Левит 24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстУаз Цӕрӕны цырӕгътӕ 1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2 «Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй дын оливӕйы сой ӕрбахӕссой цырагъӕн — сыгъдӕг, къухӕй лӕмӕрст чи у, ахӕм, цӕмӕй цырагъ кӕддӕриддӕр судза. 3 Аарон-иу йӕ хъус дарӕд, цӕмӕй Дунедарӕджы раз, Фембӕлды Цатыры, Фидыды Чырыны мидӕмбӕрзӕны ӕдде, изӕрӕй райсоммӕ цырӕгътӕ ма ахуыссой, уымӕ. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. 4 Дунедарӕджы раз сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд цырагъдарӕныл цы цырӕгътӕ ис, уыдонмӕ-иу ӕдзухдӕр йӕ хъус дарӕд. Кувинаг дзултӕ 5 Райс ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад ӕмӕ дзы сфыц дыууадӕс тӕнӕг дзулы, алы дзулыл дӕр ссад ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаг хайы куыд ацӕуа, афтӕ. 6 Дунедарӕджы раз-иу сӕ сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд фынгыл дыууӕ рӕнхъӕй ӕрӕвӕр, алы рӕнхъы дӕр ӕхсӕз дзулы куыд уа, афтӕ. 7 Алы рӕнхъӕн дӕр-иу йӕ фарсмӕ ӕрӕвӕр сыгъдӕг буд, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн, арты нывондӕн. 8 Дунедарӕджы раз сӕ ӕвӕрын хъӕуы алы сабаты дӕр, ӕдзухдӕр. Уый у мыггагмӕйы фӕдзӕхст израилӕгтӕн. 9 Уыдон уыдзысты Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай. Хӕрдзысты сӕ уаз бынаты, уымӕн ӕмӕ уый у иууылсыгъдӕг, Дунедарӕджы номыл хаст кувинӕгты ӕхсӕн уый сӕ хай у». Дунедарӕджы чи фауа, уый ӕфхӕрд баййафдзӕн 10-11 Израилӕгты рӕсӕнуаты уыдис иу лӕг, йӕ мад — израилаг, йӕ фыд — мысыраг. Йӕ мад Шеломит уыди Даны хӕдзарвӕндагӕй, Диврийы чызг. Уыцы лӕг фӕхыл ис ӕндӕр израилагимӕ ӕмӕ фаудта Дунедарӕджы ном. 12 Ахӕстоны йӕ дардтой ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты Дунедарӕджы уынаффӕмӕ. 13 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 14 «Уыцы фауӕджы рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ ракӕн. Чидӕриддӕр ӕй фехъуыста, уыдон ын сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт ӕмӕ йӕ адӕм дурты бын фӕкӕнӕнт. 15 Израилӕгтӕн зӕгъ: „Йӕ Хуыцауы чидӕриддӕр ралгъита, уый йӕ тӕригъӕды тыххӕй ӕфхӕрд баййафдзӕн. 16 Дунедарӕджы ном чи рафауа, уый мард ӕрцӕуӕд: адӕм-иу ӕй иумӕ дурты бын фӕкӕнӕнт. Ӕрцӕуӕггаг ӕви бынӕттон цӕрӕг уа, — Дунедарӕджы ном чи рафауа, уый хъӕуы амарын. 17 Адӕймаджы чи амара, уый мард ӕрцӕуӕд. 18 Искӕй фосӕй чи амара, уый йӕ бафидӕд, сӕр сӕры ныхмӕ. 19 Йӕ адӕмӕй искӕй чи фӕсахъат кӕна, уымӕн йӕхицӕн дӕр афтӕ бакӕнын хъӕуы: 20 стӕгсасты ныхмӕ — стӕгсаст, цӕст — цӕсты ныхмӕ, дӕндаг — дӕндаджы ныхмӕ. Искӕй куыд фӕсахъат кодта, афтӕ йын йӕхи дӕр хъӕуы фӕсахъат кӕнын. 21 Фос чи амара, уый йӕ бафидӕд, адӕймаджы чи амара, уый та мард ӕрцӕуӕд. 22 Ӕрцӕуӕггагӕн дӕр ӕмӕ бынӕттон цӕрӕгӕн дӕр уӕм иу ӕгъдау уӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау“». 23 Моисей уыдӕттӕ израилӕгтӕн радзырдта, ӕмӕ уыдон бакодтой, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ: ӕлгъитӕджы рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ ракодтой ӕмӕ йӕ дурты бын фӕкодтой. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia