Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Левит 18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Ӕрдон ӕнахъинондзинӕдты тыххӕй фӕдзӕхстытӕ

1 Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа:

2 «Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.

3 Кӕм цардыстут, уыцы Мысыры, стӕй, кӕдӕм уӕ кӕнын, уыцы Ханааны хъуыддӕгтӕ дӕр ма бафӕзмут. Се ’гъдӕуттыл сын ма ныххӕцут.

4 Мӕ амындтытӕ ӕмӕ Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын ӕххӕст кӕнут: Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.

5 Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ, уымӕн ӕмӕ, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уый цӕрдзӕни сӕ фӕрцы. Ӕз Дунедарӕг дӕн.

6 Хӕстӕг уын чи ӕййафа, ахӕм сылгоймагмӕ уӕ мачи бавналӕд, мачи ӕрӕмуат уӕд йемӕ: Ӕз Дунедарӕг дӕн.

7 Ма ӕрӕмуат у дӕ мадимӕ — уымӕй дӕ фыды фегад кӕндзынӕ. Уый дӕ мад у, ма ӕрӕмуат у йемӕ.

8 Ма ӕрӕмуат у дӕ фыды бинойнагимӕ — уымӕй дӕ фыды ӕгад кӕныс.

9 Ма ӕрӕмуат у дӕ хоимӕ, фыд кӕнӕ мадӕй иу кӕимӕ стут, уыимӕ — иу хӕдзары райгуырдыстут ӕви нӕ, уый уӕлдай нӕу. Ма ӕрӕмуат у йемӕ.

10 Ма ӕрӕмуат у дӕ фырты чызг кӕнӕ дӕ чызджы чызгимӕ. Ма ӕрӕмуат у семӕ — уымӕй дӕхи ӕгад кӕныс.

11 Ма ӕрӕмуат у, дӕ фыдӕй йын чи райгуырди, дӕ фыды бинойнаджы уыцы чызгимӕ — уый дӕ хо у.

12 Ма ӕрӕмуат у дӕ фыды хоимӕ — уый дӕ фыдӕн йӕ туг, йе стӕг у.

13 Ма ӕрӕмуат у дӕ мады хоимӕ — уый дӕ мадӕн йӕ туг, йе стӕг у.

14 Дӕ фыды ’фсымӕры ма фегад кӕн — ма йын бавнал йӕ усмӕ. Уый дӕ хион у.

15 Ма ӕрӕмуат у дӕ чындзимӕ — уый дӕ фырты ус у, ма ӕрӕмуат у йемӕ.

16 Ма ӕрӕмуат у де ’фсымӕры усимӕ — уымӕй де ’фсымӕры ӕгад кӕныс.

17 Ма ӕрӕмуат у сылгоймаг ӕмӕ йӕ чызгимӕ, ма ӕрӕмуат у сылгоймагӕн йӕ цоты чызджытимӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон уыцы сылгоймагӕн йӕ туг, йе стӕг сты — уый ӕлгъаг ми у.

18 Дӕ усы хойы ма ракур, дӕ усы удӕгасӕй ма ӕрӕмуат у йемӕ.

19 Сылгоймагмӕ йе ’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг ма бавнал, уымӕн ӕмӕ уыцы бонты ӕнӕсыгъдӕг у.

20 Ма ӕрӕмуат у искӕй усимӕ, науӕд дӕхи фӕчъизи кӕндзынӕ.

21 Дӕ цотӕй Молохӕн макӕй снывонд кӕн, ма фегад кӕн дӕ Хуыцауы ном. Ӕз Дунедарӕг дӕн.

22 Сылгоймагимӕ ӕмуат куыд ӕрцӕуынц, афтӕ нӕлгоймагимӕ ӕмуат ма ӕрцу — уый ӕлгъаг ми у.

23 Ма ӕриу у фосимӕ, дӕхи ма фӕчъизи кӕн. Сылгоймаг дӕр фосы бын ма ’рхуыссӕд — уый ӕлгъаг ми у.

24 Ахӕм хъуыддӕгтӕй уӕхи ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕй сӕхи фӕчъизи кодтой, Ӕз уӕ цурӕй кӕй сурын, уыцы адӕмтӕ.

25 Уыдоны тыххӕй зӕхх фӕчъизи ис. Ӕз зӕххӕй дзуапп ӕрдомдтон йӕ тӕригъӕды тыххӕй, ӕмӕ йӕ цӕрджыты расхуыста йӕхицӕй.

26 Фӕлӕ сымах ӕххӕст кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ. Ахӕм ӕлгъаг митӕ сымахӕй мачи кӕнӕд, фӕнды израилаг уа, фӕнды уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг,

27 уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ кодтой, ацы зӕххыл уӕ размӕ чи царди, уыцы адӕм, ӕмӕ зӕхх фӕчъизи ис.

28 Уӕдӕ ацы зӕхх куы фӕчъизи кӕнат, уӕд уӕ йӕхицӕй расхойдзӕн, уӕ размӕ дзы чи царди, уыцы адӕмты куыд расхуыста, афтӕ.

29 Уыцы ӕлгъаг митӕ чидӕриддӕр кӕна, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.

30 Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын ӕххӕст кӕнут — ма бафӕзмут, уӕ размӕ ам цы ӕлгъаг ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, уыдон, науӕд фӕчъизи уыдзыстут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan