Левит 21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстСауджыны сыгъдӕгдзинады тыххӕй 1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фехъусын кӕн сауджынтӕн — Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн: сауджын йӕхи йӕ хӕстӕджы мардмӕ баввахс кӕнынӕй ма фӕчъизи кӕнӕд, 2 хӕрз хион — мад, фыд, фырт, чызг, ӕфсымӕр 3 кӕнӕ, нырма йемӕ иу хӕдзары чи цӕры, ахӕм ӕнӕмойгонд хо ма уӕд, уый йеддӕмӕ. 4 Иннӕ хӕстӕджытӕй йын йӕхи никӕй тыххӕй фӕчъизи кӕнӕн ис. 5 Сауджынтӕн сӕ сӕр дасын, сӕ зачъетӕ цыбыр кӕнын ӕмӕ сӕ буар лыгтӕ кӕнын не ’мбӕлы. 6 Уаз уӕнт сӕ Хуыцауы раз ӕмӕ сӕ Хуыцауы ном ма фӕчъизи кӕнӕнт, уымӕн ӕмӕ уыдон хӕссынц нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн, хойраг — сӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ хъуамӕ уой уаз. 7 Сауджын ма ракурӕд хӕтаг, чи фӕчъизи ис кӕнӕ йӕ лӕгӕй чи ахицӕн ис, ахӕм сылгоймаджы, уымӕн ӕмӕ уаз у Хуыцауы раз. 8 Сауджыны уазыл нымай, уымӕн ӕмӕ уый хӕссы хойраг дӕ Хуыцауӕн. Сауджынмӕ уазы цӕстӕй кӕс, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, сымах уаз Кӕй фӕрцы стут, Уый. 9 Сауджыны чызг хӕтынӕй куы фӕчъизи уа, уӕд йӕ фыды ӕгад кӕны, ӕмӕ йӕ арты басудзын хъӕуы. Сӕрмагонд домӕнтӕ алчертӕн 10 Йе ’рвад-ӕфсымӕрты ’хсӕн хистӕр цы сауджын у — йӕ сӕрыл сӕрдӕн сой уагъд кӕмӕн ӕрцыд ӕмӕ уаз чи сси, уаз дарӕс дарыны бар кӕмӕн ис, уымӕн не ’мбӕлы йӕ сӕрыхъуынтӕ уӕгъдӕй хӕссын, стӕй йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм рӕдувын. 11 Мард адӕймаг кӕм уа, уырдӕм ма бацӕуӕд: суанг йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды тыххӕй дӕр ын йӕхи фӕчъизи кӕнӕн нӕй. 12 Йӕ Хуыцауы Уаз Цӕрӕнӕй дӕр-иу ма рацӕуӕд ӕмӕ йӕ уымӕй ма фӕчъизи кӕнӕд, уымӕн ӕмӕ йӕ сӕрдӕн сойӕ снывонд чындӕуыд йӕ Хуыцауӕн. Ӕз — Дунедарӕг. 13 Алчер хъуамӕ ӕрмӕстдӕр ӕнӕцыд чызг ракура. 14 Нӕй йын ракурӕн нӕдӕр идӕдзы, нӕдӕр уагъд, хӕтаг кӕнӕ, чи фӕчъизи ис, ахӕм сылгоймаджы. Йӕ бон ракурын у ӕрмӕстдӕр ӕнӕцыд чызджы йӕхи мыггагӕй. 15 Науӕд йӕ байзӕддӕгты йӕ мыггаджы ’хсӕн фӕчъизи кӕндзӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы у, Уый». Сауджын суӕвыны бар кӕмӕн нӕй 16 Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Ааронӕн зӕгъа: 17 «Фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ дӕ байзӕддӕгтӕй истӕмӕй сахъат чи уа, уый нывӕндтӕ ма хӕссӕд йӕ Хуыцауӕн. 18 Иу сахъат дӕр нывондхӕссӕнмӕ хӕстӕг ма бацӕуӕд: нӕдӕр куырм, нӕдӕр къуылых, нӕдӕр, ӕнахъинон цӕсгом кӕмӕн ис, уый, нӕдӕр, цӕнкуыл чи у, 19 нӕдӕр, йӕ къах кӕнӕ йӕ къух саст кӕмӕн у, ахӕм, 20 нӕдӕр къуыпсин, нӕдӕр дӕлӕмӕдзыд, нӕдӕр урсцӕст, нӕдӕр хӕлмагджын, нӕдӕр уыдырнджын, нӕдӕр дзӕдӕл. 21 Аароны байзӕддӕгтӕй истӕмӕй сахъат чи уа, уыдонӕй иуӕн дӕр Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ хӕссӕн нӕй. Сахъатӕн Дунедарӕджы нывондхӕссӕнмӕ хойраг хӕссын не ’мбӕлы. 22 Йӕ Хуыцауы номыл хаст хойрагӕй, иууылуаз ӕмӕ йын уаз хуынтӕй хӕрыны бар ис. 23 Ӕрмӕст-иу ма бацӕуӕд ӕмбӕрзӕнмӕ, ма баввахс уӕд нывондхӕссӕнмӕ, уымӕн ӕмӕ сахъат у. Мӕ Уаз Цӕрӕн Мын ма фӕчъизи кӕнӕд. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы сты, Уый». 24 Моисей уыцы ныхӕстӕ фехъусын кодта Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, стӕй ӕппӕт израилӕгтӕн. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia