Левит 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХойраджы хуынтӕ 1 Дунедарӕгӕн хойраджы хуын чи хӕсса, уый хъуамӕ райса мӕнӕуы ссад, ӕркӕна йыл оливӕйы сой, ӕрӕвӕра йыл буд 2 ӕмӕ йӕ ӕрбахӕсса Аароны байзӕддӕгтӕм, сауджынтӕм. Сойхӕццӕ ссадӕй сауджын йӕ армы дзаг сисӕд, стӕй буд дӕр иууылдӕр райсӕд ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф. 3 Хойраджы хуынӕй ма цы баззайа, уый Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай у — иууылуаз, Дунедарӕджы хуынтӕй ист. 4 Пецы фых хойраджы хуын хъуамӕ уа мӕнӕуы ссадӕй: сойхӕццӕ ссадӕй донгонд гуылтӕ кӕнӕ сойӕ сӕрст донгонд лауаситӕ. 5 Алгъацы фых хойраджы хуын хъуамӕ уа сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй, донгонд хыссӕйӕ. 6 Дзул асӕстытӕ кӕн ӕмӕ йыл оливӕйы сой ауадз. Уый дын — хойраджы хуын. 7 Къуырф тебӕйы фых хойраджы хуын хъуамӕ уа сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй. 8 Дунедарӕджы номыл конд хойраджы хуын ӕрбахӕсс ӕмӕ йӕ сауджынмӕ ратт. Уый йӕ бахӕсдзӕн нывондхӕссӕнмӕ. 9 Хуынӕн йӕ иу хай нывондхӕссӕныл басудздзӕн, иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф. 10 Цы ма дзы баззайа, уый Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай у — иууылсыгъдӕг, Дунедарӕджы хуынтӕй ист. 11 Дунедарӕгӕн ӕнхъизӕнджын хойраджы хуынтӕ ма хӕссут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр ӕнхъизӕнджын хойраг, нӕдӕр мыд Дунедарӕгӕн арты нывондӕн хӕссын ӕмбӕлы. 12 Уыдон ын уӕ хоры сӕртимӕ хӕссут, фӕлӕ сӕ нывондхӕссӕныл ӕхцон хӕрздӕфы номыл ма судзут. 13 Дӕ алы хойраджы хуыныл дӕр хъуамӕ цӕхх уа, ӕдзӕххӕй йӕ ма ныууадз, уымӕн ӕмӕ цӕхх нысан кӕны, дӕ Хуыцауы фидыд демӕ мыггагмӕ кӕй ис, уый. Дӕ алы хуыныл дӕр хъуамӕ цӕхх уа. 14 Дунедарӕгӕн дӕ хоры сӕртӕй хойраджы хуын куы хӕссай, уӕд-иу ӕрбахӕсс фӕхты хост цӕкуытӕ — цъӕх ӕфсиртӕй. 15 Оливӕйы сой сыл ӕркӕн ӕмӕ сыл уӕлейӕ буд ӕрӕвӕр. Уый у хойраджы хуын. 16 Сауджын сойхӕццӕ цӕкуытӕн сӕ иу хай, стӕй буд ӕнӕхъӕнӕй басудзӕд, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у арты нывонд Дунедарӕгӕн. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia