куы уа, уӕд ма-иу ын йӕ аргъмӕ йӕ фӕндзӕм хай дӕр бафтауӕд.

14 Исчи йӕ хӕдзар Дунедарӕгӕн куы снывонд кӕна, уӕд-иу ын сауджын, хорз ӕви ӕвзӕр у, уымӕ гӕсгӕ аргъ скӕнӕд. Куыд ын саргъ кӕна, афтӕ уӕд.

15 Фӕлӕ йӕ хӕдзар чи снывонд кодта, уый йӕ фӕстӕмӕ балхӕнинаг куы уа, уӕд-иу ын йӕ аргъмӕ бафтауӕд йӕ фӕндзӕм хай, ӕмӕ хӕдзар фӕстӕмӕ йӕхи бауыдзӕн.

16 Исчи йӕ зӕххы хай Дунедарӕгӕн куы снывонд кӕна, уӕд ын саргъ кӕнын хъӕуы йӕ тауинаджы бӕрцмӕ гӕсгӕ: хъӕбӕрхоры хомерӕн — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз шекелы ӕвзист.

17 Ӕрдӕгсӕдӕйон азы йӕ куы нывонд кӕна, уӕд дӕр-иу йӕ аргъ уӕд уый бӕрц.

18 Ӕрдӕгсӕдӕйон азы бӕрӕгбоны фӕстӕ йӕ куы нывонд кӕна, уӕд та-иу сауджын нысангонд аргъ фӕкъаддӕр кӕнӕд, иннӕ Ӕрдӕгсӕдӕйон азмӕ ма цал азы баззад, уый хынцгӕйӕ.

19 Йӕ зӕххы хай чи снывонд кодта, уый йӕ фӕстӕмӕ балхӕнинаг куы уа, уӕд ма-иу нысангонд аргъмӕ бафтауӕд йӕ фӕндзӕм хай, ӕмӕ зӕхх фӕстӕмӕ йӕхи бауыдзӕн.

20 Фӕлӕ йӕ зӕхх фӕстӕмӕ куынӕ балхӕна ӕмӕ ӕндӕр искӕмӕн уӕйгонд куы ’рцӕуа, уӕд ын фӕстӕмӕ балхӕнӕн нал уыдзӕн.

21 Ӕрдӕгсӕдӕйон азы уыцы зӕххы хай куы суӕгъд уа, уӕд суыдзӕни уаз, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд кодтой, бавналын ӕм хӕрам у, зӕгъгӕ, кӕмӕй фӕзӕгъынц, ахӕм зӕхх, ӕмӕ сауджынты исбон бауыдзӕн.

22 Исчи Дунедарӕгӕн кӕмӕйдӕр ӕлхӕд зӕххы хай куы снывонд кӕна, йӕхи исбон чи нӕ уыдис, ахӕм,

23 уӕд-иу ын сауджын йӕ аргъ банымайӕд, Ӕрдӕгсӕдӕйон азмӕ ма цал азы баззад, уый хынцгӕйӕ, ӕмӕ йын тӕккӕ уыцы бон йӕ аргъ бафидӕд; уый у уаз мысайнаг Дунедарӕджы номыл.

24 Зӕхх та, Ӕрдӕгсӕдӕйон аз куы ралӕууа, уӕд фӕстӕмӕ, кӕмӕй ӕлхӕд ӕрцыд ӕмӕ кӕй зӕххы хай уыди, уый исбон бауыдзӕн.

25 Нысангонд ӕргътӕ иууылдӕр хъуамӕ нымад цӕуой кувӕндоны шекелтӕй, алы шекелы дӕр — ссӕдз герайы.

26 Фосы фыццаг цӕуӕт Дунедарӕгӕн снывонд кӕнын никӕй бон у, уымӕн ӕмӕ фыццаггуырдтӕ афтӕ дӕр Йӕ исбон сты. Гал уа ӕви фыс — Дунедарӕджы исбон у.

27 Фӕлӕ ӕнӕсыгъдӕг фосы фыццаг цӕуӕт фӕстӕмӕ балхӕнӕн уыдзӕн, нысангонд аргъмӕ ма йӕ фӕндзӕм хай бафтаугӕйӕ. Фӕстӕмӕ ӕлхӕд куынӕ ӕрцӕуа, уӕд та йӕ нысангонд аргъыл ауӕй кӕнын хъӕудзӕн.

28 Дӕ исбонӕй цӕмӕйдӕриддӕр басомы кӕнай, Дунедарӕгӕн ӕй снывонд кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, — адӕймаг уа, фос ӕви зӕххы хай, — уымӕн нӕдӕр ауӕйгӕнӕн ис, нӕдӕр фӕстӕмӕ балхӕнӕн. Сомы ракӕнгӕйӕ, цыдӕриддӕр снывонд чындӕуыд, уый Дунедарӕджы у, иууылуаз.

29 Сомы ракӕнгӕйӕ, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд кодтой, уыцы адӕймаджы фӕстӕмӕ балхӕнӕн нӕй: хъуамӕ мард ӕрцӕуа.

30 Зӕхх цы тыллӕг дӕтты — хор уа ӕви бӕлӕсты дыргътӕ уой — алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай у Дунедарӕджы исбон — иууылуаз.

31 Йӕ фӕллойы дӕсӕймаг хай фӕстӕмӕ чи ӕлхӕна, уый-иу нысангонд аргъмӕ бафтауӕд йӕ фӕндзӕм хай.

32 Алы стурвос ӕмӕ лыстӕг фосы дӕсӕймаг хай дӕр — дӕсӕймаг хайы гакк кӕуыл ӕвӕрд ӕрцыд, уыдон сты Дунедарӕджы уаз хай.

33 Хорз фосы нӕй ӕвзӕр фосӕй хицӕнгӕнӕн, ивӕн дӕр сын нӕй. Исчи фос фосыл куы баива, уӕд сӕ дыууӕ дӕр суыдзысты уаз, ӕмӕ сын нӕй фӕстӕмӕ балхӕнӕн».

34 Адон сты, Дунедарӕг Синайы хохыл Моисейӕн, цӕмӕй сӕ израилӕгтӕ ӕххӕст кӕной, уый тыххӕй кӕй радта, уыцы фӕдзӕхстытӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan