Левит 17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстФӕдзӕхстытӕ туг суадзыны тыххӕй 1-2 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фехъусын кӕн Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, стӕй ӕппӕт израилӕгтӕн: Дунедарӕг уын фӕдзӕхсы: 3 исчи уӕ рӕсӕнуаты мидӕг, науӕд уый ӕдде стур, фыс кӕнӕ сӕгъ куы аргӕвда, 4 Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ куынӕ ӕрбакӕна ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы цӕрӕны раз нывондӕн куынӕ ӕрхӕсса Дунедарӕгӕн, уӕд уыцы адӕймаг азымджын фӕуыдзӕн: туг ныккалдта, ӕмӕ йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн. 5 Уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ нырӕй фӕстӕмӕ сӕ нывондӕгтӕ быдыры мауал ӕргӕвдӕнт, фӕлӕ-иу сӕ ӕрбакӕнӕнт Дунедарӕджы размӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, сауджынмӕ, ӕмӕ-иу сӕ Дунедарӕджы номыл фидыды нывондӕн аргӕвдӕнт. 6 Сауджын-иу нывонды тугӕй Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз Дунедарӕджы нывондхӕссӕныл бапырх кӕнӕд, сӕ фиутӕ та-иу сын басудзӕд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн. 7 Цы цӕуӕнгӕс дӕлимонтимӕ хӕтынц, уыдонӕн мауал хӕссӕнт нывӕндтӕ. Уый сын уӕд мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. 8 Зӕгъ сын: израилӕгтӕй ӕмӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи иууылсудзинаг кӕнӕ ӕндӕр исты нывонд куы хӕсса 9 ӕмӕ, Дунедарӕджы номыл хаст нывондӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ йӕ нывондаджы Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цурмӕ куынӕ ӕрбакӕна, уӕд уыцы адӕймаг йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн. Дзидза тугимӕ хӕрӕн нӕй 10 Израилӕгтӕй кӕнӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи йӕхи туджы хъӕстӕ куы фӕкӕна, уӕд ӕй Ӕз мӕ азары хай бакӕндзынӕн, хъодыгонд ӕй фӕкӕндзынӕн йӕ адӕмы ’хсӕнӕй, 11 уымӕн ӕмӕ алы цӕрӕг удӕн дӕр йӕ цард йӕ туджы ис, ӕмӕ Ӕз туг снысан кодтон нывондхӕссӕнӕн, цӕмӕй-иу йӕ фӕрцы ссыгъдӕг уат уӕ тӕригъӕдтӕй. Цард туджы ис, ӕмӕ тӕригъӕдтӕ барст йӕ фӕрцы цӕуынц. 12 Ӕз израилӕгтӕн уый тыххӕй бафӕдзӕхстон: сымахӕй дӕр ӕмӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй дӕр туджы хъӕстӕ мачи фӕуӕд. 13 Израилӕгтӕй, науӕд се ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи цуаны, йӕ фыд хӕрын кӕмӕн ӕмбӕлы, ахӕм сырд кӕнӕ маргъ куы амара, уӕд-иу ын йӕ туг рауадзӕд ӕмӕ-иу туг сыджыты бын фӕкӕнӕд, 14 уымӕн ӕмӕ алы цӕрӕг удӕн дӕр йӕ цард йӕ туджы ис, ӕмӕ Ӕз израилӕгтӕн бафӕдзӕхстон, цӕмӕй тугимӕ мацы фыд хӕрой. Алы цӕрӕг удӕн дӕр йӕ цард йӕ туджы ис, ӕмӕ, тугимӕ чидӕриддӕр бахӕра, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн. 15 Хӕдмӕл фосы кӕнӕ, сырдтӕ кӕй ныттоной, уымӕн йӕ фыд чидӕриддӕр бахӕра — израилаг уа ӕви ӕрцӕуӕггаг — йӕ дарӕс-иу ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг, уый фӕстӕ ссыгъдӕг уыдзӕн. 16 Йӕ дарӕс куынӕ ныхса ӕмӕ йӕхи куынӕ цынайа, уӕд та уыдзӕнис азымджын». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia