Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Левит 20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Уӕззау тӕригъӕдты тыххӕй ӕфхӕрд

1 Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа:

2 «Уӕхицӕй кӕнӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн куы ӕрхӕсса, уӕд мард ӕрцӕуӕд: адӕм ӕй дурты бын фӕкӕнӕнт.

3 Ӕз уыцы адӕймаджы Мӕ азары хай бакӕндзынӕн, фесафдзынӕн ӕй, йӕ адӕмы ’хсӕнӕй хъодыгонд ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн ӕрхаста. Уымӕй Мын фӕчъизи кодта Мӕ Уаз Цӕрӕн ӕмӕ фегад кодта Мӕ уаз ном.

4 Исчи йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн куы ӕрхӕсса ӕмӕ бӕстӕйы адӕм сӕхи ницыуынӕг куы скӕной, куынӕ йӕ амарой,

5 уӕд Ӕз уыцы адӕймаг ӕмӕ йӕ мыггаджы Мӕ азары хай бакӕндзынӕн, йӕхи дӕр ӕмӕ ма йемӕ хъахбайау Молохы фӕдыл чи цыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн, сӕ адӕмӕй фӕхъӕудзысты.

6 Мӕрдтӕмсидджытӕм ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм чи цӕуа, семӕ чи хӕта, уыдоны Мӕ азар баййафдзӕн.

7 Уаз ут ӕмӕ архайут сыгъдӕгӕй цӕрыныл, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.

8 Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын ӕххӕст кӕнут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы стут, Уый.

9 Йӕ мад кӕнӕ йӕ фыды чи ӕлгъиты, уый мард ӕрцӕуӕд. Йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды кӕй ралгъыста, уымӕ гӕсгӕ йӕ мӕлӕты аххосджын йӕхӕдӕг у.

10 Исчи искӕй усимӕ куы ӕрӕмуат уа, уӕд дыууӕйӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт — нӕлгоймаг дӕр ӕмӕ сылгоймаг дӕр.

11 Йӕ фыды бинойнагимӕ ӕмуат чи ӕрцӕуа, уый фегад кӕндзӕн йӕ фыды, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт. Сӕ мӕлӕты сӕхӕдӕг уыдзысты аххосджын.

12 Исчи йӕ чындзимӕ куы ӕрӕмуат уа, уӕд сӕ дыууӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт. Ӕлгъаг ми бакодтой ӕмӕ сӕ мӕлӕты сӕхӕдӕг уыдзысты аххосджын.

13 Сылгоймагимӕ ӕмуат куыд ӕрцӕуынц, афтӕ нӕлгоймаг ӕндӕр лӕгимӕ куы ӕрӕмуат уа, уӕд сӕ дыууӕ дӕр, ӕлгъаг ми кӕй бакодтой, уымӕ гӕсгӕ мард ӕрцӕуӕнт. Сӕ мӕлӕты сӕхӕдӕг уыдзысты аххосджын.

14 Исчи искӕцы сылгоймагӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ мады дӕр куы ракура, уӕд уый ӕнӕуаг ми у. Ӕртӕйӕ дӕр арты сыгъд ӕрцӕуӕнт, цӕмӕй уе ’хсӕн хъахбайдзинад ма уа.

15 Фосимӕ чи ӕриу уа, уый мард ӕрцӕуӕд. Фосы дӕр-иу амарут.

16 Сылгоймаг исты фосмӕ куы бацӕуа, цӕмӕй йемӕ ӕриу уа, уый тыххӕй, уӕд-иу сылгоймаджы дӕр ӕмӕ фосы дӕр амарут. Сӕ дыууӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт. Сӕ мӕлӕты сӕхӕдӕг уыдзысты аххосджын.

17 Исчи йӕ хойы куы ракура, иу фыд кӕнӕ иу мадӕй гуырд кӕимӕ у, ахӕмы ӕмӕ йемӕ куы ӕрӕмуат уа, уӕд уый стыр худинаг у, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт адӕмы раз ӕмӕ сӕ адӕмӕй фӕхъӕуӕнт. Йӕ хоимӕ ӕмуат кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕфхӕрд баййафа.

18 Исчи сылгоймагимӕ йе ’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд ын уымӕй раргом кӕндзӕн йӕ тугцыд; сылгоймаг дӕр афтӕмӕй ӕвдисы йӕ тугцыд, ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр амардзысты, сӕ адӕмы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзысты.

19 Йӕ мады хо кӕнӕ йӕ фыды хоимӕ ӕмуат мачи ӕрцӕуӕд, уымӕн ӕмӕ йӕ туг, йе стӕг сты. Ахӕм ми чи бакӕна, уыдон дыууӕйӕ дӕр азымджын уыдзысты.

20 Йӕ фыды ’фсымӕры усимӕ ӕмуат чи ӕрцӕуа, уый йӕ фыды ’фсымӕры фегад кӕндзӕн. Сӕ дыууӕ дӕр сӕ тӕригъӕды аххосӕй ӕфхӕрд баййафдзысты — ӕнӕзӕнӕгӕй амӕлдзысты.

21 Исчи йе ’фсымӕры усы куы ракура, уӕд уый ӕлгъаг ми у. Йе ’фсымӕры фегад кодта, ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй баззайдзысты.

22 Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнут, ӕмӕ уӕд, цӕрынмӕ уӕ цы зӕхмӕ кӕнын, уый уӕ нӕ раппардзӕн йӕхицӕй.

23 Уӕ цурӕй уын цы адӕмты сурын, уыдоны ӕгъдӕуттӕ ма бафӕзмут. Уыдон ӕппӕт уыдӕттӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй сӕм Мӕ маст рафыхти.

24 Сымахӕн та загътон: „Сӕ зӕхх сын уӕхи бакӕндзыстут. Ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъарынц, уыцы зӕхх уын исбонӕн ратдзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, иннӕ адӕмтӕй уӕ Чи фӕхицӕн кодта, Уый.

25 Сыгъдӕг цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргъты хицӕн кӕнут ӕнӕсыгъдӕг цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргътӕй. Ӕнӕсыгъдӕгыл нымайын уын кӕй бафӕдзӕхстон, уыдонӕй уӕхи ма фӕчъизи кӕнут: нӕдӕр цӕрӕгойтӕй, нӕдӕр мӕргътӕй, нӕдӕр хилӕгойтӕй.

26 Уаз ут Мӕ разы, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, уаз дӕн. Ӕз уӕ иннӕ адӕмтӕй фӕхицӕн кодтон, цӕмӕй уат Мӕн.

27 Нӕлгоймаг ӕви сылгоймаг уа, мӕрдтӕм куы сидой кӕнӕ дӕсны куы фӕрсой, уӕд мард ӕрцӕуӕнт: дурты бын-иу сӕ фӕкӕнӕнт. Сӕ мӕлӕты сӕхӕдӕг уыдзысты аххосджын“».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan