Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Левит 19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


«Ут сыгъдӕг, Ӕз сыгъдӕг куыд дӕн, афтӕ»

1 Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕппӕт Израилы адӕмӕн зӕгъа:

2 «Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сыгъдӕг дӕн.

3 Алчидӕр уӕ нымайӕд йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды, ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.

4 Гуымирытӕм уе ’ргом ма здахут ӕмӕ уӕхицӕн джиппыуагъд гуымирытӕ ма аразут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.

5 Фидыды нывонд-иу Дунедарӕгӕн, барст ын куыд ӕрцӕуа, афтӕ ӕрхӕссут.

6 Йӕ дзидза йын хӕрын ӕмбӕлы, нывондӕн ӕй куы ӕрхӕссат, уыцы бон, стӕй дыккаг бон. Ӕртыккаг бонмӕ ма дзы цы баззайа, уый арты сыгъд ӕрцӕуӕд.

7 Ӕртыккаг бон ма исчи фидыды нывондӕй куы бахӕра, уӕд ӕй нӕ айстӕуыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы дзидза ӕнӕсыгъдӕг у.

8 Чи дзы бахӕра, уый уыдзӕнис азымджын, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы уаз хай фӕчъизи кодта; йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.

9 Уӕ зӕххы тыллӕг куы ӕфснайат, уӕд-иу уӕ хуымты кӕрӕттӕ ма ныккӕрдут, стӕй-иу, уӕ хуымы цы баззайа, уыдон дӕр ма ӕруидзут.

10 Уӕ сӕнӕфсир дӕр фӕстаг гагайы онг ма ӕртонут, зӕхмӕ дзы цы гагатӕ ӕрхауа, уыдон дӕр-иу ма ӕруидзут — мӕгуыртӕн ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕн сӕ ныууадзут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.

11 Ма давут, ма сайут, кӕрӕдзиуыл хинӕй ма цӕут.

12 Мӕ номӕй мӕнг сомытӕ ма кӕнут, науӕд уӕ Хуыцауы ном фегад кӕндзыстут. Ӕз Дунедарӕг дӕн.

13 Макӕй ӕфхӕр ӕмӕ макӕй стигъ. Де ’ххуырстӕн йӕ мызд райсоммӕ дӕхимӕ ма уром.

14 Къуырмайӕн ма кӕн йӕ фыдгой ӕмӕ куырмӕн йӕ фӕндагыл цӕлхдур ма ӕвӕр. Дӕ Хуыцауӕй тӕрс. Ӕз Дунедарӕг дӕн.

15 Раст тӕрхон ма сзыгъуыммӕ кӕн. Ма хъулон кӕн мӕгуыры ӕмӕ хъӕздыджы зӕрдӕ ма ’лхӕн — алкӕмӕн дӕр раст тӕрхон кӕн.

16 Дам-думтӕ ма хӕлиу кӕн дӕ адӕмы ’хсӕн ӕмӕ йӕ цард макӕмӕн аскъуын. Ӕз Дунедарӕг дӕн.

17 Дӕ зӕрдӕйы мидӕг де ’фсымӕрмӕ ӕнӕуынондзинад ма ӕмбӕхс. Ӕргомӕй йын бауайдзӕф кӕн, науӕд дӕхӕдӕг дӕр йӕ тӕригъӕдты азымджын фӕуыдзынӕ.

18 Дӕ адӕмӕй дӕ маст ма ис, хӕрамзӕрдӕйӕ макӕмӕ кӕс. Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ. Ӕз дӕн Дунедарӕг.

19 Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ: алыхуызон фосы мыггаг кӕрӕдзиимӕ ма хъазын кӕнут; дыууӕ хуызы мыггӕгтӕ ма таут уӕ хуымы; алыхуызон ӕндӕхтӕй конд дарӕс ма скӕнут уӕ уӕлӕ.

20 Искӕй усаг чи у, ахӕм цагъар сылгоймаджы йӕ мойаг нӕма балхӕдта, йӕ хицау дӕр ӕй нӕма ссӕрибар кодта, афтӕмӕй исчи йемӕ ӕмуат ӕрцыди, зӕгъгӕ, уӕд уыцы нӕлгоймаг йӕ тӕригъӕды тыххӕй ӕфхӕрд баййафӕд. Марын сӕ нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ сылгоймаг сӕрибар нӕу.

21 Йӕ азымы тыххӕй нӕлгоймаг Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕрбакӕнӕд фыс — Дунедарӕгӕн фиддоны нывондӕн.

22 Сауджын-иу ӕрхӕссӕд фиддоны нывонд ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз сӕххӕст кӕнӕд уыцы лӕгӕн йӕ тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ йын уӕд уыдзӕни барст.

23 Ханааны зӕхмӕ куы бацӕуат ӕмӕ уым дыргъбӕлӕстӕ куы ныссадзат, уӕд сын фыццаг ӕртӕ азы сӕ дыргътӕ нымайут нӕфӕтчиагыл, ма-иу дзы хӕрут.

24 Цыппӕрӕм аз дыргътӕ нымад ӕрцӕуӕнт уазыл — Дунедарӕгӕн бӕрӕгбоны хуыныл.

25 Дыргътӕ уӕ бон хӕрын уыдзӕни фӕндзӕм азӕй фӕстӕмӕ. Афтӕ куы кӕнат, уӕд уӕ бӕлӕсты бӕркад бирӕ уыдзӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.

26 Дзидза тугимӕ ма хӕрут. Дӕсны ма фӕрсут ӕмӕ кӕлӕнтӕ ма кӕнут.

27 Уӕ къӕмисӕнты хил ма ӕлвынут, стӕй уӕ зачъетӕ ма цыбыр кӕнут.

28 Мардыл кӕугӕйӕ, уӕ буар ма лыгтӕ кӕнут, мадӕр уӕхиуыл судзинӕй исты ныв кӕнут. Ӕз Дунедарӕг дӕн.

29 Ма фӕчъизи кӕн дӕ чызджы — хӕтыныл ӕй ма бафтау, науӕд зӕхх фӕчъизи уыдзӕн хъахбайдзинадӕй ӕмӕ байдзаг уыдзӕн ӕлгъаг мийӕ.

30 Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ кад кӕнут Мӕ Уаз Цӕрӕнӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн.

31 Мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм ма цӕут, цӕмӕй уӕхи ма фӕчъизи кӕнат. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.

32 Урссӕрӕн-иу сыст ӕмӕ хистӕрӕн кад кӕн. Тӕрс дӕ Хуыцауӕй. Ӕз — Дунедарӕг.

33 Уӕ зӕххыл ӕрцӕуӕггагӕй чи цӕра, уыдоны-иу ма ӕфхӕрут.

34 Цыма бынӕттон цӕрджытӕ сты, ахӕм цӕстӕй сӕм кӕсут. Уарзут сӕ, уӕхи куыд уарзут, афтӕ. Рох уӕ ма уӕд, уӕхӕдӕг дӕр Мысыры зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ кӕй уыдыстут, уый. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.

35 Дӕргъ, уӕз кӕнӕ бӕрцуат баргӕйӕ, макӕй фӕливут.

36 Уӕ тӕраз, уӕ барӕн дуртӕ, уӕ барӕн ефӕ ӕмӕ уӕ барӕн гин раст барӕнт. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй уӕ Чи ракодта, Уый.

37 Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнут. Ӕз Дунедарӕг дӕн».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan