Левит 26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстӔгъдауы сӕйрагдӕр домӕнтӕ 1 Уӕхицӕн гуымирытӕ ма аразут, хуыцаугӕндтӕ, табуйаг дурцӕджындзтӕ ӕмӕ нывӕфтыд дуртӕ ма ӕвӕрут, цӕмӕй сӕм куват, уый тыххӕй. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау. 2 Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ кад кӕнут Мӕ Уаз Цӕрӕнӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн. Хуыцауы хорзӕх 3 Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕнувыдӕй куы ӕххӕст кӕнат, 4 уӕд уын афоныл ӕрвитдзынӕн къӕвдатӕ, ӕмӕ уын зӕхх дӕтдзӕни тыллӕг, бӕлӕстӕ та — дыргътӕ. 5 Уӕ найгӕнӕнтӕ-иу суанг сӕнӕфсир тоныны афонтӕм ахӕццӕ уыдзысты; уӕ сӕнӕфсир-иу тынд нӕма фӕуыдзӕн, афтӕ-иу хортауӕн афон ралӕудзӕн. Хойрагӕй уыдзыстут ӕфсӕст ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзыстут уӕ зӕххыл. 6 Уӕ зӕххӕн уын сабырдзинад ратдзынӕн: куы-иу бафынӕй уат, уӕд уӕ хъыгдарӕг нӕ уыдзӕн. Уӕ зӕххӕй уын тугдзых сырдты фӕсурдзынӕн, фыдгулы кардӕй хызт уыдзӕни уӕ бӕстӕ. 7 Уӕхӕдӕг уе знӕгты уӕ разӕй айсдзыстут ӕмӕ сӕ кардӕй ныццӕгъддзыстут. 8 Фондзӕй-иу фӕсурдзыстут фондзыссӕдзы, фондзыссӕдзӕй та — дӕс мины, уӕ фыдгултӕ-иу уӕ карды амӕттаг бауыдзысты. 9 Ӕз уыл ауддзынӕн, зӕнӕгджын уӕ скӕндзынӕн, сбирӕ уӕ кӕндзынӕн ӕмӕ, уемӕ цы фидыд сарӕзтон, уый нӕ фехалдзынӕн. 10 Уӕ хойраджы фӕстауӕрц-иу хӕрд нӕма ӕрцӕудзӕн, афтӕ-иу уын калинаг фӕуыдзӕн, уымӕн ӕмӕ-иу ног тыллӕгӕн бынат суӕгъд кӕнын бахъӕудзӕн. 11 Мӕ цӕрӕн ӕрӕвӕрдзынӕн уе ’хсӕн, ӕлгъ уыл нӕ кӕндзынӕн. 12 Ӕз уе ’хсӕн цӕрдзынӕн ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау, сымах та уыдзыстут Мӕ адӕм. 13 Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй уӕ Чи ракодта, Уый, — цӕмӕй мысырӕгтӕн цагъартӕ мауал уат. Ӕз уын уе ’фсондз ныссастон, цӕмӕй сӕргуыбырӕй ма цӕуат. Хуыцауы азар 14 Фӕлӕ Мӕм куынӕ байхъусат ӕмӕ уын цыдӕриддӕр фӕдзӕхсын, уыдон куынӕ ӕххӕст кӕнат, 15 Мӕ уагӕвӕрдтыл Мын уӕхи куы атигъ кӕнат ӕмӕ Мын Мӕ амындтытыл ӕлгъ куы кӕнат, уемӕ кӕй сарӕзтон, уыцы фидыд куы фехалат, 16 уӕд уын Ӕз мӕнӕ цы бакӕндзынӕн: тарниз ӕмӕ уыл тӕвдниз бафтаудзынӕн, уӕ цӕстыты рухс баталынг уыдзӕн, ӕмӕ удхарӕй мӕлдзыстут. Уӕ хуымтӕ-иу байтаудзыстут дзӕгъӕлы: уӕ фыдгултӕ-иу бахӕрдзысты уӕ тыллӕг. 17 Мӕ азары хай уӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыл уе знӕгтӕ фӕуӕлахиз уыдзысты; ӕлдариуӕг уын кӕндзысты, ӕмӕ уӕ сургӕ ничи кӕндзӕн, афтӕмӕй лидздзыстут. 18 Кӕд мӕм уый фӕстӕ дӕр нӕ байхъусат, уӕд уӕ авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй. 19 Ӕз уын басӕтдзынӕн уӕ сӕрыстырдзинад, уӕ сӕрмӕ уын арв ӕфсӕны хуызӕн скӕндзынӕн, уӕ къӕхты бын зӕхх та — ӕрхуыйы ’нгӕс. 20 Бынтон дзӕгъӕлы хардз кӕндзыстут уӕ хъару — уӕ зӕххыл тыллӕг нал ӕрзайдзӕн, уӕ бӕлӕстӕ дыргъ нал ратдзысты. 21 Кӕд ма уый фӕстӕ дӕр Мӕ ныхмӕ рацӕуат ӕмӕ Мӕм нӕ хъусат, уӕд уӕ авд хатты тынгдӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй. 22 Хъӕддаг сырдты уыл бафтаудзынӕн, ӕмӕ уӕ ӕнӕ цотӕй ныууадздзысты, уӕ фос уын ныццӕгъддзысты. Афтӕ уӕ скуынӕг кӕндзысты, ӕмӕ уӕ фӕндӕгтыл цӕуӕг нал уыдзӕн. 23 Кӕд ма уӕм уый фӕстӕ дӕр хуыздӕр зонд не ’рцӕуа ӕмӕ та Мӕ ныхмӕ рацӕуат, 24 уӕд Ӕз дӕр рацӕудзынӕн уӕ ныхмӕ ӕмӕ уӕ авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй. 25 Мӕ фидыд Мын кӕй фехӕлдтат, уый тыххӕй уӕ карды амӕттаг бакӕндзынӕн. Уӕ сахарты куы бамбӕхсат, уӕд та уыл бафтаудзынӕн емынӕ, ӕмӕ уе знӕгты къухтӕм бахаудзыстут. 26 Хойрагӕй уӕ ӕнӕхай фӕкӕндзынӕн, уӕ сылгоймӕгтӕ дӕсӕй иу пецы дзул фыцдзысты. Тӕразыл барстӕй уын дзул дӕтдзысты, ӕмӕ хӕрдзыстут, фӕлӕ не ’фсӕддзыстут. 27 Уый фӕстӕ дӕр ма Мӕм куынӕ байхъусат ӕмӕ та Мӕ ныхмӕ куы рацӕуат, 28 уӕд уӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй. 29 Уӕ фырттӕ ӕмӕ чызджытӕн сӕ фыд хӕрынмӕ ’рцӕудзыстут. 30 Уӕ кувӕн къуыбыртӕ уын ныппырх кӕндзынӕн, уӕ будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ уын ныззыгуым кӕндзынӕн; уӕ мӕрдтӕ уын уӕ гуымирыты сӕстытыл ныккалдзынӕн ӕмӕ уыл ӕлгъ кӕндзынӕн. 31 Уӕ сахартӕ уын хӕлӕттаг фӕкӕндзынӕн, уӕ кувӕндӕттӕ уын сафтид кӕндзынӕн, уӕ нывӕндтӕ уын нал айсдзынӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн. 32 Уӕ зӕхх уын афтӕ сафтид кӕндзынӕн, ӕмӕ йыл уе знӕгтӕй чи ӕрцӕра, уыдон ныккӕрздзысты. 33 Сымах та адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ кардимӕ сурдзынӕн. Сафтид уыдзӕн уӕ зӕхх, уӕ сахартӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты. 34-35 Уӕд зӕхх йӕ сабаты азтӕ баххӕст кӕндзӕн. Цалынмӕ гӕныстонӕй лӕууа, сымах та уе знӕгты зӕххыл цӕрат, уӕдмӕ зӕхх, йӕ афоныл цы нӕ баулӕфыд, уый баулӕфдзӕн, ӕмӕ уӕд баххӕст уыдзысты йӕ сабаты азтӕ. 36-37 Чи ма уӕ аирвӕза, уыдонӕн знаджы зӕххытыл сӕ зӕрдӕты ахӕм тас бауадздзынӕн, ӕмӕ-иу сыфтӕры сыбар-сыбурӕй дӕр лидзӕг фӕуыдзысты, раст сӕм цыма кардӕй ӕвзидынц, уыйау. Фӕсте сӕ ничи сурдзӕн, афтӕмӕй ахаудзысты зӕххыл. 38 Ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн бабын уыдзыстут, уӕ фыдгулты зӕхх уӕ аныхъуырдзӕн. 39 Чи ма уӕ аирвӕза, уыдон та фыдгулты зӕххытыл уӕлхъӕдӕй бамбидзысты, сӕхи ӕмӕ сӕ фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй. 40 Ӕмӕ уӕд басӕтдзысты сӕхи ӕмӕ сӕ фыдӕлты азымыл — иузӕрдион Мыл кӕй нӕ разындысты ӕмӕ Мӕ ныхмӕ кӕй рацыдысты, ууыл. 41 Ӕз дӕр сӕ ныхмӕ уый тыххӕй рацыдтӕн, се знӕгты зӕхмӕ сӕ фӕсырдтон. Се ’нӕсунӕтгонд зӕрдӕтӕ куы басӕттой, уӕд уымӕй бафиддзысты сӕ азым, 42 ӕмӕ Ӕз ӕрымысдзынӕн Мӕ фидыд Йаковимӕ, Мӕ фидыд Исаакимӕ ӕмӕ Мӕ фидыд Авраамимӕ. Мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕн, сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сын сӕ байзӕддӕгтӕн дӕр зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтон, уый. 43 Ацы зӕхх куы ныууадзой ӕмӕ куы сафтид уа, уӕд йӕ сабаты азтӕ баххӕст кӕндзӕн, цалынмӕ уыдон сӕ тӕригъӕдтӕ фидой, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ амындтытыл сӕхи атигъ кодтой, Мӕ уагӕвӕрдтыл ӕлгъ кодтой. 44 Фӕлӕ сыл Ӕз, се знӕгты зӕххыл куы уой, уӕд дӕр Мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн ӕмӕ сыл ӕлгъ нӕ кӕндзынӕн. Ӕз сӕ нӕ фесафдзынӕн ӕмӕ Мӕ фидыд нӕ фехалдзынӕн семӕ, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, сӕ Хуыцау. 45 Сӕ фыдӕлты сын Ӕз адӕмты раз ракодтон Мысырӕй, цӕмӕй уон сӕ Хуыцау, ӕмӕ сӕ сӕраппонд, семӕ цы фидыд сарӕзтон, уый ӕрымысдзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн». 46 Ацы уагӕвӕрдтӕ, амындтытӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ Дунедарӕг израилӕгтӕн радта Синайы хохыл, Моисейы уылты. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia